Фæстаг дыууæ азы Къуайсайы бирæ ивындзинæдтæ æрцыд хорзæрдæм. Сарæзтой дзы рынчындон, кæцымæ къуайсайæгтæ æнхъæлмæ кастысты æнæрхъæцæй. Рагæй домдтой скъолайæн бæстыхай саразын дæр. Къуайсайæгты цинæн кæрон нал уыд, 2015 азы 30 декабры сæм цытджын æгъдауæй куы байгом стыр, райдзаст æмæ нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм скъола, уæд дæр. Къаддæр нæ фæцин кодтой рынчындон æмæ спортивон скъолайы бакондыл дæр. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр къуайсайæгты сæйрагдæр проблемæ у фæндаг.

Рагæй фæстæмæ дæр адæймаджы царды ахсджиаг нысаниуæг ис фæндæгты арæзтадæн. Уымæн æмæ йæ не ‘ппæт дæр хорз æмбарæм: фæндаг æмæ дон кæм нæй, уым цард дæр нæй.

Бæрæг куыд у, афтæмæй фæстаг 25 азы Цхинвал-Къуайсайы фæндаг бынтон æдзæллаг уавæрмæ æрцыд. Цалцæг иу æрцыд ранæй-рæтты, фæлæ та-иу зымæджы салд бонты згъæлын райдыдта.   Къуайсайæгтæ рагæй домдтой, цæмæй сын сæ фæндагмæ хицауад хъус æрдарой. Уæлдай зын æмæ тæссаг уавæры фæндаг уыд зымæгон бонты. Хатт-иу къуыригæйтты нæ уыд цæуæн æхсæнадон транспортæн, бынтон æдзæллаг уавæры та уыдысты хъæутæм бацæуæнтæ.

2016 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы фæндæгтæ хъуамæ арæзт æрцыдаид, уыдон номхыгъдмæ бахауд Къуайсайы фæндаг дæр. Ныридæгæн арæзт у Гуфтайæ Уæллаг Хъемултайы онг. Хицæн ын æрцыд 546 милуан сомы. Аразы йæ фæндагон арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы фæдыл комитет. Комитеты дæлбаруæвæг «Дорэкспострой» ивгъуыд аз апрелы æрæвнæлдта фæндаджы арæзтады процессмæ, æмæ йын азы кæронмæ фæцис йæ сæйраг куыст.

Фæндагон арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард куыд зæгъы, афтæмæй: «Фæндаг аразаджытæ бакодтой егъау куыст. Цыдæриддæр саразын æмбæлд фыццаг этапыл, уыдон арæзт æрцыдысты афоныл. Гуфтайæ Уæллаг Хъемултайы онг сæвæрдтам фондз хиды. Уыцы хидтæн проектон-сметæйон документтæ сарæзта Цæгат Ирыстон-Аланийы Хидарæзтады проектон институт. Хидарæзтады рæстæджы мах спайда кодтам æрмæстдæр ахæм æрмæджытæй, кæцытæ сты гъæдджын. Нæ нысан у, цæмæй хидтæн сæ эксплуатацийы рæстæг дæргъвæтин уа», — зæгъы Гуыззыдтаты Эдуард.

Гуфта-Къуайсайы фæндаг хæхты фæрсты кæй цæуы, уымæ гæсгæ дзы бирæ ис проблемон бынæттæ. Цъыфзæйтæ-иу арæх фехæлдтой фæндаджы уæлцъар æмæ уый хъыгдардта автотранспортон змæлд. Ам раздæр цы лæсæн-уромæн къултæ арæзт æрцыд, уыдон фидар нæ разындысты. Фæстаг хатт тæссаг рæтты лæсæнтæ куы цыд, уæд сæ бето-нæй къул баурæдта. Проектон институты техникон амындмæ гæсгæ проблемон бынæтты æвæрд æрцыд, æртæ метры йæ диаметр кæмæн у, ахæм бетонæй хæтæлтæ, цæмæй цъыфы зæй сыгъдæг цæуа. Цыбырдзырдæй, арæзт æрцыд æппæт дæр, цæмæй трассæйылцæуæг адæм проблемæтæ мауал æвзарой. Лæсæн бынæтты конд æрцыд æфсæн хызтæ дæр.

Фæндаджы уæлцъар та æрцыд асфальтæй æмбæрзт. Йæ арæзтады бынæттон адæм кæй куыстой, сæйраджыдæр, уый тыххæй та Гуыззыдтаты Эдуард афтæ загъта: «Бынæттон адæм, ома, къуайсайæгтæ хуыздæр зонгæ сты фæндаджы проблемон бынæттимæ, уымæ гæсгæ уыдоныл ме ‘ууæнк бафтауын».

Ивгъуыд азæй ма цы чысыл акусинæгтæ баззад, йæ дæргъ 13,2 км кæмæн у, уыцы фæндагæн, уым та абон дæр цæуы куыстытæ. Ныртæккæ ам архайы 7 техникон иуæджы бæрц. Бригадæ архайы  активонæй. Æрдзы æгæрон галиу митæ, уыдонæн цæлхдур не сты куыст æруромынæн. Цыбыр рæстæгмæ ацы трассæйыл фыццаг этапы цы куыстытæ хъуа-мæ æрцыдаид арæзт, уыдон кæронмæ ахæццæ уыдзысты. Уый фæстæ, иннæ этап кæд æмæ Инвестпрограммæмæ хаст æрцæуа, уæд та арæзт æрцæудзæн Хъемулта-Къуайсайы онг.

Комитеты сæргълæууæджы ныфс ис фæндаджы уавæрмæ куы уа æмбæлон æркаст, уæд бирæ азты кæй лæггад кæндзæн адæмæн.

Ныртæккæ ма комитет кусы Транскамы фæндаджы цы проблемон бынæттæ ис, уым. Стæй ма æрæвнæлдтой горæт Кировы, Скъолайы, Джиоты Дауыт æмæ Фæсивæды уынгтæ капиталонæй цалцæг кæнынмæ дæр. Ацы аз æмткæй хъуамæ арæзт æрцæуа нæ горæты 12 уынджы.

Марфа Уазæгты

Наверх