«Цæмæй дын фиддзыстæм дæ хæрзтæ,

 Цæмæй дын ратдзыстæм æгъдау».

Ахæм хъуыдыйыл хæст у алы ирон лæг дæр Хуссарæй Цæгатмæ, нæ университетыл (пединститутыл) ныхас куы æрхауы уæд. Æниу, цас у сæ нымæц, Стыр Уæрæсе æмæ æндæр адæмты ‘хсæн чи цæры, чи кусы, нæ университеты диплом кæмæ ис, ахæмтæн. Уыдон дæр хорзæн, кад æмæ радæн мысынц сæ хъомылгæнджыты, нæ университеты.

Нæ университет фæхæццæ кæны йе ‘нусы къæсæрмæ, æххæст ыл кæны 85 азы. 85 азы та 85 боны не сты. Уыдон сты царды фæндæгтæ, куыст æмæ ахуыры, фæндæгтæ.

Байгом  нæ  институт 1932 азы. Стыр цины хъуыддаг уыд Иры дзыллæйæн. Байгом ног хицауады фыццаг азты, хъуагдзинæдты дуджы: нæ  уыд бæстыхай,  нæ  уыд кадртæ, нæ уыд ахуыргæнæн фæрæзтæ. Цард разæй ис, уый æмбæрстой нæ адæм æмæ алы зындзинæдты сæрты дæр фæрæзтой хизын.

Ралæууыд 1937 аз. Æгъатырдæр дугæн скæнæн нæ уыд, цæвæгæй кæрдæгау карст æрцыдысты нæ интеллигенцийы разагътайы фæлтæр. Сфæрæзтам уый дæр, фæлæ та цыбыр рæстæджы фæстæ халон ногæй æрбауасыд — райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст.

Иры æхсарджын фыртты хайадист уыцы хæсты цахæм уыд, ууыл нæу ныр нæ дзырды сæр. Фæлæ нæ институт дæр фæсте кæй нæ баззад, æзфæраздæронæй куыд аивылдысты хæсты быдырмæ лекторæй, студенттæй, , уый у банысанкæнинаг.

Уыцы уæззау азты пединститут æмæ зонад — иртасæн институтæн директорæй урæд æрцыд Уанеты Захар. Иуæй — иу курсытæ æмæ факуль-теттæ рæстæгмæ æхгæд æрцыдысты. Хæсты быдырмæ фæраст сты: Хъуылымбегты Г.Ф., Бекъойты Д.Г., Гасситы И.Э., Дзассохты К.Г., Санахъоты В.Н., Цхуырбаты Л., Уалыты С.В., Качарава Ш., Плиты Ф. æмæ æнд.

Дзæвгар у сæ нымæц, хæсты быдыры чи баззадысты, уыцы студенттæ æмæ лектортæн. Чи дзы æрыздæхт уæлахиздзауæй, уыдон ногæй бавнæлдтой сæ  ахуырмæ, сæ ахуырхъомыладон куыстмæ.

Фæсхæсты азты царды уавæртæ кæд уæззау уыдысты, уæддæр хицауад арæзта æппæт дæр, цæмæй хæлд хæдзарад йæ къахыл слæууа, уыцы нымæцы, пединститут дæр. Кадртæ хуынд цыдысты алы рæттæй, ахуыргæнæн бæстыхай дзуапп лæвæрдта ахуыры домæнтæм. Кæд институт йæ куыст райдыдта агробиологийы æмæ физикæ æмæ математикæйы факультеттæй, уæд ныр, фæсхæсты азты, сæ нымæц дзæвгар фæфылдæр.

Уыдонæй алкæуыл дæр ныхас цæудзæн нæ юбилейон азы. Мæнæн мæ ныхасы сæр у сæйраджыдæр, мадæлон æвзаг æмæ литературæйы тыххæй. Цы бынат æрцахстой нæ пединституты, цы фæндæгтыл рафцыдысты æмæ сæ уавæр цахæм у абоны университеты? Развæлгъау уал æй зæгъæм: уал азы рæзгæ фæцыдысты не ‘взаг æмæ нæ литературæ, фæлæ йын цæлхдуртæ дæр ахъаззаг кæй уыд нæ «иузæрдион» сыхæгты ‘рдыгæй, арæх æй æхгæнынмæ, фесафынмæ кæй хъавыдысты, уый дæр сусæггаг нæу.

