Август куы ‘рбалæууы, уæд Цхуырбаты Рутены бинонтæн сног вæййы дыууадæс азы размæйы бавзаргæ трагеди.

Цхуырбаты Батырæн йæ хо Ханиффæ цæссыгкалгæйæ æрымысы, зæгъгæ, ме фсымæр йæхиуыл нæ ауæрста, нæдæр куысты бацæугæйæ, нæдæр хæсты быдыры. Алы хатт дæр тырныдта уымæ, цæмæй йæ разы цы хæс æрæвæрдтаид, уый сæххæст кæнынмæ, йæхи зæрдæмæ æмæ адæмы зæрдæмæ дæр куыд фæцæуа, ахæм хуызы.

Батыр йæхи зонынхъом куы фæцис, уæдæй фæстæмæ уыдис ахæм ныфсхаст лæппу. Скъола каст куы фæцис, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Цхинвалы автоскъоламæ. Уæдмæ йæм æрсидтысты æфсадмæ æмæ æнæзивæгæй ацыдис Райгуырæн бæстæйы раз йæ хæс бафидынмæ. Цалдæр хатты, кæм службæ кодта, уыцы æфсæддон хайы командæкæнынад Батыры ный-йарджытæм æрæрвыста арфæйы фыстæджытæ. Арфæ сын кодтой, ахæм æнæзивæг, алы хъуыддагмæ дæр рæвдз лæппу кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй. Райста старшинæйы чин, афтæмæй æрæздæхт йæ райгуырæн уæзæгмæ. Кусын райдыдта нырма шофырæй, стæй та бацыд Дзауы суары заводмæ. Ам дæр йæхи равдыста хорз кусæг, хорз æмбалæй. Хорз кад ын уыдис йе мбæлтты хсæн дæр æмæ заводы разамонджыты цæсты дæр. Æвзæр нæ цыдысты йæ хъуыддæгтæ заводы кусгæйæ, фæлæ йæ Райгуырæн Ирыстон тæссаг уавæры кæй уыд, гуырдзиаг фашисттæ йæм кæй лæбурдтой, уый уыдта æмæ йын ахæм æвæлмон куыст ад нал кодта, фæн-дыдис æй, Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы фылдæр пайда кæм æрхæсдзæн, ахæм бынаты æрлæууын æмæ фашистон лæгсырдтæн аккаг ныхкъуырд дæттын.

Цхуырбаты лæппу ма шофыры курсыты куы ахуыр кодта, уæд цымыдис кодта канд автомашинæ ахуыр кæнынмæ нæ, фæлæ æндæр механизмты сусæгдзинæдтæ базонынмæ дæр. Æмæ бацыд мотоæхсæн дивизийы танкты батальонмæ. Батыр кæм службæ кодта, танкты уыцы батальон лæууыдис Дзауы, фæлæ дыууадæс азы размæ августы мæйы райдайæны уавæр карздæр кæнын куы райдыдта, уæд Цхуырбаты лæппу æмæ йе ‘мбæлтты сæ танктимæ рарвыстой Зары хъæумæ. Ацы ран уыдис сæ пост.

Батыры хæстон æмбал, дзауаг Коцты Михаил нын куыд радзырдта, афтæмæй 2008 азы 7-æм августы гуырдзиаг фашисттæ Цъунары хъæумæ куы лæбурдтой, уæд адон дæр сæхи цæттæ кæнын райдыдтой знаджы ныхмæ хæсты бацæуынмæ. 8-æм августы цы æрцыдис, уый тыххæй нын Коцты лæппу афтæ радзырдта:

