Уый уыд, ирон адæмæй дунейы иууыл номдзыддæр чи ссис, ахæм легендарон ахуыргонд. Æрмæст йæ хъысмæт æгæр цымыдисаг уыд, алыгъуызон цæстæнгасæй йын кастысты йæ ирондзинадмæ дæр йæ туг, йе стæг адæм. Чидæртæ йæ хуыдтой уæйгæнæг, Райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй рацæуæг дæр. Афтæмæй та уый æппæтæй æнувыддæр уыдис йæ ирондзинадыл, йе стыр номæй афтæ нæ буц кодта йæхи, ирон лæджы ном кæй хаста, уымæй куыд сæрыстыр уыд.

Лондоны чи рацыд, уыцы чиныг «Who is who»-йы кæсæм:

«Зæххы къорийыл цæрæг адæм Мæйыл æрбадынмæ фæндаг нæ зыдтой, стæй фæстæмæ раздæхын дæр, цалынмæ сын æй ирон нæ бацамыдта, уæдмæ…»

«Независимая газета» та 2005 азы (№ 15-16) афтæ фыста:

«Ацы адæймаджы ном зоны æгас дуне дæр, йæ Райгуырæн бæстæ Советон Цæдисæй фæстæмæ. Афтæмæй уый у, „Меркури“ æмæ „Аполлон“-ы проектыл чи куыста, уыцы ахуыргæндтæй иу, стæй „Конкорд“-ы проекты автор. 1973 азы йын америкæйаг астронавттæ Мæйыл сæвæрдтой йæ портрет Вернер фон Брауны портретимæ иумæ».

Уый — Токаты Ахмæты фырт Гогки райгуырди Цæгат Ирыстоны Сечеры хъæуы. 1937 азы каст фæци Мæскуыйы Жуковскийы номыл хæстон-уæлдæфон академи, æмæ йæ уым баурæдтой — аэродинамикæйы лабораторийы кусæгæй. Йемæ куыстой Сергей Илюшин, Артем Микоян, Борис Стечкин æмæ æндæр зынгæ конструктортæ, ахуыргæндтæ. 1945 азы Сталины амындæй Берлинмæ æрвыст æрцыди сæрмагонд Паддзахадон къамис. Йæ хæс — хæдтæхджытæ æмæ ракетæтæ аразыны фæдыл трофейон документаци æмбырд кæнын æмæ иртасын. Уыцы къамисы уыди Гогки дæр.

Токаты ахуыргонд, раст лæг уæвгæйæ, цыдæр хъуыддæгты разы нæ кодта Берияйы хæдивæг Серовимæ. Уыйадыл æм уыцы фыдлæг схæрам æмæ йын йæ размæ алы цæлхдуртæ æвæрын байдыдта. Берияимæ цыдæр сусæгвæнд кæй кæнынц йæ ныхмæ, уый бамбæрста Гогки. Уымæ гæсгæ хæстон-уæлдæфон тыхты хистæр афицер Токайы-фыртæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ 1947 азы Берлины англисаг сектормæ йæхи айста æд бинонтæ. Царди æмæ куыста Лондоны. Амарди 2002 азы. Дауыраты Дамир Гогкийы цард æмæ куысты тыххæй ныффыста документалон уацау «Ироны портрет Мæйыл».

Уым кæсæм: «Токаты Георги (Гогки) 50-æм азты кæрон куыста Америчы Иугонд Штатты… 1961 азы йæм Англисы хицауад арвыстой сæрмагонд делегаци, йæ сæргъы бæстæйы Хъахъхъæнынады министр Литон Доэд æмæ нефты кампанийы директор лорд Томсон Оливер. Уыдон ын загътой сæ фæндон: бæстæйы разамынд дæ куры, цæмæй ды фæстæмæ раздæхай æмæ Крайфильды университеты бындурыл разамынд дæттай ракетон техникæйы сæрмагонд институт саразынæн. Æмæ Гогки фæстæмæ Англисмæ ацыд».