Ирон æвзаг æмæ литературæйы рæзт, стæй йæ къуылымпыдзинæдтæ æрмæст институтмæ нæ хаудтой, сæ уæз æруагътой не скъолатыл, нæ газет æмæ журналтыл, рауагъдадыл, æхсæнадон уагдæттыл. Куыд хъуамæ ферох уа уыцы дуг, де ‘взагыл дын дзурыны бар кæм нал уыд, алфавит æхгæд кæм æрцыд, гуырдзиаг æвзаг æлдариуæг кæм кодта?

Нæ барстой ацы фыдракæнд нæ лектортæ, студенттæ, фысджытæ, актертæ, мыхуыры органты куысджытæ — зæрдæйæ йæ адæм , йе ‘взаг, йе ‘гъдæуттыл кæмæн рыст, уыцы фæлтæр. Æмæ цы…сæ къухмæ куыд хаудтой, афтæ сын хуыцауы рæстæй карз тæрхон хастой. Ахæм хъысмæт баййæфта Уанеты Владимир, Гасситы Лева, Джиоты Зауыр, Габуты Хазби æмæ терегуайнаг ахуыргæнæг Джиоты чызджы.

Нæ институты байгом, сæйраджыдæр, баст у Тыбылты Алыксандры номимæ. Ир цæмæй ахуыры фæндагыл слæууой, Ирыстоны культурон фронты фæндæгтæ байгом уой, ууыл хъардта йæ уд, æмæ йын кæд æнтысгæ бирæ бакодта, уæддæр зæгъæн ис, йæ фæндтæ æрдæгыл баззадысты, йæ фæндтæ йын йæ хъуыры фæбадын кодтой 1937 азы.

Ног институтæн директоры хæдивæгæй, стæй уæд ахуыры хайады сæргълæууæгæй урæд æрцыд Тыбылты Алыксандр. Рæзт нæ пединститут, фылдæр кодтой факультеттæ, 1933-34 ахуыры азы баконд æрцыд ирон — уырыссаг хайад дæр. Ацы факультет фæкуыста 1937 азмæ. Цæдис галтау иумæ куыстой Тыбылты Алыксандр æмæ Хъоцыты Бидзина. Сæ хъавд бæргæ уыд ирон кафедрæ бакæнынмæ, фæлæ æрвыст æрцыдысты ацу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл.

Хæсты уæззау бонты институт дæр йæ къухтæм æмхасæнтæ кодта, ирон факультеты кодтой уырыссаг æмæ гуырдзиаг кафедрæтимæ. (Рахицæн æй кодтой 1946 азы). Афтæмæй дæллаг галы куыст фæкодта ирон факультет 1946 — 54 азтæм.

Мадæлон æвзаджы фæндæгтæ нывыл кæй нал уыдысты, рахæцæнтæ Тбилисы къухты кæй уыдысты, ууыл дзурæг сты ацы бæрæггæнæнтæ: 1948 — 1954 азтæм фæхицæн уырыссаг факультет. Иумæ баззадысты гуырдзиаг æмæ ирон æвзæгты факультеттæ, кафедрæйы гæсæй æвæрд æрцыд нырма Майсурадзе И.Л., стæй та — Гълонти А.А., фæстæдæр та — Гаприндашвили Ш.Г.

Уыцы азты гуырдзиаг æмæ ирон литературæйы кафедрæйы гæстæ уыдысты: Багилашвили Ф.М. (1948-1949), Кенгошвили А.Д. (1949-1952) æмæ Топурия А.С. (1952-1954).

