ас фæнды нæ хæдбар паддзахады кой ма кæнæм, уæддæр нæ сабыр цард æмæ нæ фæрныгад комкоммæдæр баст у Уæрæсеимæ, — фыццаджыдæр та — Цæгат Ирыстонимæ. Семæ нын æнгом ахастытæ куы нæ уа, нæхи æппынæдзух нæ цæгаттаг æфсымæртыл куы нæ бæттæм, уæд нæ фæндаг сæрсæфæнмæ цæуы. Абоны бон интеграцион процесстæ цы æмвæзадыл сты æмæ дарддæр куыд хъæуы архайын, уый тыххæй нын æрдзырдта нæ республикæйы Президенты администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Джусойты Сослан.

— Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн абоны бон интеграцион процесстæ цæуынц тынг æнгом, — политикæйы, экономикæйы, культурæйы æмæ æндæр къабæзты. Мæнæ та æрæджы дæр, 4-æм августы, Мæскуыйы бафыстам ног бадзырд экономикæйы къабазы. Мæнмæ гæсгæ, ацы процесстæ дарддæр дæр цæудзысты æнæкъуылымпыйæ, фæлæ махæн нæ сæйраг проблемæ рагæй фæстæмæ у — дихгонд наци кæй стæм, уый. Суанг ма 19-æм æнусæй фæстæмæ, куыддæр нæм интеллигенци фæзындис, уæдæй нырмæ нæ адæмы бæллиц у баиу уæвын æмæ йыл Ирыстоны дыууæ хайы минæвæрттæ æдзухдæр архайдтой. Мах фæлтæрæн дæр ацы фарст ахсджиаг у.

Цæгат Ирыстонимæ нын интеграцион процесстæ тынг арф сты. Куы афæлгæсæм нæ адæмы цард-мæ, уæд зæгъæн ис, ома иугонд стæм — дыууæрдæм æдæрсгæ цæуæм, пенситæ æмæ æндæр алыгъуызон социалон æххуыстæ исæм, сæйраджыдæр, Цæгат Ирыстонæй, куыстмызд дæр нын Уæрæсе фиды æмæ афтæ дарддæр.

Фæлæ уæддæр, мæнмæ гæсгæ, не мгуыстгæнынад хуыздæрхъуаг у. Фыццаджыдæр нæ фылдæр архайын хъæуы ахуырады къабазы, фылдæр хъусдард нæ аздахын хъæуы нæ мадæлон æвзагмæ. Уымæн æмæ алы нацийæн дæр йæ сомбон баст у йе ‘взаджы рæзтимæ. Акæсæм ма нæ алфæмблай — иууылдæр сты национ паддзахадтæ æмæ алчидæр архайы йе ‘взаг бахъахъхъæныныл. Уымæн æмæ алы нацийæн дæр сæйраг миниуæгыл нымад у йе ‘взаг. Комкоммæ зæгъгæйæ, махæн не ‘взаджы рæзты фадæттæ кæнгæ сты нæхицæй æмæ нæ уый рох макуы хъуамæ уа.

Лæмбынæг куы æркæсæм, уæд нацийы индивидуалондзинад тугæй уыйбæрц нæ ахады, æвзаг æмæ йыл культурæ куыд æндавынц, куыд æй æнгом кæнынц. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, цæттæ кæнын хъæуы ирон æвзагимæ баст алыгъуызон проекттæ, ома, фидæны сæндидзын кæнын хъæуы «ирон национ скъолатæ». Ацы хъуыддаг нæм фехæлд 60-æм азты æмæ уæдæй фæстæмæ не ‘взаг размæ нал цæуы, бонæй-бонмæ йæ рох кæнæм. Бирæтæм афтæ кæсы, ома скъоладзауæн къуырийы дæргъы 2-3 хатты ирон æвзаджы урок куы ауадзæм, кæнæ бинонты хсæн мадæлон æвзагыл куы дзурæм, уæд фаг у. Фæлæ уый ирон æвзаджы размæцыдыл дзурæг нæу. Зæгъæм, сисæм ныры дуджы сывæллоны, кæцы æдзух архайы алыгъуызон гаджеттæй æмæ вæй-йы интернеты тыгъдады. Ӕмæ уыцы тыгъдады дæр ирон æвзагыл æдзух куы нæ æмбæла, уæд йæ мадæлон æвзагæй адард уыдзæнис. Хорз уаид, фидæны ма не скъолаты райдиан кълæстæй фæстæмæ предметтæ дæр ирон æвзагыл куы ахуыр кæниккой, — зæгъæм, географи, истори, математикæ æмæ афтæ дарддæр.

Нæ историйыл куы дзурæм, уæд та нæ æнæмæнг саразын хъæуы историйы иугонд чиныг, кæцыйæ ахуыр кæниккой скъолаты цæгаты дæр æмæ хуссары дæр. Ахæм чиныг саразыныл рагæй кусынц, фæлæ нырма не сцæттæ ис. Уымæй уæлдай ма ахуыргæнæн уагдæттæн саразын хъæуы ирон æвзаджы иугонд программæ.

Нæ кæрæдзийы ныхасмæ лæмбынæг куы байхъусæм, уæд раргом кæндзыстæм, кæй пайда кæнæм тынг бирæ æрбайсгæ дзырдтæй. Ис нæм ахæмтæ, кæцытæн сæ бон нал у 2-3 хъуыдыйад сыгъдæг ирон æвзагыл зæгъын хуымæтæг темæйыл дзургæйæ дæр, æмæ, бар-æнæбары, ахизынц уырыссаг æвзагмæ. Ӕмæ ахæм адæймаджы аивады кæнæ зонадон темæйыл исты зæгъын куы бафæнда йæ мадæлон æвзагыл, уæд ын æнæмæнг, фæзын уыдзæнис. Уымæ гæсгæ бакусын хъæуы терминологон дзырдуатыл дæр. Кæд нæхи паддзахадыл нымайæм, уæд нæм ахæм дзырдуат æнæмæнг хъуамæ уа.

Театралон фæзуаты ныр дзæвгар рæстæджы ‘вдисынц мультфильмтæ. Ирон æвзагыл ахæм мультфильмтæ 10-15 азы размæ тынг зын ссарæн уыдысты – æдæппæт дзы уыдаид цалдæр. Фæлæ фæстаг азты тынг бирæ ратæлмац кодтой. Сæрддæргъы Дзæуджыхъæуы проспекты дæр изæрыгон февдисынц мультфильмтæ æмæ уым, мадæлон æвзагыл вæййынц. Махмæ дæр сæ иронау куы æвдисиккой, уæд хорз уаид. Ацы темæйыл куы дзурæм, уæд ма тынг хорз уаид «Нарты кадджыты» мультфильмты хуызы радæттын дæр. Ахæм проекты сырæзт фæахъаз уаид сывæллæтты хъомыладæн дæр æмæ нæ культурæйы размæцыдæн дæр.

Кæцыфæнды проекты дæр хъæуы æхцайы фæрæзтæ. Фæлæ абоны бон сæйраг уый у, æмæ  æрмæстдæр хъæуы архайын, кусын. Цæгат Ирыстонимæ махæн нæ абон дæр æмæ сомбон дæр иу хъуамæ уа, æмæ архайгæ дæр иумæ хъуамæ кæнæм. Мæнæ цы хъуыддæгты кой скодтам, уыдон сабыргай нæ къухты куы бафтой, уæд уавæр, æнæмæнгдæр, хорзæрдæм фæивдзæни.

Джиоты Алыксандр, газет «Хурзæрин»

 

Наверх