Университет ис сабыр æмæ нарæг уынг Сити Джони Страты. Дамиры мысинæгтæм гæсгæ уым сæмбæлдысты, Гогки кæимæ фæкуыста, уыцы профессортæ æмæ, йæ номыл ам цы сæрмагонд стипенди ис ныр цалдæр азы, уый чи иста, уыцы студенттимæ. Фембæлд кæм хъуамæ уыдаид, уыцы аудиторийы цур сæ Гогки баурæдта, къулы цурмæ сæ бакодта æмæ загъта: «Мæнæ кæсут, ам ауыгъд ис, абон нæм чи ахуыр кæны, уыдоны нæмттæ æмæ мыггæгтæ фыст кæм ис, уыцы стенд, бакæнынц æй алы азы райдианы дæр…

Сæмбæлдзыстут дзы алыхуызон мыггæгтыл Америкæйæ, Германæй, Шотландийæ, Испанийæ… Æрмæст дзы ирон мыггагыл нæ сæмбæлдзыстут. Уыцы традици цæй æмæ иумæ фехалæм»… Æмæ æнкъард худт бакодта.

Уырдыгæй фембæлды фæстæ асинтыл ныххызтысты зæххы бынмæ.

— Афтæ уæм кæсæд, цыма ныртæккæ сымах стут ирон лабораторийы, — сæрыстырæй сын дзырдта Гогки, — мах ам ме ’ххуысгæнджытимæ фæлтæрæнтæ скодтам, Мæйыл чи æрбадт, мæхæдæг кæй сарæзтон, уыцы аппарат «Аполлон» æмæ зындгонд хæдтæхæг «Конкорд»-ы фылдæр хæйттæн. Мæнæ ам цыдæриддæр уынут, уыдон иууылдæр сарæзтой мæ хахнывтæм гæсгæ, мæ размæ ахæмæй ам ницы уыд… Уæ зæрдыл æй бадарут: «дунейы адæмтæ уæлæ Мæймæ фæндаг нæ зыдтой, цалынмæ сын æй Ирон нæ бацамыдта, уæдмæ…»

Фæстæмæ дæр та зæххы бынæй ссыдысты уыцы асинтыл, æмæ сæ бакодта иу стыр райдзаст залмæ — æртæсæдæйы бæрц дзы къæлæтджын бандæттæ æвæрдуыд, бæрзонд æмæ уæрæх сценæ дзы нарæг даргъ стъолимæ, йæ цуры та уæззау хъæдын трибунæ цалдæр микрофонимæ. Дамир æм схызт, не стыр æмзæххон арæх кæцæй фæдзуры, йæ сыгъзæрин армытъæпæнтæ кæм æрæвæры, æз дæр уыцы бынаты алæууон, зæгъгæ.

«Стæй цыппарæй дæр залы раззаг рæнхъыл фæрсæй-фæрстæм æрбадтыстæм, æмæ та Гогки мæ куырдиатмæ гæсгæ махæй йæ адджын мысинæгтæ нæ бамбæхста, нæ цымыдис фарстатæн нын зæрдиаг дзуаппытæ лæвæрдта.

— Мæ лæмæгъдзинадыл мын-иу æй ма банымайут, — райдыдта йæ ныхас Гогки, — фæлæ иу хатт æз ацы залы мæ цæссыгтæ нал баурæдтон… Ацы зал Англисы мыхуыры фæрæзтæ мæ номыл схуыдтой. Цæй тыххæй?.. 1972 азы америкæйаг астронавттæ, æз кæй сарæзтон, уыцы аппарат «Аполлон»-ыл Мæйыл æрбадтысты. Фæстæмæ куы раздæхтысты, уæд сын Америчы Иугонд Штатты хицауад радта сæрмагонд хæдтæхæг, рагацау мæм æрдзырдтой, фæцæуæм дæм, зæгъгæ, æмæ мæнæ ацы залы сæмбæлдыстæм. Уый дæр историон фембæлдыл банымадтой. Бирæ адæмы астæу мын уыдон арфæйы ныхас загътой, мæнæй æппæлынæй нал æмæ нал æнцадысты… Æз ма уæд мæ тæккæ лæгæй уыдтæн, фæлæ æрлæмæгъ дæн, мæхи нал баурæдтон…»

Скъуыддзаг Токаты Гогкийы чиныг «Æмбал ИКС»-æй (англисаг æвзагæй тæлмацгонд):

