Не стыр Цæдис куы фехæлд, æргомдзырды заман куы ралæууыд, уæд цыма бирæтæн сæ дзыхты баст феуæгъд, афтæ фесты. Нал сын ис абоны онг дæр арт æмæ фæнык. Дзурынц, фыссынц алы хъылма Советон дуджы ныхмæ. Раст цыма нæ царды уæдæй æвзæрдæр заман никуы уыд, афтæ. Æфсæрмы дæр нæ кæнынц, уыцы цард æрхæссыныл йæ туг чи ныккалдта, уыдонæй.
Стыр Октябры революцийы уæлахиз официалон æгъдауæй кæд 1917 азы нымад æрцыд, уæддæр тохтæ дарддæр цыдысты. 1905 азæй 1920 азтæм революцийы уылæнтæ бирæ адæмы аныхъуырдтой. Фæлæ адæмы ныфс уыд, уыцы хъаймæтæн кæрон кæй æрцæудзæн æмæ сæ цард кæй фæхуыздæр уыдзæн. Мæн сæрмагондæй зæгъын фæнды Ирыстоны революцион змæлды тыххæй. Уæды заманы, канд Цæгат Кавказы нæ, фæлæ Уæрæсейы иннæ регионты дæр Владикавказæй стырдæр революцион змæлд арæх нæ уыд. Ардæм ныццауæзтой æппæт революцион æмæ контреволюцион тыхтæ. “Революция ярче всего выразилась в Осетии как наиболее культурной народности на Северном Кавказе”, – фыста зынгæ революционер Бутаты Хъазыбег.
Владикавказы тохы змæлды тыххæй æппæт дæр хъусын кодтой Ленинæн. Уый æххуыс хъуаг нæ уагъта ног цард аразджыты. Уый тыххæй Ленинмæ революцион хъуыддæгты фæдыл баныхас кæнынмæ алы рæстæджыты ацыдысты зындгонд революционертæ Бутаты Хъазыбег, Калоты Зауырбег æмæ Мамсыраты Саханджери.
Уыдонæй уæлдай Владикавказы ног цард саразыныл архайдтой бирæ хъæбатыр революционертæ: Цæголты Георги, Рæмонты Хадзымæт, Арсæгты Горга, Зортаты Уырысби, Тогъойты Данел, Дзаттиаты Алыксандр, Будтуты Муха, Къесаты Колка æмæ Хъæлæмырзæ, Бетъойты Дигис, Æбаты Шамил, Байаты Чермен, Тауаситы Сослæнбег, Ботъоты Амырхан, Гоститы Андрей, Дзæрæхохты Хадзы-Мурат…
Ленин æнæрцухæй æрвыста, хæсты стырдæр арт кæм сыгъд, уыцы Владикавказмæ, стæй æнæхъæн Терчы республикæмæ хъæбатыр революционерты. Уыдон уыдысты: Серго Орджоникидзе, Ной Буачидзе, Яков Бутырин, Сергей Киров, Яков Маркус, Саша Гегечкори, Сергей Марков, Фома Камалов, Федор Серобабов, Николай Гикало, Соломан Шмулевич, Мамия Орахелашвили, Семен Штыб, Юрий Пашковский, Исидор Черноглаз, Михаил Левандовский, Иван Никитин, Михаил Кольбус … Терчы республикæтæй Владикавказы революцион тохты стыр хъæбатырдзинæдтæ равдыстой кæсгон Бетал Калмыков, мæхъæлæттæ Гапур Ахриев æмæ Хизир Арцханов, цæцæйнаг Аслан Шерипов æмæ сæ нымад чи фæуыдзæн. Ацы хъæбатыр революционерты нæмттæ хæссынц абон Дзæуджыхъæуы уынгтæ.
