XX-æм æнусы 20-æм азты Хуссар Ирыстоны советон хицауад куы сфидар, уый фæстæ райдыдтой аразын фыццаг зонадон центр. Уымæн бындур æрæвæрдта афтæхуыйнæг «Литературон æхсæнад». Номхуындæй, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад уæд æрæвæрдта зонады паддзахадон бындурыл.

Мидисмæ гæсгæ зонадон центры арæзт цыд афтид бынаты — Хуссар Ирыстон бынысыгъд  æрцыд, æмæ ирæттæ та Кавказы хохы рæгътыл, бынтон скуынæг кæнынæй сæхи ирвæзын кæнгæйæ, лыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. «Литературон æхсæнад» æмбырд кæнын райдыдта, иртасæн куыстытæ кæнын сæ бон кæмæн уыдаид, ахæм кадртæ. «Æхсæнад» саразынмæ чи æрæвнæлдта, уыцы æмархайджыты ‘хсæн уыд йæ организатортæй сæ иу — Тыбылты Алыксандр дæр.

Уыцы уæззау рæстæджы, материалон æмæ интеллектуалон бындур, финансон фæ-рæзтæ куынæ уыд, ахæм уавæрты Тыбылты Алыксандр æмæ «Литературон æхсæнад»-мæ бацæуæг зонадон кусджытæ æрæвнæлдтой ныппырхгонд бæстæйы экономикон æмæ монон æндидзынадмæ.

Зонадон центры архайды азты Тыбылты Алыксандр зындгонд сси куыд ирон рухстауæг, ахуыргонд, ирон æвзаджы, йæ лингвистикæ, орфографийы размæгæнæг, куыд ирон зонадон хъуыдыйы организатор, афтæ. Зонадон центрæн бындур æрæвæрыны бонæй фæстæмæ уый слæууыд сæрмагонд терминологон къамисы сæргъ.

Фыццаг рабадты æвæрд æрцыд фарст иугонд ирон литературон æвзаджы тыххæй. «Литературон æхсæнад» (фæстæдæр — бæстæзонæн институт) кодта стыр куыст ацы проблемæйы фæдыл. Æмæ 1925 азы æвзонг иртасæг æрбавдыста йæ фыццаг зонадон куыст — «Ирон æвзаджы æппæт къабæзтæн иугонд литературон æвзаг». Зонадон центры Тыбылты Алыксандр слæууыд историон-культурон хайады сæргъ. Æмæ уыцы рæстæджы афтæхуыйнæг культурон революцийы уавæрты æппæт бæстæйы райдыдта фыссынады латинизаци. Тыбылты Алыксандр активон хайад иста бæстæйы æмæ æхсæнобластон алыгъуызон конференциты, æмбырдты, ралæууыд-иу докладтимæ ирон терминологи, орфографи, ахуырадон системæйы ирон æвзаг ныббиноныг кæныны, терминологон дзырдуæттæ саразыны æмæ æвзаджы æндæр проблемæты фæдыл.

Фыссынад латинаг графикæмæ кæй ракодтой, уый бирæ азтæм бафæстиат кодта ирон адæмы культурон рæзты. Тыбылты Алыксандр хайад иста бирæ тюркологон съездты æмæ иумиаг проблемæйы фæдыл басæтгæйæ, нымадта афтæ, зæгъгæ, ирон адæм цыдысты раст фæндагыл, латиницамæ рахизгæйæ. Æмæ ирæттæн та алфавиты реформæ, растдæр зæгъгæйæ, уыд рæдыд къахдзæф, латинизаци пайда уыд, арабаг графикæ кæмæн уыд, уыцы адæмтæн. Тыбылты Алыксандр æххæст кодта институты советы  алыгъуызон хæслæвæрдтæ дзырдуæттæ, проекттæ саразыны, орфографи, терминты нормæтæ бакусыны фæдыл. Систематикон æгъдауæй ацы фарстытыл уынаффæ кодтой Цæгат Ирыстоны бæстæзонæн институтимæ. Ахуыргонд активон хайад иста институты кусæгон плæнттæ саразыны, зонад-иртасæн куыстæн нывæзт аразыны хъуыддаджы.

Институты зонадон куыстыты фыццаг æмбырдгондмæ бахаст æрцыд советон хицауад сфидар кæныны 10 азы æмæ институты зонадон архайды 10 азы сæххæсты боны цытæн Тыбылты Алыксандры уац, цыран хатдзæгтæ арæзт æрцыдысты институты кусджыты зонадон басгæрстытæн.

1931 азы институты терминологон къамис Тыбылты Алыксандры къухдариуæгадæй бацæттæ кодта дзырдуат «В помощь коренизаци советского аппарата и школ»-ы дыккаг том. 30-æм азты институты кусджыты иртасæн куыстыты ‘хсæн уыд йæ уац «Литературæ æмæ лингвистикæ» дæр.

Алыварсон уыд зонадон центры Тыбылты Алыксандры архайд. Советы йæ ралæудтыты уый растæй хъусдард здæхта æппæт зонадон тыхты (музейты, архивты æмæ æндæрты) æрбаиу кæныны æнæмæнгхъæуындзинадмæ, афтæ ма иртасæн экспедицитæ дæр, кæцыты куыст, йæ хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ уа бæстæзонæн институты иу иумиаг къухдариуæгады бын, æмæ сæ организаци æвæрд æрцыд зонадон центрыл. Уый растыл нæ нымадта, зонадон центрты, афтæ ма зонадон экспедициты хицæн куыстытыл институтимæ уынаффæ  кæй нæ кодтой, уый дæр, «кæцыйæн нæй гæнæн æмæ уа зонадон хъуыдыйæ иуварс». Йæ куырдиатмæ гæсгæ ацы фарст æвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны ЦÆК-ы раз.

Тыбылты Алыксандр уыд Хуссар Ирыстоны фыццаг картæтæ саразыны фæдыл къамисы сконды. Уый иу æмæ дыууæ хатты нæ ралæууыд уыцы азты проблемон докладтæ, уацтæ, цымыдисон хъусинæгтимæ «Алфавитты унификацийы тыххæй», «Ныббиноныг кæныны тыххæй», «Ирон орфографийы тыххæй», иумиагæй мадæлон ирон æвзаджы арæзты тыххæй.

Тыбылты Арсены фырт Алыксандр у зынгæ рухстауæг, фыццаг зонадон центры организатортæ æмæ аразджытæй иу, уымæн ирон æвзаджы æмæ иумиагæй ирзонынады рæзты йæ лæггæдтæн саргъгæнæн дæр нæй. Уый у уникалон гоймаг, æмæ йæ хъуамæ зоной æмæ йæ сæ зæрдыл дарой фæлтæртæ.

ДЖИОТЫ Евгения, историон зонæдты доктор, профессор

Наверх