«Иу изæр æрбаздæхтæн Потстдамæй. Уыцы рагон горæты æз архайдтон Трумэн, Черчилль æмæ Сталины фембæлды. Æз ма уæд цардтæн, раздæр кæм æрбынат кодтон, уыцы дыууæуæладзыгон хæдзары Югерштрассе, 25-ы. 12 уаты уыдысты ме ’вджид, аив хæдзары дзаумæттæй — йедзаг, уæрæх æмæ райдзаст рудзгуытæ сын. Горæты комендант инæлар-майор Федотов мын хъазæн ныхас дæр ма загъта:

— Цард æрцыд æмæ дæуæн, кæм федтаис ахæм уавæртæ, зæххон дзæнæты бахаудтæ…

Мæ машинæйæ куы рахызтæн, уæд хæдзары ныккæнды рухс куыд ахуыссыд, уый федтон. Чи дзы хъуамæ уа? Асинтыл бынмæ нызгъордтон, дуар бахостон, уырыссагау, стæй та немыцагау сдзырдтон. Уым мыл баууæндыдысты, дуар байгом. Мæ цуры лæууыдысты тарст сылгоймаг, гыццыл лæппу æмæ чызг ын йæ куатæйы кæрæттыл ныддæвдæг сты. Исчи ма дзы хъуамæ уа? Сæ цæстытæ мын дзырдтой: ис ма дзы. Æз мидæмæ бахызтæн, хъуамæ мæхи хъахъхъæдтаин, фæлæ цæмæндæр мæ дамбаца фæстæмæ сæвæрдтон.

— Герр афицер, дæ хорзæхæй, ма нæ амар, — кæуынхъæлæсæй дзырдта сылгоймаг.

— Герр афицер, нæ мады нын ма фехс! — цъæхахст кодтой сывæллæттæ.

Æз дзыхълæуд æркодтон, ныккастæн сæм, тынг фæдис кодтон:

— Афтæ уæм цæмæн кæсы æмæ уæм марынмæ æрбацыдтæн?

— Сымах ныл фæуæлахиз стут, — загъта бынмæ кæсгæйæ сылгоймаг.

Мидæггаг дуар байгом æмæ дзы хъавгæ рахызт мæ карæн æнæдаст нæлгоймаг, йæ рахиз къух бинтæй баст.

— Ай уæ хæдзар у? — бафарстон æй æз.

— Нæу, — загъта нæлгоймаг, — нæ хæдзарыл бомбæ æрхаудта. Ам сусæгæй æрбынатон стæм.

— Ма тæрсут, ам уал ацæрут, — загътон ын æз.

— Æцæг зæгъыс, марынмæ нæм не ’рбацыдтæ? — скатай сылгоймаг. — Уæдæ афтæ куы дзурынц, уырыссаг афицертæ бирæты марынц, зæгъгæ.

— Се ’ппæт марджытæ не сты. Стæй æз уырыссаг нæ дæн, æз кавказаг дæн.

— Фыццаг хатт уынын уырыссаг кавказаджы, — ныддис кодта лæг.

— Æз уырыссаг кавказаг нæ дæн, æз хуымæтæг кавказаг дæн.

Иу дзырдæй, æрсабыр сæ кодтон. Лæджы хуыдтой Кехерманн, уыди биологон зонæдты доктор, хæцыдис нæ ныхмæ. Цалдæр хатты мын лæгъстæгæнгæ дзырдта:

— Æз аххосджын нæ дæн…

Куы бацыдтæн, уæд æнхъæлдта, маргæ йæ кæндзынæн, зæгъгæ, фæлæ йæ фæндыд йæ ус æмæ йæ сывæллæтты фервæзын кæнын.

«Цæмæн нæ хъуыдис, адæмы ахæм тас чи бауагъта, уыцы уæлахиз?» — хъуыды кодтон æз. Зæгъын, æз уæм марынмæ не ’рхызтæн, мæ хæдзары ныккæнды чи æмбæхсы, уый бæрæггæнæг æрхызтæн. Уыдтон æй: æрæууæндыдысты мыл. Бамбарын сын кодтон: цалынмæ æз ам цæрон, уæдмæ сымах дæр цæрут. Иу дзырдæй, æз уыцы ныккæнды нæхи уырыссæгтæй дæр, стæй немыцæгтæй дæр æмбæхстон, мах ныхмæ чи хæцыд, ахæм ахуыргонд лæджы. Æрæджиау, ома, нæ Уæлахизы фæстæ мæм йæ бафхæрын раст нæ касти. Дыууæ боны фæстæ мæ къæбицы бафиппайдтон мæ хæринæгты паек къаддæрæй-къаддæр куыд кæны, уый: нæ цыппарæн уыдон фаг нал кодтой. Горæты комендант инæлар Федотовмæ комкоммæ бацыдтæн, зæгъын, дыууæ къуырийæн мын уæлæмхасæн продукттæ рафыссут.

