Теннисæй «Стыр шлем»-ы турнирæй Австралийы гом чемпионаты (Australian Open) æрцыд дыууæ сенсацийы æмæ дыууæ дæр сæххæст кодта ирон теннисист Хъæрæцаты Аслан, кæцы АТР-йы дунеон рейтингы ахсы 114 бынат. Уый нырма ахызт, ерысты цыппæрæм зылдмæ дунейы цыппæрæм ракеткæ аргентинæйаг Диего Шварцманы рамбулгæйæ. Фембæлд цыд 1 сахат æмæ 54 минуты. 27-аздзыд ирон спортсмен сеттæм гæсгæ фæуæлахиз 6:3, 6:3, 6:3.

Дарддæр та турниры 1/8 хайы йæ ныхмæлæууæг уыд дунейы 19-æм ракеткæ Феликс Оже-Альяссимим. Фембæлды фыццаг дыууæ сеты рамбылдта канадæйаг спортсмены – 6:3, 6:1. Фæлæ Хъæрæцаты Аслан равдыста фидар удыгъæд æмæ фæдфæдыл фæуæлахиз æртæ сеты – 6:3, 6:3, 6:4 æмæ афтæмæй ахызт турниры финалы 1/4 хаймæ. Хъазт цыд 3 сахаты æмæ 28 минуты.

Уымæй къуырийы размæ ATP Cup-ы хорзæх кæныны церемонийы Уæрæсейы æмбырдгонды лидер Даниил Меведев загъта, зæгъгæ, Аслан у нæ сусæггаг хæцæнгарз. Уæд ыл уым уæвæг специалисттæ æмæ теннисисттæ бахудтысты. Уымæн æмæ уый дунейы 100 хуыздæр теннисистты номхыгъдмæ дæр нæ хаудта.

Турниры йæ хъазтæй Хъæрæцаты Аслан дисы бафтыдта специалистты. Уымæн æмæ кæд æвзон-гæй перспективон теннисистыл нымад цыд, уæд фæстæдæр рахауд специалистты цæстдарды бынæй, уымæн æмæ хорз бæрæггæнæнтæ нал æвдыста. Ныр спорты барæнтæм гæсгæ æвзонг нал у æмæ уымæ гæсгæ ахæм кары æвиппайды йæ хъазт афтæ кæй фæивта, уый ал

кæмæн дæр у фарсты хуызæн. Нырма иу азы размæ рейтингы ахста 261 бынат, ныр та, æппынкъаддæрæй, рахиздзæн 65 бынатмæ. Фæлæ йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй иу азы размæ бахаудта, цахæм тренер æй хъуыд, ахæммæ.

«Раздæр хорз бынæтты трениров-кæ кодтон: Герман кæнæ та Бар-селонайы. Стæй сфæнд кодтон Егор Яцюкимæ бакусын. Ацыдтæн æм Минскмæ. Уый мæ раст фæндагыл акодта. Куыд мын загъта, афтæмæй техникон æгъдауæй дæн хорз æх-хæст, фæлæ мæ проблемæ у, мæ тыхтыл кæй не ‘ууæндыдтæн, уый», – зæгъы Аслан.

100 хуыздæр теннисисты номхыгъдмæ кæй бахаудта, уый та йын фадат ратдзæн дарддæр «Штыр шлем»-ы турнирты æнæ квалификацион фембæлдтыты хъазынæн. Афтæ ма бæрæг фæхуыздæр кодта йæ финансон уавæр дæр. Кæд раздæр йæ карьерæйы рæстæджы бакуыста æрмæстдæр 618 354 доллары, уæд сæм ныр бафтдзæн 403 463 дол-лары.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы аз Аслан цы 7 хъазты акодта, уыдонæй алкæцыйы дæр кæй фæуæлахиз. Афтæ ма уæрæсейаг теннисистты ‘хсæн дæр

сæвæрдта рекорд. Турниры дыккаг зылды, белорусаг Егор Герасимовимæ хъазгæйæ йын æртæ сеты мидæг радта æрмæстдæр иу гейм – 6:0, 6:1, 6:0.

ХУРИТЫ Батрадз, газет “Хурзæрин”

Наверх