Цы дардыл дзурæм, мадæлон æвзаг æмæ литературæ уал азы дæргъы хур æмæ бонæй рæстмæ ницыуал федтой, бутъро къодахау сыгъдысты сæхи мидæг.

Уæлдæр ранымадгонд азты туджы малты ленк кодта нæ алфавит гуырдзиаг æвзаг нын ныббастой æмæ уал нæ фæхицæн кодта Цæгат Ирæй. Не скъолатæн сæ фылдæр хай сгуырдзиаг сты, чи ма дзы аирвæзт, уыдон та сбирæ кодтой гуырдзиаг æвзагæй сахатты нымæц. Ацы рæгъытæ фыссæг Ручъы скъола фæцис гуырдзиаг алфавитыл. Къуыри 4 сахаты — уырыссаг, 2 — ирон, 9 сахаты та — гуырдзиаг. Ахæм уавæрæн кæрон æрцыдис 1954 азы.

Нæ историйы стыр цауыл банымайæн ис 1953 — 1954 азтæ. Уæд байгом нæ пединституты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæ. Сæргъ-лæууæгæй йын æвæрд æрцыд, дзæнæты бадинаг, йæ адæмы стыр патриот, доцент Бекъойты Димитр. Ацы факультеты студент сдæн 1955 азы. Уæдæй абонмæ кусын ацы кафедрæйы, 62 азы зонгæ дæн ацы кафедрæйы куыст æмæ йæ рæзты фæндæгтимæ.

Фыццæгæм къурсы куы уыдтæн, уæд кафедрæйы куыстой (дзæнæты бадæнт) доц. Бекъойты Д.Г., Мамиты Г.А., хистæр ахуыргæнджытæ Цхуырбаты Е.И. æмæ Медойты Б.Г.. Ирон кабинеты лаборант та уыд  Беджызаты Д.Г..

Рæзт ирон кафедрæ, фылдæр кодта йæ кусджыты нымæц, урæдтой кафедрæйы, сæ зæрдæ кæуыл дардтой, уыдонæй иуæй — иуты, уыцы нымæцмæ хауын мæхæдæг дæр.

1960 азтæй кафедрæ фæхъæздыгдæр кадртæй, хистæр фæлтæримæ кусын райдыдтой Плиты Г.Г., Хуыгаты И.А., Битарты З.А., Дзабиты З.П., фæстæдæр — Дзиццойты Ю.А., Хъазиты М.Р., Плиты М.А., Тедеты Г.З., Æлборты Х.-М.Н., Тыбылты И.Д., Биазырты А.Р. Уыдонæй алчи дæр зонады къабазы егъау къахдзæфтæ акодта. Систы зонæдты кандидаттæ, доценттæ, ис се ‘хсæн профессортæ дæр. Уыдонæй алкæуыл дæр дзæвгар ис дзурæн хицæнтæй, бирæ дзурæн ис сæ бакæнгæ хъуыддæгтыл, цы зонадон куыстытæ бакодтой, стæй скъолатæн æмæ не студенттæн цы ахуыргæнæн чингуытæ ныффыстой, уыдæтты тыххæй, фæлæ ныртæккæ уыцы фадат нæй.

Кафедрæты куысты активон сты хистæр ахуыргæнджытæ: Плиты С.Н., Плиты М.М., Куыдзеты И.Г., Уалыты М.А. Кусынц сæ диссертацион темæтыл æмæ сын æнтыстытæ кæй уыдзæн, уый уырнинаг у.

Кафедрæйæн бындурæвæрджытæ уыдысты доцент Бекъойты Д.Г. æмæ Мамиты Г.А. Уыдоны руаджы рацыдысты размæ : Цхуырбаты Е.И., Медойты Б.Г., Плиты Г.Г., Хуыгаты И.А., Тедеты Г.З., Плиты М.А., Битарты З.А., Дзабиты З.П. Ранымадгонд фæлтæр бæрзонд æмвæзадмæ систой кафедрæйы кад æмæ тых.