— Цæмæн? — тызмæгæй мæ бафарста уый.

Æз ын хабар радзырдтон.

— Сывæллæттæ сты?.. Советон эмигранттæ?

— Иутæй дæр нæ æмæ иннæтæй дæр.

— Власовы хъузæттæй?

— Нæ, æмбал инæлар. Немыцæгтæ сты…

— Ды æмбарыс, цы кусыс, уый? — мæстыхуызæй дзырдта мæ хæлар инæлар, — немыцæгты æфсадыны хæс ныл нæй.

— Дæуæн дæр æмæ мæнæн дæр ис уыдоны халдих сывæллæттæ, — сабырæй йæм дзырдтон æз, — дыууæ æнахъом немыцаг сабийы æххормагæй куыд хъуамæ ныууадзон, цавæр Хуыцау мын æй ныббардзæн? Стæй, æмбал инæлар, Советон Цæдис уымæй мæгуырдæр нæ фæуыдзæн, мæнæн та ме уæхсчытæй уæззау уаргъ ахаудзæн, искуы сыгъдæг зæрдæимæ амæлдзынæн…

Инæлар, æцæг советон патриот, сырх къарандас райста, хæринæгты уæлæмхасæн хай та мын рафыста. Дыууæ къуырийы фæстæ мын мæ цæрæнбынат хъуыди баивын Берлины æндæр районмæ. Афтæ домдта мæ куыст. Уый сын куы загътон, уæд катайы бацыдысты, ныллæгъстæ мын кодтой, баххуыс нын кæн, зæгъгæ. Мæнæн æндæр гæнæн нæ уыд. Мæ машинæйæн уыди сæрмагонд гæххæтт, кæцымæ гæсгæ мæнæн цæуыны бар уыдис Берлины алырдæм дæр, никуы мæ урæдтой, никуы мын кастысты мæ документтæм. Раздæр уал лæджы аластон Ныгуылæн Германмæ, стæй йыл сæмбæлын кодтон йæ ус æмæ йæ сывæллæтты. Фæстæдæр мын ме ’мбæхст ахуыргонд цыдæр хъуыддаджы баххуыс кодта…

…Æз ам мæ сабыр уынджы мæ фæрныг хæдзары æхсæв мæ сæр базыл куы æрæвæрын, мæ цæстыхаутæ кæрæдзиуыл куы аныдзæвынц, уæд арæх æрымысын Ирыхъæу. Уырдæм-иу мæ каистæм куы ссыдтæн, уæд-иу къуыбырæй кастæн митсæр Хъазбеджы хохмæ. Цыдæр тых мæ-иу бауагъта, цыдæр ныфс-иу мын радта балцы размæ… Фæстæмæ-иу куы раздæхтæн, уæд-иу мæнæй амондджындæр ирон лæгæй нал уыд. Ставд Дурты алыварс æрдз мемæ ис ам, æз æнæ уымæй цæрæг уд нæ уаин. Арæх æрымысын, Æрæфы доны фыццаг хатт кæсаг куыд æрцахстон, уый, йæ уд мын куы систа, уæд мæхи кæуынæй мардтон. Иннæ хатт та скуыдтон, Змейкæйы фале суадон куы скъахтон æмæ мын дыккаг бон куы бахус, уæд… Мæнмæ-иу хорз кастис ауындзгæ хидыл Терчы сæрты Елхотмæ бахизын. Никуы мæ ферох уыдзæн, 1932 азы Ленинградæй куы ссыдтæн, уыцы бон. Уыдтæн æрыгон, хъарутæ æмæ алыхуызон идеалтæй йемыдзаг, уыцы азты Сталины йедтæмæ мæ зæрдæ йæхимæ æмгæрон дæр никæй уагъта, мæ тракторы сæрмæ-иу дымгæмæ фæйлыдта сырх тырыса нæ фæтæджы хуызимæ, хуым кодтон, хор карстон, мæ бæгъæввад къæхтæ тæвд æфсæйнагыл сыгъдысты… Æз та уæд уыцы ауындзгæ хидыл Терчы сæрты Елхотмæ бацыдтæн, æмæ мæхи зæрдæ дæр ныммæгуыр уымы уынгты уæды мæгуырдзинадæй. Мæрдты кæм ис, уым ма схъæрзæд, ныббарæд мын æй, фæлæ уæд æз фыццаг хатт æвзæр ахъуыды кодтон Сталинæй… Суанг ма дзы куыйты бон дæр нæ уыд мæ фæдыл срæйын фырæххормагæй. Мæ фынты мæм уыцы нывтæ арæх раздæхынц фæстæмæ.