Мидхæсты историйы стыр бынат ахсынц зындгонд Августы цаутæ. Паддзахы æфсады афицер Бичерахты Георги 1918 азы июлы кæрон Мæздæджы зæхкусджыты растад куы ныцъист кодта, уæд æй æрфæндыд Владикавказ дæр “змæнтджытæй” асыгъдæг кæнын. Уыцы рæстæджы Владикавказы цыд Терчы адæмты æнæрадон съезд. Революцийы разамонджытæ бахатыдысты Бичерахы – фырты адæммæ, цæмæй сæ ма хъыгдарой, кæрæдзи бамбарой. Уыдон сæ рады бадомдтой революцион змæлд бауромын , афтæмæй иу ныхасмæ не ‘рцыдысты.
1918 азы 6-æм августы ныггуыпп кодта тугкалæн хæст. Урсытæн, Бичерахты Георгийæ уæлдай, разамынд лæвæрдтой Лев Соколов æмæ Иван Беликовы æфсæдтæ. Сырхытæн – Орджоникидзе æмæ Левандовский. Тыхтæ иу нæ уыдысты. Цыбыр рæстæгмæ урсытæ æмæ хъазахъхъ бацахстой Владикавказы ахсджиаг оъекттæ, амардтой æмæ æрцахстой бирæ революционерты. Бæрæг нæу, хъуыддаг цæуыл ахицæн уыдаит, фæлæ ног цардыл тохгæнджытæм алырдыгæй æххуыс цæуын райдыдта. Гуырдзыйæ æрбахæццæ Гегечкори 300 большевикимæ, Мæхъæлы æрдыгæй æрбазынд Гапур Ахриев мæхъæлон большевиктимæ, Чырыстонхъæуæй фæдисы æрбахæццæ керменистты стыр къорд Къесаты Хъæлæмырзæйы разамындæй, урсыты ныхмæ хъазуатонæй тох кодтой китайаг бархионтæ, сæ командир Пау – Ти Саны разамындæй. Растадысты Владикавказы Курскы æмæ Молоканты слабодкæты зæхкусджытæ. Хæст ахаста æхсæрдæсæм августмæ. Састы баззадысты урсытæ. Тынг бирæ адæм фæцагъды ис ацы цалдæр боны хæсты дыууæрдыгæй дæр. Ам фæмард сты хъæбатыр революционертæ Къесаты Колка, Гегечкори, Шмулевич, Серобабов æмæ иннæтæ. Ацы тохтæ фылдæр кæм цыдысты, уыцы ран абон иу уынг хæссы Августы цауты ном.
Æдзух хæстыты, уазал, стонг, низтæй, æнæхæцæнгарзæй сихсыдысты революцион тыхтæ. Нал уыд сæ хъару паддзахы гарзджын æфсады ныхмæ тох кæнын. Уыцы уавæрæй спайда кодта инæлар Антон Деникин æмæ Терчы республикæмæ æрвитын райдыдта йе ‘фсæдтон хæйтты. Революцийы разамонджытæ, стæй 11-æм Сырх Æфсады хæйттæ сæхи рæстæгмæ айстой чи Астраханы *рдæм, чи – Гуырдзыстонмæ. Уыдонæй æххормаг æмæ тифæй уыййас аскъуыд æмæ мæрдты ныгæнæг нал уыд. Гуырдзыстонмæ фæндагыл тифæй амардысты Бутырин æмæ Маркус, фыдгæнджыты къухæй Гуырдзыстоны зæххыл æвирхъауæй фæмард сты Гибизты Дебола æмæ Гоститы Андрей.
Сæрмагондæй мæ зæгъын фæнды Дигорайы, уæды Чырыстонхъæуы революцион змæлды тыххæй. Иннæ рæттæй уæлдай хæсты судзгæ арт фылдæр сыгъд ацы хъæуы. Йæ аххосаг та уыд Чырыстонхъæуы активисттæ цы къорд сарæзтой, “Кермен”, зæгъгæ, уый. Ацы революцион къорд бирæ зиæнттæ ракодта урсытæн, паддзахы æфсадæн. Разамынд ын лæвæрдта зындгонд революционер, Мæскуыйы юридикон университеты студент, дыууæ æмæ ссæдз аздзыд чырыстонхъæуккаг Цæголты Георги. Уый революцион куыст кæнынмæ сæрмагондæй æрвыст æрцыд Мæскуыйæ Ирыстонмæ. Георгийы мад уыд ахуыргонд æмæ рухстауæг Джиоты Порайы чызг Пъело.