Факультет чи фæцис каст, æндæр рæтты чи кусы æмæ куыста, уыдоны нымæц кæуылты у. Зæгъæм уал уый, ирон фысджытæй иу стæмтæй фæстæмæ, алчи дæр каст фæцис нæ ирон факультет. Абон ма дзы куырыхон æвдисæнты бынаты сты Бахъаты Нугзар æмæ Харебаты Леонид, Джиоты Катя.

Ныхас, сæйраджыдæр, ирон литературæйы историйы кафедрæйыл кæй у, уый тыххæй, фыццаджыдæр хистæрты кой ракæнын хъæуы. Литературæйы истори амонæг уыд доцент Мамиты Григори. Сæрысуангæй суанг йæ амæлæты бонмæ фæкуыста ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы. Йæ куыст райдыдта ахуыр-гæнæгæй 1952 азы æмæ схызт доценты æмвæзадмæ.

Мамиты Г.А. уыдис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг йæ райдианæй йæ фæудмæ. Æрыздæхт дзы майоры чинимæ, йæ куыст адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны зонад — иртасæн институты. Уым каст фæцис аспирантурæ дæр. Нæ пединституты кадрты сæр хъуыдис æмæ, æрыздæхт Цхинвалмæ, иститутмæ, æмæ дзы фæкуыста дзæвгар азты алыгъуызон бæрнон бынæтты. 1953 азæй суанг 1973 азмæ уыд ирон — уырыссаг филологон факультеты декан, 1973-1976 азты та куыста ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы сæргълæууæгæй. Каст лекцитæ: ирон литературæйы историйæ, ирон адæмон сфæлдыстадæй, ирон литературæ амоныны методикæйæ, литературæйы теори  æмæ  литературæзонынадмæ бацæуæнæй. Лекциты æмрæнхъ кодта литературон, зонадон — хъомыладон куыст дæр.

Дзæвгар фæлтæр схъомыл кодта Гига, йæ къухæй чи рацыдысты, уыдонæй бирæтæ систы Ирыстоны зынгæ фысджытæ, зонадон кусджытæ, ахуыргæнджытæ. Кафедрæйы уæнгтæ дæр фылдæр уыдысты йæ схъомылгонд.

Егъау хъусдард здæхта рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ, уымæн æй хонæм сывæл-лæтты фыссæг. Йæ уацмысты æмбырдгæндтæ: «Мæлæт фашизмæн» (1942), «Витя» (1952), «Бæлон» (1956), «Уалдзæг» 1962), «Хæстæн — нæ»(1966) бирæ ахсджиаг фарстытыл дзурæг сты ахуыр — хъомыладон хъуыддаджы.

Пединституты кусгæйæ, Мамийы фырт бирæ ахсджиаг фарстытыл бакуыста ирон литературæйы истори иртасгæйæ. Йæ куыстытæ «Ирон литературæйы истори» æмæ «Ирон литературæ бацамоныны методикæ» абон дæр студенттæн сты хъæуæг чингуы-тæ. Дзæвгар у сæ нымæц, ирон фысджытыл кæй фæфыста, уыцы зонадон уацтæн дæр.

Царды цалх уæззауæй тулы, æруромæн ын нæй, йемæ хæссы царды ивындзинæдтæ дæр.

Демократон дуг йæ бон калы, царды стыр тулæнты бахауд Хуссар Ирыстон. Нæ тугхор сыхæгтæ нын ногæй сарæзтой геноцид, ныккалд та рæстагон адæмты туг, басыгъдысты нæ хъæутæ, ныппырх нæ сахар дæр, сыгъд æрцыдысты Ир сæрыстыр цæмæй уыдысты, уыцы театр æмæ нæ институт дæр.

Тухийаджы уавæр æркодта Хуссар Ирыл, цард ссис зындойнаг, фæлæ адæм сæттын æмæ цудын нæ бакуымдтой, нæ фыдбоны сыхæгтæ махæн цы афтид быдыр цæттæ кодтой,  уый сæхи бахъуыд.