Арæх æрымысын хъæу Александровскæ, уæд афтæ хуынди, Ставд Дурты цæгатфарс. Уым иу хъазахъхъаг чызджы уарзтон æмæ-иу ын тракторыл сырх тырысайы фарсмæ быдираг дидинджыты баст нылластон… Æз-иу арæх уыдтæн Æрхонкæйы станицæйы дæр, йæ хæдзар уым уыд, трактор скъæрын мын чи бацамыдта, мæ уыцы ахуыргæнæг Белокудрий, æз сын йæ цæрджыты цардыуагыл сахуыр дæн, сæ хæринæгтæ сын бауарзтон. Ам, Лондоны, ис дукани, уæй дзы кæнынц æнахуыр хæринаг, хуыйны пиццахан. Æз æм сæрмагондæй ацæуын, балхæнын дзы, æмæ та мæ цæстытыл ауайынц Æрхонкæйы хъазахъхъæгтæ сæ диссаджы зæлланггæнаг ныхасыхъæдимæ хуымы астæу… Мæхицæй не ’ппæлын, фæлæ-иу мын уыцы азты æхсызгон уыди, фæллойы хъазуатон мæ-иу куы хуыдтой, уæд. Ныртæккæ дæр ма мын куы вæййы æхсызгон, куы мæ феппæлынц, уæд, æз та ма уæд æрыгон уыдтæн… Мæн мæ тракторæй раргъæвтой æмæ мæм Дзæуджыхъæумæ профцæдистæм бадзырдтой, мæ хъазуатон фæллойы тыххæй мæ Ленинградмæ ахуырмæ арвыстой. Мæнæн уый абон дæр æхсызгондзинад хæссы. Кæд цыфæнды фаутæ æвæрдтой советон хицаудзинадыл, уæддæр дзы æз бузныг дæн, хорздзинад дзы зонын…

Цалдæр азæй цалдæр азмæ Англисы рацæуы чиныг «Чи цы у, чи у?» Мæн тыххæй дзы афтæ райдайынц: «У ирон, райгуырд Цæгат Ирыстоны. У 9 хатты зонæдты доктор, 6 хатты зонæдты кандидат, 11 бæстæйы академиты кадджын уæнг», æмæ афтæ дарддæр. Сæйрагдæр у йæ фыццаг рæнхъ: «У ирон»… Ацы бæстæйы ис ахæм æгъдау: фылдæр хæрзты йын чи бацыд, йæ къæбицмæ йын хуыздæр бавæрæн чи бахаста, уыцы адæймæгтæн раттынц æппæты кадджындæр ном — сэр. Уыдоны номхыгъдмæ бахæссынвæнд кодтой мæн дæр. Уый тыххæй мæнæй цы хъуыдис? Сæрмагонд декларацийы æз, ирон, хъуамæ ард бахордтаин Англисы ус-къарол Елизаветæйæн, мæнæ цыма æцæгдæр англисаг дæн, уыйау. Æз уыцы ардбахæрд мæ сæрмæ не ’рхастон. Æз англисаг нæ дæн, æз ирон дæн, æз мыггагмæ æгæрон бузныг дæн ацы бæстæйæ, кæй мыл баууæндыд, ахæм кад мын кæй кæны, уый тыххæй, фæлæ, нæ фыдæлтæ-иу куыд дзырдтой, дæлæ кæнай, уæлæ кæнай, уæддæр æз англисаг нæ дæн, æз Кавказæй дæн, æз Хъазыбеджы хохы фырт дæн, æз царды уæлдæф уым сулæфыдтæн фыццаг хатт. Мæн цыфæнды рæсугъд ныхæстæй дæр, цыфæнды хæрзиуджытæй дæр нæ басæтдзынæ, цæмæй æз ирон нæ дæн, зæгъгæ, зæгъон.

