Зæххы къорийыл бирæ бæстæтæ ис, авд миллиардæй фылдæр адæм дзы цæры, бирæ нацитæ — дзурынц сæдæгай æвзæгтыл. Æмæ кæд уыцы бирæ бæстæтæ сæ цæрджытимæ иууыл кæрæдзийы нæ зонынц, алчи сæ иннæты ‘взæгтæ не ‘мбары, уæддæр сæ алкæмæн дæр йæ сæйрагдæр бæллиц у, цæмæй уа амондджын, кæна æнæмæт цард хъæздыг æмæ нымад бæстæйы, йæ цот уой размæдзыд, зондджын, æгъдауджын æмæ цæвиттойнаг; цæмæй йæхæдæг дæр æмæ йæ кæстæртæ дæр хызт уой низ, фыдбылыз æмæ мастæй.

Ахæм у нæ сæйраг бæллиц махæн, ирон адæмæн дæр. Нæ фыдæлтæ-иу куывтой Дунескæнæгмæ, зæдтæм, дзуæрттæм, дауджытæм, цæмæй сæ бахиза рын, æнæрæстæджы мæлæт æмæ фыдбон, фыддугæй. Алы ирон лæг дæр йæ ирондзинадæй сæрыстыр уыд кæддæриддæр — уымæн æмæ йæ фыдæлтæ уыдысты кадджын нарт, абон у хъæбатыр адæмы фæдон, ис ын рагон æмæ хъæздыг истори.

Ирон лæгæн йæ хъысмæт бирæ хæстон фæлварæнтæ схай кодта, цыма йæ æцæг фæлваргæ кодта, уыйау, фæлæ уый худинаджы бæсты æвзæрста мæлæт. Бирæ æвæд фæндæгтыл фæцыд ирон лæг йæ сæрибардзинадмæ, знаджы раз никуы ‘ркъул кодта йæ сæр, бырста, зындзинæдты сæрты хизгæйæ, размæ; сæрбахъуыды рæстæджы-иу балæууыд йе ‘мгæртты фарсмæ, никуы æмбæхст тæппудау.

Æмæ кæд абон бирæнымæц адæмтæм нæ хауы нæ наци, уæддæр нæхицæн аккаг ном æмæ егъау бынат скодтам æппæтдунеон æхсæнады. Фидарæй нæ уырны нæ дидинæфтаугæ æмæ амондджын фидæн. Быхсын чи фæразы, уымæн æнтысгæ дæр бакæны. Махæн дæр бантыст — стæм хæдбар æмæ сæрибар паддзахад.

Уыдæттæ иууылдæр хорз, фæлæ, цæмæдæр гæсгæ нæхæдæг нæхи ныддихтæ кодтам, уымæн æмæ дзурæм цалдæр ныхасыздæхтыл. Уыдонæй алкæцы дæр нымайы: цы ныхасыздæхтыл дзуры, уый ис фыццаг бынаты, у хуыздæрыл нымад. Æгæрыстæмæй, быцæу дæр фæкæнынц: рагзаманты, дам, нæ рагфыдæлтæ «мах æвзагыл дзырдтой». Æмæ афтæ чи дзуры, уыдонæй йæ бирæтæ æмбаргæ дæр нæ кæнынц, уый «æвзаг» нæ, диалект нæ, фæлæ у ныхасыздæхт, уымæн æмæ махæн ис æрмæстдæр дыууæ диалекты: ирон æмæ дыгурон.

Цæмæн рох кæнæм, дыууынæм æнусы райдайæны нæ нацийы зондджындæртæ иумæйаг литературон æвзаг кæй равзæрстой, уый? Афтæ бакодтой бирæ нацитæ, уымæн æмæ афтæ домдта царды уаг, æхсæнад, сфæлдыстад æмæ мыхуыры хъуыддаг. Æмæ цæмæй абон ирон æвзаг уæвынад кæна, цæмæй рæсугъдæй дзурæм иронау, ахуыр кæнæм æмбæлонæй нæ мадæлон æвзаг, уый тыххæй бирæ рухстауджытæ æмæ ахуыргæндтæ бабын сты. Уыдон сæ сæртæ нывондæн æрхастой, ирондзинадыл æнувыд кæй уыдысты, ирон æвзаг æгæрон уарзтæй кæй уарзтой, се ‘мирон адæммæ рæстдзинад мадæлон æвзагыл кæй хæццæ кодтой, уый тыххæй. Ирон æвзаг абон ахæм уавæры кæй ис, уымæн йæ фыццаг аххосаг у уыцы фыдбоны культы дуг! Ахъуыды ма кæнæм иу уысм: уыцы диссаджы зонд, фæлтæрддзинад æмæ хъаруйы хицау цы ахуыргæндтæ, фысджытæ, поэттæ, æхсæнадон архайджытæ, инженертæ, рухстауджытæ æмæ æцæг патриоттæ уыдысты, уыдонæн кæронмæ куы бантыстаид сæ хъуыдытæ, сæ нывæзтытæ сæххæст кæнын, царды сæ куы апарахат кодтаиккой æдасæй, уæд ирон адæм абон цы уаиккой…

Литературон æвзагæн цы ныхасыздæхт равзæрстæуыд, уый Къостайы «’взаг» нæу, Къоста уыцы ныхасыздæхтыл никуы дзырдта. Фæлæ, стыр хъыгагæн, абон фехъусæн ис «цæмæн хъуамæ дзурон æз Къостайы ‘взагыл, мæнæн ис мæхи «’взаг», уыцы «’взагыл» та мæ бон мæ хъуыдытæ нæу зæгъын, цыма искæйы фæзмын, афтæ мæм фæкæсы». Ахæм хъуыдытæ та нæ ‘ркодтой, абон афтæ цæхгæр кæй хицæнтæ кæнæм, уыцы уавæрмæ.