Стыр Уырысы тыхтимæ сиу сты нæ тыхтæ дæр. Нæ цард ногæй аразынмæ бавнæлдтам, уыцы нымæцы — рæзынц нæ университет æмæ нæ театр. Дыууæ дæр сты 85 азы юбилейы къæсæрыл æмæ рæхджы сæ дуæрттæ бакæндзысты.

Æнæ зиæнттæ нæ баззад нæ университет дæр, канд бæстыхай нæ — æрцыдис дзы уды зиæнттæ студенттæ æмæ лекторты ´рдыгæй, стæй иннæ кусджыты ‘рдыгæй дæр.

Сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, пединститут дæр фæивта йæ хуыз. Хицауады фæн-донмæ гæсгæ пединститут рацарæзт æрцыд университмæ. Педагогон факультетты æмрæнхъ нæм фæзындысты техникон факультеттæ дæр. Æрцыд ивындзинæдтæ хорзырдæм кафедрæты. Бирæ ног кафедрæтæ æрцыд баконд, фæивта ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæ дæр.

2010 азæй фæхицæн сты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæтæ. Ам дарддæр мæ ныхасы сæр бæстондæр уыдзæн ирон литературæйы историйы кафедрæйыл, куыд йæ къухдариуæггæнæг, афтæ.

2010 азæй æвзаг æмæ литературæйы кафедрæтæ кæд хицæнтæ сты, уæддæр зæгъын хъæуы, сæ куысты иумæйагæй бирæ фарстытæ кæй ис æмæ сæ скъуыддзаг дæр иумæ кæнæм.

Ирон литературæйы историйы кафедрæйы ис, æдæппæтæй, æхсæз адæймаджы: Плиты Г.Г.,  профессор, кафедрæйы гæс; Хъазиты М.Р., доцент, филологон зонæдты кандидат; Биазырты А.Р., доцент,  филологон зонæдты кандидат; Куыдзеты И.Г., хистæр ахуыргæнæг; Плиты С.Я.,  хистæр ахуыргæнæг; Плиты М.М., ахуыргæнæг æмæ Джиоты Р.Х. — лаборанткæ.

Цалынмæ нæ ахуыргæнæн корпус байгом уа, уæдмæ зындзинæдтæ ис нæ куысты, нæй рæстмæ фезмæлæнтæ, кæм ахуыр кæнæм, уыцы бынаты. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, кафедрæ у куыстхъом, се ‘ппæтмæ дæр ис куысты фæлтæрддзинад, бирæ кусынц студенттимæ.

Лекциты æмрæнхъ егъау зонадон куыст кæнынц  Плиты  Г.Г., Хъазиты М.Р., Биазырты А.Р. Зонадон куысты æмрæнхъ Плиты Г.Г., æмæ Биазырты А.Р., стыр куыст бакодтой ахуыргæнæн чингуытыл. Зæгъæм, профессор Плиты Г.Г., ныффыста студенттæн ахуыргæнæн чиныг ирон литературæйы историйæ (ахсы 1900-1920 азтæ). Ахуыр дзы кæнынц 2009 азæй фæстæмæ куыд Цæгаты, афтæ Хуссар Иры университетты студент-тæ. Ныффыста  æмæ  мыхуыры  рауагъта ахуыргæнæн чиныг студенттæн ирон сывæллæтты литературæйы историйæ. Сты дыууæ томы. Ахуыр дзы кæнынц 2007 азæй фæстæмæ. Дзæвгар у сæ нымæц, цы зонадон уацтæ ныффыста, уыдонæн. Мыхуыргонд цæуынц ирон периодикон мыхуыры, университеты зонадон уацты æмбырдгæндты, ис ын монографитæ Туаты Дауыт æмæ Саулохты Мухтарыл.

Кафедрæйы уæнгтимæ, алы аз  дæр  активон хайад  исы ахуыргæнджыты дæсныйад фæбæрзонддæр кæныны институты куысты. Арæх мыхуыр кæны Плиты Г.Г., йæ методикон амындты æрмæджытæ сæ методикон журналы.