Къорды бындурæвæрджытæ уыдысты мидхæсты активон архайджытæ Малиты Георги, Тогъойты Данел, Гибизты Дебола, Созæты Тарас, Гоститы Андрей, Кесаты Колка, Æбаты Шамил æмæ иннæтæ. Цыбыр рæстæгмæ къорд сси нæргæ революцион артдзæст. Йæ уæнгтæ уыдысты мины бæрц алы хъæуты. Сæ къухы бафтыд бирæ саразын. Се ‘ргом дæр сæм уымæн раздæхтой паддзахы афицертæ.
1919 азы райдайæны Денкин Терчы облæстмæ куы æрбахæццæ, уæд фыццаджыдæр бардзырд радта Чырыстонхъæу зæххы цъарæй схафын. Уый фæдыл уырдæм æрвыст æрцыдысты Андрей Шкуройы “хъæддаг дивизи” æмæ хъæуыл æрхъула кодтой. Райдианы Шкуро афæлвæрдта сабырæй баныхас кæныныл, керменисттæн бар радта уырдыгæй ацæуынæн, фæлæ ничи сразы. Уæд уал фыццагдæр ныддæрæн кодта, Кавказ чи хъахъхъæдта, 11-æм æфсады уыцы дæлхайæдтæй ма чи аззад, уыдоны.
Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй Сырх Æфсад æмæ революционертæй Ирыстоны бирæ нал уыд, адæмы ма бахъахъхъæнæг кæм уыд, фæлæ Чырыстонхъæуы цæрджытæ æнцонæй сæхи раттынвæнд нæ кодтой. Растадысты адæм паддзахы æфсады ныхмæ, чи фæрæт, чи сагойимæ æмæ хъæбатыр тох самадтой се *фхæрджытимæ. Æххуысмæ сæм Николаевскы станицæйæ æрбацыдысты хъазахъхъаг зæхкусджыты къорд М. Легейдойы разамындæй. Уыцы карз тохты адæмы разæй йæ кæлмæрзæн тырысайау хæсгæ цыд æмæ сæ сæ зæхх бахъахъхъæнынмæ разæнгард кодта нæуæдз аздзыд Гокъонаты Чабæ.
Тох ахаста æртæ боны æмæ сын ницы амал ардтой, фæлæ тыхтæ æмхуызон нæ уыдысты. Керменисттæй ма бынаты чи уыд, уыдон цæг атыдтой, æмæ аирвæзтысты, цæмæй ногæй сæ тыхтæ æрбамбырд кæной æмæ сæ æттæрдыгæй ныццæвой. Мард дæр дзы бирæ æрцыд. Æппынфæстаг, Шкуройы дивизи хъæу бацахстой, басыгътой йæ. Хъæуы алыварс байдзаг иумæйаг ингæнтæ æмæ ауындзæнтæй. Уыцы рæстæджы тифæй уæззау рынчынæй йæ хæдзары хуыссыд Цæголты Георги, каст æм йæ мад Пъело. Уæйгæнæджы æвзагæй хæдзары фæмидæг сты паддзахы æфсæддонтæ æмæ æрдæгмард Георгийы сæ джебогътыл рахастой. Уыцы заман стыр тохтæ цыд Владикавказы дæр æмæ ахицæн урсыты фæуæлахизæй. Рæстæгмæ хицауадæн уал разамынд лæвæрдта паддзахы булкъон Хабæты Бетъа.
Чырыстонхъæуккæгты ацы тох баззад историйы. Шкуро уый фæстæ дисгæнгæ фыста: “Ни один город и не одна станица не оказала мне на всем Северном Кавказе такого упорного сопротивления и не нанесла такого сильного урона”. (Бутаты Хъазыбег. Борьба горцев за революцию. Очерки, 1920 год). Уыцы хæсты Шкуройы “хъæддаг дивизийæ” фæмард дыууæ мин адæймаджы. Чырыстонхъæуы революционертæн æмæ ацы тохы активон архайджытæн абон Дигорайы ис музей æмæ йæм уынынмæ цæуынц алы рæттæй.