Ирыстоны скъолаты ахуыр кæнæм нæ мадæлон æвзаг æмæ литературæ, æрвылаз дæр фæнысан кæнæм алыгъуызон хъомыладон, аивадон, литературон, бæрæгбонон мадзæлттæ, ауадзæм поэзийы изæртæ. Æмæ кæд се ‘ппæты дæр сæрæй кæронмæ сыгъдæг ирон литературон æвзаг нæ зæлы, уæддæр дзы ирондзинады апп вæййы. Фæлæ уый бынтон цъус у. Цæмæй ирон сывæллон иронау хъуыды кæна, йæ хъуыдытæ сыгъдæг иронау (сти-листикæйы æгъдаумæ гæсгæ) раст зæгъа, раст сæ ныффысса, уый тыххæй хъуамæ кæса аивадон уацмыстæ. ирон газеттæ, журналтæ. Хъуамæ архайа йæ лексикæ фæхъæздыгдæр, фæаивдæр кæныныл, дзура иронау. Уый та, стæмты йедтæмæ, бирæтæ сæ сæрмæ хæсгæ дæр нæ кæнынц, афтæмæй мадæлон æвзаг фæсте аззайы, йæ бынатæй не ‘ггуырсы, кæд ахуыргæндтæ, зонадон кусджытæ, информацийы фæрæзты минæвæрттæ, ахуыргæнджытæ стыр куыст кæнынц, уæддæр.

Хорз уаид, скъолайы ахуыргæнæн программæмæ дæр лæмбынæгдæр куы æркæсиккам. Нæ бæстæйы истори цæмæн хъуамæ ахуыр кæна скъоладзау уырыссагау, кæд æмæ йын ис ратæлмацгæнæн? Скъолайы программæйы ма ис «ирон адæмы традицитæ æмæ культурæ», зæгъгæ, ахæм предмет дæр. Уый дæр — уырыссагау. Райгуырæн бæстæйы, нæ рагфыдæлты истори æмæ культурæ нæхи мадæлон æвзагыл куы ахуыр кæна ахуырдзау, уæд æй æмбаргæ дæр хуыздæр бакæндзæн æмæ ма йæ ма-дæлон æвзаг дæр хуыздæр базондзæн, рафæлгъау-дзæн ын йæ сусæгдзинæдтæ, æнцондæр ын уыдзæн йæ хъуыдытæ раст раргом кæнын, цайдагъ кæндзæн иронау хъуыды кæныныл — адæттæ скъоладзауæн стыр ахъаз фæуыдзысты мадæлон æвзаджы грамматикæ хуыздæр сахуыр кæнын, базонынæн. Мадæлон æвзаг æмæ йын йæ дзырдуатон сконд иттæг хорз чи зоны, уымæн иннæ æвзæгтæ сахуыр кæнын вæййы бирæ æнцондæр.

Мах нæ мадæлон æвзагæй ирæттæ стæм, æндæра адæм Африкæйы дæр цæрынц, чизоны сын ирон мыггæгтæ дæр ис, фæлæ иронау нæ зонынц, нæ дзурынц æмæ, кæмæй фæнды дæр уæд, уæддæр ирæттыл нымад не сты!

Цæмæй ирон æвзаг ма фесæфа æмæ мард æвзæгты нымæцмæ ма бахауа, уый тыххæй бæстон ахъуыды кæнын хъæуы мах абон, науæд ферæджы уыдзæн…

Иронау дзур, мæ хæлар, зон: ирон дæ,

Дæ миддуне — нæртон фарнæй æфсæст.

Куынæ дзурæм нæ абоны иронау, —

Нæртон æвзаг уыдзæн æнустæм сæфт…

Бирæ поэттæ, фысджытæ, ахуыргæнджытæ сидынц ирон адæммæ, цæмæй йæ бамбарой, иу туг, иу стæг кæй стæм. Кæрæдзийы дихтæ, фидис æмæ анекдотты амæттаг ма кæнæм, фæлæ балæууæм æнгом, бауарзæм кæрæдзи, банкъарæм зæрдæйæ, иу фыдæлы хъæбултæ кæй стæм. Уæд нæм знаг дæр никуы бахæсдзæн йæ ныфс, уæд нæ фидæны фæлтæртæ сæхи нымайдзысты тыхджын æмæ бирæнымæц ирон адæмы фæдонтыл, зондзысты æмæ уарздзысты сæ мадæлон æвзаг. Уæд нæ Ирыстоны кæмтты нæрдзæн ирон зарæг; хъуысдзæн алы хæдзарæй дæр ирон фæндыры цагъд, сабиты хъæлдзæг худт æмæ ныййарæджы арфæйы ныхас.

Уый та у стыр хæрзиуæг æмæ амонд, уый та у нæ Ирыстоны уæрæх цардвæндаг, рæзгæ фæлтæрты цин сыгъдæг арвы бын æмæ тæмæнкалгæ хуры тынты рухс.

Наверх