Йæ разамындæй, кафедрæ арæх нысан кæны университеты фæлгæтты ирон фысджыты юбилейтæ, арæх аразы ахуыры фæдыл экскурситæ Цæгат Ирмæ.

Кафедрæимæ иумæ, ирондзинадыл егъау куыст цæуы клуб «Къоста» — йы руаджы.

Плиты Г.Г. арæх исы хайад Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл универ-ситеты зонадон конференциты, цалдæр хатты уыд официалон оппонент дæр, кандидатон диссертацитæ чи хъахъхъæныны,  уыдонæн Цæгат Ирыстоны.

Кафедрæйы гæсы хъæппæрисæй уагъд цæуы мидисджын къулын газет «Цырагъдар». Зæрдæмæдзæугæ сфæлыстгонд æрцыд ирон литературæйы кабинет. Фысджытæй райдайгæйæ, бирæ цæстуынгæ æрмæджытæ ис хатæны къултыл, стæй йæ бахизæны къултыл дæр.

Плиты Г.Г. — йæн æнгом бастдзинæдтæ ис нæ драмтеатримæ. Кæддæриддæр сын бакæны йе ´ххуысы хай. Бирæ кусы театры историйыл, 2011 азы сыл рауагъта чиныг «Ир-вæдæны зиууæттæ», цыран ныхас æрцыд 26 актеры цард æмæ сценæйон архайдыл.

Автор чиныгыл ногæй бакуыста, баххæст æй кодта æмæ театры юбилеймæ рацæудзæн мыхуыры ахæм номимæ: «Театр-царды айдæн».

Ирыстон рохуаты кæй ныууагътой, уыцы фыццаг ирон профессионалон режиссер Тотраты Бесæйыл ныффыста бындурон куыст. У мыхуыры рацæуыны æввонг.

Профессор Плиты Гацыр йæ хъус тынг дары этнографийы фадыгмæ дæр. Йæ алыгъузон уацты æмрæнхъ рауагъта къаннæг чиныг «Рукъгом» -2010 азы.

Ныртæккæ йын рауагъдады ис гуырахстджын чиныг ахæм номимæ: «Плитæ æмæ Рукъгом». 2016 азы Плиты фысджытыл рауагъта чиныг: «Плиты фысджытæ — рæстæджы зиууæттæ».

Цымыдисаг сты йæ чингуытæ: «Къостайы дуне» — 2016 аз; «Фæлтæртæ æмæ азтæ» (ирон фысджытыл) — 2011 аз, «Ирон литературæйы хрестомати скъолайы кары агъом-мæйы сывæллæттæн».

Кафедрæйы йæ куыст активонæй райдыдта доцент Хъазиты Мелитон. Цы алыгъуызон бынæтты фæкуыста, уыдон нæ нымайдзыстæм,   сæйрагдæртæ сты: у Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар, зонад — иртасæн институты литературæйы хайады кусæг, стæй уæд Хуссар Ирыстоны ирон литературæйы историйы кафедрæйы уæнг, доцент. У филологон зонæдты кандидат, доцент.

Кафедрæйы куысты йæ сæйраг хæс у, лекцитæ æмæ практикон сахаттæ уадзын æмæ йын уыцы хъуыддагмæ ис серьезон ахаст. Уый æмрæнхъ уæхскуæзæй кæны егъау зонадон-сфæлдыстадон куыст. Цыппар чиныгæй рауагъта Ирон литературæйы истори, монографитæ ныффыста Къостайыл, Нафийыл, Гафезыл, Камалыл, стæй уæд «Æнусы къæсæрыл», «Поэты дуне», «Хъарæгæй заргæ» æмæ æнд. монографитæ.

Ирыстоны уавæрыл арæхстджынæй дзуры йæ куыстыты: «Удæй зынаргъдæр — сæрибар», «Цы фæцис Ирыстонæн йæ Хурыс-кæсæн» æмæ æнд.

