Гуырдзыстоны фашизмы ныхмæ тохы уаргъ хастой Хуссар Ирыстоны сылгоймæгтæ дæр.  «Фидæны номыл сылгоймæгты лигæ»-иу кæны активон цардуагон позицийыл хæст сылгоймæгты, амалиуæггæнджыты, æмкъæйтты, мæдты, сæ фыртты æмæ сæ лæгты чи фесæфта гуырдзиаг агрессортимæ тугкалæн тохты 1989-92, 2004 æмæ 2008 азты.

«Растдæр сылгоймæгтæ сты иууыл ахсджиагдæр цæг нæ царды рæхысы, уыдон руаджы нæ республикæйы къухы æфтынц дзæвгар æнтыстытæ. Мæн тынг фæнды, цæмæй 2017 азы уæ бæллицтæ сæххæст уой, æмæ цæмæй ацы аз нæ сылгоймæгтæн се ‘ппæтæн дæр æмæ æгас ирон адæмæн уа ноджы æнтыстджындæр», — загъдта Тыбылты Леонид.

Дохтыр æмæ зарæггæнæг Биазырты Аллæ ацы арфæ æнæ дзуаппæй нæ ныууагъдта: «Царды иууыл ахсджиагдæр сты сабырад æмæ стабилондзинад. Райсом куы сыхъал вæййæм, уæд мах рацæуæм сыгъдæг уынгтæм, уынæм рæсугъд газонтæ, дидинджытæ, хур нæм худы æмæ нæ зæрдæтæ ницæмæ ‘хсайынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый у Тыбылты Леониды хисæрмагонд лæггад. Бузныг Уын алцæй тыххæй дæр!»

Сылгоймæгты лигæйы сæрдар Зассеты Жаннæ загъта: «Абон махмæ и фидыдад, гом кæнынц спортивон фæзуæттæ, сылгоймæгтæ, сæ сывæллæтты æмæ сывæллæтты сывæллæтты хæдзары ныууадзгæйæ, ам æрæмбырд вæййынц æмæ Тасойты Игыры зарджытæм хъусынц. Уый нысан кæны, мах сабыр æмæ хæрзæркаст бæстæйы кæй цæрæм. Уый у уыцы адæмы лæггад, чи амайы хæдзæрттæ, чи аразы фæндæгтæ, чи гом кæны рæвдауæндæттæ. Мах Цхинвалы уынгты бæрзонд каблуктыл цæуæм æмæ нæ зæрдæ райы сабиты худынмæ – ахæм у ныр уалдзæг Хуссар Ирыстоны».

Наверх