23-æм февралы куыд Уæрæсейы, афтæ та Хуссар Ирыстоны дæр цытджын æгъдауæй банысан кæндзысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Уæрæсе нæ дыккаг Райгуырæн бæстæ æмæ не стратегион партнер кæй у, уымæ гæсгæ мæ æрдзурын фæнды Уæрæсейы зынгхуыст хъайтартæй дыууæйы сгуыхтдзинæдты тыххæй. Уымæй дæр сæ  иу – Хабибуллин 2008 азы августы хæсты рæстæджы йæ хайбаврæд бахаста Хуссар Ирыстоны территори гуырдзиаг тыхæйисджытæй асыгъдæг кæнынмæ. 2021 азы 3-æм февралы, Уæрæсейы  хъайтары амæлæтыл æртæ азы сæххæсты бон Сирийы Хмеймимы  Роман Филиповæн æвæрд æрцыд цырт.

«Роман Филипов йæ цард снывонд кодта хæрзаудæн хъуыддагæн – нæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынæн. Уый йæ хæдтæхæг сæдæ хатты стæхын кодта арвмæ, йæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнгæйæ, удуæлдайдзинад, æхсардзинад æмæ бæрзонд профессионализм равдисгæйæ. Хмеймимы базæйы йын мыййаг æнæнхъæлæджы æвæрд куынæ æрцыд цырт. Ам хъахъхъæд цæуы сæйраг мысынад, ам адарддæр кæндзысты се службæ Романы æмслужбæгæнджытæ æмæ йын мысдзысты йæ ном, уыдзæн сын хъæбатырдзинады цæвиттон», – банысан кодта Сирийы УФ-йы Гарзджын тыхты къордыл командæгæнæг Алексей Чайко цырт гом кæныны рæстæджы. Ивгъуыд аз та  хъайтар цы бынаты фæмард, уым æвæрд æрцыд мемориалон фæйнæг.

2018 азы 3-æм февралы боны дыккаг æмбисы Сирийы уæрæсейаг майор Роман Филипов йæ диссаджы æхсардзинадæй дисы баппæрста æнæхъæн дунейы. Æгæрыстæмæй, Сербийы президент Александр Вучич фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ адæмы номæй фыстæг ныффыста Роман Филиповы бинонтæм, цыран дзырдæуыд, зæгъгæ, уæрæсейаг тæхæджы сгуыхтдзинад дисы баппæрста сербиаг адæмы.  Филиповы адресыл æппæлæн ныхæстæ нæ бавгъау кодтой, æгæрыстæмæй, америкæйæгтæй  дæр бирæтæ. Уæрæсейы йæ абарстой Мотросовимæ. Уымæн йæ амæлæты размæ йæ фæстаг ныхæстæ – «Это вам за пацанов», зæгъгæ, систы базырджын æмæ зынгæ фразæ, фехъуыстой сæ æнæхъæн дунейы. Йæ ацы фæстаг ныхæстæ фыст æрцыдысты йæ цыртыл дæр.

Уыцы бон, 3-æм февралы Идлибы деэскалацийы зонæйы æхстытæ æруромыны режимыл контроль кæныны тыххæй атахт æххæст кæнгæйæ, майор Роман Филипов цы штурмовик Су-25 СМ-ыл тахт, уый  Маасараны хъæуы районы пысылмон къорд «Джейш ан-Наср»-ы уæнгтæ фехстой хæсгæ зенитон ракетон комплексæй. Тæхæг фæлвæрдта хæдтæхæджы уæлдæфы бауромыныл æмæ афтæмæй фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ сатакæ кодтой ракетæйæ. Фæлæ уæдмæ къуыхцытæ райдыдтой хæдтæхæджы управлениимæ æмæ майоры бахъуыд йæхи парашютыл зæххмæ æруадзын, фæлæ йæ уыцы рæстæджы террористтæ райдыдтой  комкоммæ æхсын. 33 аздзыд Романæн йæ бон бацис æрбадын, фæлæ знаджы территорийыл. Æрæмбæхст  æмæ йæ уавæры тыххæй  фехъусын кодта Хмеймимы агурæн-ирвæзынгæнæн службæмæ. Цыдæр рæстæджы тæхæг æхста террористты æрмæстдæр æм цы иунæг пистолет уыд, уымæй. Фæлæ йæ фæстагмæ бахъуыд йæхи гранатæй спырх кæнын. Уый знæгтæм амынтæй бахауыны бæсты хуыздæрæн равзæрста кадимæ мæлæт. Гранатæйы срæмыгъды фæстиуæгæн ма йæхицæй дарддæр фæмард сты æввахс æм цы цалдæр боевикы бацыдысты, уыдон дæр.

2018 азы 8-æм февралы Роман Филипов æфсæддон цытимæ ныгæд æрцыд йæ райгуырæн горæт Воронежы Кады аллеяйы. Уый уыд штурмон авиацийы иттæг хорз специалист. Уыд фыццаг квалификацион разряды æфсæддон тæхæг.

Æвзонг майорæн йæ амæлæты фæстæ лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы хъайтары ном. Калининград æмæ Владивостокы йæ номыл схуыдтой уынгтæ, Воронежы цы астæуккаг скъолайы ахуыр кодта, уый хæссы Роман Филиповы ном.

Роман Филиповы бюсты цур ма лæууы Уæрæсейы хъайтар, булкъон Ряфагат Хабибуллины цырт. Уый дæр фæмард Сирийы  Пальмирамæ æввахс 2016 азы 8 июлы йæ вертолетыл хæстон хæс æххæст кæныны рæстæджы. Йæ фæстаг атахты булкъон Хабибуллин ифтонг кодта сирийаг æфсады вертолетты хъахъхъæдад, кæцытæ атакæ кодтой боевикты позицитæ. Уымæн  йæ бон уыд тохæй рацæуын, фæлæ куы бамбæрста æнæ йе ‘ххуысæй фæмард уыдзысты йæ хæстон æмтохгæнджытæ, уæд бацыд тохы цæхæрмæ æмæ… Хабибуллинимæ ма йæ фæстаг атахт сарæзта тæхæг-инструктор Евгений Долгин дæр.  Æнæофициалонæй цыртытæ цы бынаты сты, уый ныридæгæн хонынц Кады Аллея. Ацы аз 3-æм февралы æфсæддон службæгæнджытæ маршæй рацыдысты, Уæрæсейы дыууæ хъайтарæн кад кæнгæйæ.

Джиоты Екатерина, газет «Хурзæрин»

Наверх