Ахæм чингуытæ йын сты: «Зæлы зарæг» — 1971; «Уарзтмонц зæрдæты кадæг» — 1976; «Æнæ фæхудгæ, æнæ фæкæугæ» — 1979; «Алмас» — 1982; «Рувийы балц» — 1983; «Фæлдзæуæн рæстæг» — 1985; «Чызджыты зæрдæ» — 1989; «Гæдыла паддзах» — 1990; «Хæстарыд Ирыстон» — 1995 æмæ æндæртæ.

Кафедрæ афæдзæй — афæдзмæ хъæздыгдæр кæны йæхи рауагъдонтæй. Уыдонæй иу у филологон зонæдты кандидат, доцент Биазырты Аллæ. Уый  æнтысджынæй каст фæцис ирон-уырыссаг факультет, стæй бацыд Цæгат Ирыстоны зонад — иртасæн институты аспирантурæмæ. Каст æй фæцис æнтысджынæй, рæстæгыл бахъахъхъæдта йæ диссертаци, æрыздæхт кафедрæмæ зонæдты кандидатæй.

Ныр, 2005 азæй абонмæ кусы ирон литературæйы историйы кафедрæйы. Кæсы лекцитæ ирон фольклор, ирон литературæйы истори, литературæзонынадмæ бацæуæнæй, аив кæсын æмæ ныхасы культурæйæ. Ныртæккæ у журналистикæ æмæ уырыссаг филологийы факультеты декан. Лекциты æмрæнхъ егъау у йæ ахуыр — хъомыладон куыст. Арæхстджын у зонадон куыстмæ дæр. Йæ куыстытæ: «Хрестомати иууыл гыццылтæн», т.1.Цхинвал, 2011 аз., «Хрестомати сабитæн», т.2. Цхинвал, 2012; «Скъолайы агъоммæ кары сабитæн нывæфтыд уацмыстæ амоныны методикæ». Цхинвал, 2011; «Эволюция образа Чермена Тулатова в осетинской фольклорной литературной традиции», Цхинвал, 2012.

Аллæ университеты æмрæнхъ йæ куыст кæны Хуссар Ирыстоны зонад — иртасæн институты ирон литературæйы хайады дæр. Йе ´змæлдæй бæрæг у, ахуыр — зонадон куыстмæ æвзыгъд кæй у, йæ сомбон хуыздæр æмæ бæрзонддæр кæй уыдзæн.

Кæддæр, 50-æм азты, кафедрæйы куысты зиууæттæй иу уыд Биазырты Алыксандр. Уый каст лекцитæ ирон литературæйы историйæ, фольклор æмæ литературæзонынадмæ бацæуæнæй. Егъау уыд куыд йæ хъомыладон куыст, афтæ зонадон куыст дæр. Йæ рæстæджы мыхуыры рауагъта «Ирон æвзаг амоныны методикæ».

Алыксандр бирæ бакуыста ирон фольклор æртымбыл кæныныл, стæй уæд йæ бабæстон кæныныл дæр.

Советон хицауады фæстаг азты зæрдиаг куыст фæкодта нæ кафедрæйы Æлборты Х.-У. Йæ сæйраг тыхтæ лæвæрдта ирон литературæйы критикæйы истори иртасынмæ. Бантыст ын цалдæр чиныджы рауадзын дæр. Уыдон сты: «Чиныг — царды айдæн», «Ирон литературæйы критиктæ 30 азты», «Æлборты Барысби».

Хадзы — Умар æвæллайгæйæ кодта литературон куыст. Тагъд аивта йæ куыст, фæстаг азты куыста Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты.

Цыбыр рæстæджы ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы, сæргълæууæгæй акуыста профессор Джусойты Н.Г. лекцитæ каст литературæйы сæрмагонд курсæй.

Кæронбæттæны зæгъын хъæуы: Ирон литературæйы историйы кафедрæйæн ис цæстыахадгæ истори. Йæ лæггæдтæ дардыл сты национ кадртæ схъомыл кæныны хъуыддаджы.

Плиты Гацыр

Наверх