Уый искæмæ хорз кæсы кæнæ æвзæр кæсы, уый сæхи хъуыддаг у, фæлæ мæн искæйы дæр æмæ мæхи дæр сайын нæ фæнды. Мæ кармæ царды изæр куы æрбахæстæг вæййы, райсом та йын куы нал вæййы, уæд адæймагæн хъуамæ худинаг уа де ’фсармы цур гæдывад уæвын, кæйдæрты сæртæ та дзæгъæл кæнын. Уымæ гæсгæ йæ алкæмæн дæр комкоммæ фæзæгъын: æз ирон дæн æмæ мæ фæнды, тынг мæ фæнды иронæй амæлын. Зæгъæм, абон ам хæст райдыдта, зæгъгæ, уæд æз ацы бæстæйы сæрыл рахæцин, алы бритайнагæн дæр куыд æмбæлы, афтæ, чи зоны зæрдиагдæрæй, фæлæ æз ацы бæстæйы сæрыл рахæцин куыд бритайнаг нæ, фæлæ куыд ирон, Ирыстоны райгуырæг. Æз йæ сæрыл тохы бацæуин, кæй мæ нымайы, кæй мæ рæвдауы, мæ куыстытæн мын фаг аргъ кæй кæны, уый тыххæй.

Мæнæн ам аргъ кæнынц, комкоммæ дзурæг кæй дæн, рæстдзинад, цы хъуыды кæнын, мæ зæрдæмæ цы нæ цæуы, уый сын кæй фæзæгъын, уый тыххæй. Англисы хицауад мын мæ удыхъæды уыцы миниуæг зонынц, хорз сæм кæй кæсы, уый. Æз амы хицауадæн се ’ппæтæн дæр фæзæгъын, ирон кæй дæн, уый, кæд уæм афтæ кæсы, æмæ уый хорз нæу, уæд хæйрæджыты амæдтаг фæут… Мæ буар мын алыг кæн æмæ дзы фемæхсдзæн ирон туг. Æндæр хуызы ма йæ зæгъын хъæуы?.. Уымæн нæ хæссын æз абон уыцы кадджын ном, сэр. Искуы мæ изæр æнæ райсом куы æрлæууа, уæд мæн фæндид, цæмæй исчи ныффысса, æз арæх, ирон дæн, зæгъгæ, кæй дзырдтон æмæ уымæй сæрыстыр кæй уыдтæн. Ныййарæг мады фæуарзынц, рæсугъд кæй у, уый тыххæй нæ. Мады фæуарзынц, уымæн æмæ уый Мад у, уымæн æмæ дæ уый ныййардта, йæ тугæй дæ. Æз æрмæстдæр афтæ хъуыды кæнын ме ’фсармы цур сыгъдæг зæрдæимæ. Цæмæн хъуамæ сайон æз искæй, Англисыл иузæрдион дæн, зæгъгæ, уымæй? Мæнæн мæ райгуырæн бæстæ Ирыстон у, уым мæ ныййардта мæ мад. Иу хатт мæ Кремлы Сталин куы бафарста, иронау ма зоныс, Токайы-фырт, зæгъгæ, уæд мæнæй амондджындæр ирон адæмæй нал уыд. Æз лæууыдтæн æргъæвст салдатау Генералиссимусы цур. Уырыссагау ын дзуапп куы радтон, «конечно, товарищ Сталин, я же осетин», уæд ницыуал сдзырдта, йæ сæр банкъуыста, бахудт, æвæццæгæн мыл йæ зæрдæ фæхудт. Мæн Англисы Къарол Сталины хуызæн куы бафæрсид, уæд уымæн дæр ахæм дзуапп раттин: бæгуыдæр æз ирон дæн. Мæнæ бæхæй хæрæг куыд нæуал рауайдзæн, афтæ мæн дæр æндæрхуызон нал скæндзынæ. Мæнæн мæ тугдадзинты ирон туг змæлы, æз ирон дæн, искæй фæнды æви нæ фæнды, уæддæр».

Газет «Хурзæрин»

Наверх