— Горæт тынг куы райдыдтой æхсын гуырдзиæгтæ, уæд мах атагъд кодтам, горæт чи хъахъхъæдта, уыдонæн баххуыс кæнынмæ, фæлæ нæ рацæуынæн тынг хъыгдардтой гуырдзиаг авиацийы бомбæтæ. Уыдон хаудысты фæндæгтыл æмæ уымæ гæсгæ æмбæхстыстæм хъæды. Бомбæтæ згъалыны хъуыддаг чысыл куы фæсабыр ис, уæд мах ратагъд кодтам горæтмæ, фæлæ уæдмæ гуырдзиæгтæ апырх сты горæты. Мах æнхъæл уыдыс-тæм, зæгъгæ, Тъбеты æрцæуæн фæндаг сæрибар уыдзæнис, фæлæ афтæ нæ разынд. Ам дæр уыдысты гуырдзиаг танктæ æмæ нæ куы суыдтой, уæд нæ райдыдтой æхсын. Мах уыдтам, гуырдзиаг хæдтæхджытæ горæтыл бомбæтæ куыд калдтой. Нал уыдис бастдзинад, цæмæй кæрæдзийы уавæр зыдтаиккам. Мах æртæ танкыл æрхæццæ стæм Тъбетмæ. Ам нæм æрбаиу сты уæрæсейаг танктæ. Уыдонæн дæр æмæ махæн дæр нæ хъуыды уыдис, цæмæй, Шанхайы районы чи лæууыд, уыцы фидауынгæнæг тыхтæм баиу уыдаик-кам, фæлæ уыцы хъуыддаг махæй раздæр сæ къухты бафтыд уырыссаг танкисттæн. Уыдон комкоммæ фæндагыл нæ, фæлæ быдыртыл ацыдысты æмæ баиу сты фидауынгæнæг тыхтæм. Мах дæр архайдтам уырдæм баирвæзыныл, фæлæ та-иу нæ гуырдзиæгтæ æхсын райдыдтой æмæ нын нал лæвæрдтой размæ ацæуыны фадат. Стæй нæ техникæ дæр бынтон хорз нæ куыста. Ардæм нæ комкоммæ æхсын куы райдыдтой, уæд нын уым лæууæн нал уыдис. Хъуыдис нæ исты хуызы ацы цæхæрæй аирвæзын æмæ уæд фæстæмæ Тъбеты ‘рдæм мæ ных сарæзтон, мæ фæс-тæ цыдис иннæ танк дæр. Иу рæстæджы нæ танчы цур рхауд радон снаряд æмæ нæ машинæ æртæрдыгæй ссыгъдис. Фæс-тæмæ та куы акастæн, уæд ауыдтон æвирхъау ныв: Батыр танчы люкæй фæстæмæ æрхауд, йæ туг кæлы, афтæмæй. Æз аскъуыддзаг кодтон: мæ цæф æмбалы хъуамæ сæмбæлын кæнон рынчындоныл. Горæты ынчындонмæ нæ фæндæгтæ æхгæд уыдысты. Уæд бамбæрстон, Дзауы рынчындонæй дарддæр мын ацæуæн кæй никуыдæм ис, уый æмæ скъæрдтон размæ. Мæ алывæрсты гуырдзиæгты снарядтæ куыд калдысты, уый хатгæ дæр нал кодтон.

Ахæм тыхст уавæры æрбахæццæ дæн Галуанты хъæумæ. Ам æрбаййæфтон иу рог машинæ. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уый разынд нæ горæты цæрæг Къæбулты Мишикы. Нæ уавæр нын куы бамбæрста, уæд мын загъта, зæгъгæ, ам æнхъæлмæ кæсын мæ бинонтæм, чизоны сæ исчи ардæм æрбахæццæ кæна, уæд сæ ардыгæй мæхæдæг акæнин Цæгат Ирыстонмæ. Фæлæ, иугæр сымах ахæм уавæры стут, уæд уал, зæгъгæ, мæ бинонты дæр фæуадздзынæн. Батыры уæззау цæфтæй райстам танкæй. Ахæм æвзæр цæфтæ уыдис æмæ йæм къухæй бавналынмæ дæр йæ ныфс ничи хаста. Шофыр мын аххуыс кодта æмæ йæ сæвæрдтам машинæйыл. Батырæн уыцы уæззау цæфтæ цы хъизæмар æвзарын кодтой, уый куыннæ хатыдыстæм уыцы дард фæндагыл, фæлæ уæддæр йæхи фидар кодта, цæмæй йæ рис махæн зын ма уыдаид. Иу рæстæджы ма нæ дон дæр æркуырдта. Мах ын дзы даргæ нæ бакодтам, фæлæ йыл дзы æркалдтам, йæ былтæ йын дзы схуылыдз кодтам æмæ атындзыдтам дарддæр. Атындзыдтам, фæлæ…

Батыры хо Ханиффæ дзырдта, йе ‘фсымæр йæхиуыл кæй никуы ауæрста. «Куы-иу æй фæдзæхстам, дæхи хъахъхъæн, зæгъгæ, хæст уæддæр хæст у, нæмыджы ныхмæ афтæ æргомæй цæуæн нæй, уæд-иу хъазгæмхасæн афтæ бакодта, зæгъгæ, мæнæн нæдæр цардæмбал ис, нæдæр — сывæллæттæ, мæхи кæй сомбоны тыххæй хъахъхъæнон, ахæмæй мын ничи ис. Зна-гæй та мын хъахъхъæнинаг сты мæ ирон адæм, мæ ирон сывæллæттæ. Уыдон тыххæй, куы бахъæуа, уæд мæ цард дæр нæ бавгъау кæндзынæн, фæлæ йæ знагæн лæвар нæ радтдзынæн».

Ханиффæйæн Цæгат Ирыстонмæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, Батыр уæззау цæф у æмæ тагъд хæццæ кæн. Бæргæ ма ратагъд кодта уый йе ‘фсымæрмæ æххуысмæ, фæлæ уый йæ мадызæнæджы цы хуызæнæй æрæййæфта, уый макæцы хо бавзарæд…

Цхуырбаты Батыры йæ хъæбатырдзинады тыххæй йæ амæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой республикæйы иууыл уæлдæр хорзæх — Уацамонгæйы орденæй.

Источник: газета «Хурзарин», http://new.xurzarin.ru/jae-card-nae-bavgau-kodta-rajguyraen-baestaejaen/

Наверх