Урсыты ацы уæлахиз бирæ нæ ахаста. Революционертæй чи аирвæзт, уыдон баиу сты, Орджоникидзе 11-æм Сырх Æфсадæй цы ног дæлхайæдтæ бацæттæ кодта, уыдонимæ æмæ урсыты ног хицауады сæ хъæлæсы ахастой. Тохтæ дарддæр цыдысты.
Зæгъын ма мæ фæнды паддзахы æфсады хъæбатыр ирон афицертæ – контреволюционерты тыххæй. Уыдонæн Советон дуджы сæ ном тобæгонд уыд, знæгтыл нымад уыдысты, фæлæ сæм абоны цæстæй куы акæсæм, уæд уыдон дæр азымджын нæ уыдысты. Хъахъхъæдтой Райгуырæн бæстæ, сабырдзинад, революцийы идеалтæ хорз уыдысты æви æвзæр, уымæ нæ кæсгæйæ. Уымæн æмæ уыдон ард бахордтой паддзахады сабырдзинад бахъахъхъæныны тыххæй. Стыр кады аккаг сты паддзахы ирон хъæбатыр афицертæ Мыстулаты Елмæрза, Бигъаты Сослæнбег, Бичерахты æфсымæртæ Лазæр æмæ Георги, Хабæты Бетъа, Фидараты Афæхъо, Хоранты Созырыхъо, Туккаты Хъæвдын, Абациты Дзамболат, Зембатты Уырысби, Къибирты Дзамболат, Аготы Владимир æмæ иннæтæ.
Ирыстоны рухстауджытæй уыдысты Байаты Гаппо æмæ Цæлыккаты Ахмæт, фæлæ ног цардаразджытимæ фесты стыр фурды дыууæ фарс, нæ бамбæрстой кæрæдзи, ног царды идеалтæ. Гаппо дзырдта: “Мы, осетины, маленький народ. Достаточно несколько полков и орудий, чтобы полностью уничтожить нас. Не лучше ли нам сохранить наши семьи и наш народ”. Уыцы ныхæстæ дæр фаг уыдысты, цæмæй йæ бæстæйæ фæхауæккаг уыдаит æмæ афтæ дæр рауад. Революцийы знæгтæй ма мидхæсты рæстæг чи аирвæзт, уыцы афицертæ æмæ ахуыргæндтæ сæ мæлæт фæсарæнты эмиграцийы ссардтой. Фæлæ се ‘ппæт нæ. Тынг бирæ уыдысты, хицаудзинады органтæм дзы чи бахауд, уыдон дæр. Уыдоны аххосæй 30-æм азты бæстæйыл атылд ног марæн цалх. Фадат сын фæцис сæ маст райсынæн æмæ куынæг кодтой ног цард саразджыты.
Стыр хъыгаг у, абон бирæтæ ивгъуыды сгуыхтдзинæдтæ цъыф къахы бын кæй кæнынц, мидхæсты ног цардаразджытæ рохуаты кæй зайынц, уый. Революци кæддæриддæр тугкалд у, хорз никуы уыд, фæлæ адæм сыстадысты сæ тыхстæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, ног цард саразджыты къухы алцы аивын нæ бафтыд, уыцы хъæздыджытæ æмæ мæгуыртæ ныр дæр сты, фæлæ уæд ууыл ничи хъуыды кодта. Революцийы хъæбатырты уыд фидæн хуыздæры ныфс æмæ йæм цыдысты. Уый сæраппонд цы милуантæ фæмард сты, уыдоны рухс ном хъуыды кæнын хъæуы.
Куыднæ хъуамæ ныггуыпп кодтаид революци, кæд æмæ паддзахады разамонджытæ адæмы рис не ‘мбæрстой. Стыр диссагæн бакастæн политолог Дмитрий Журавлевы интервью Владимир Жириновскийимæ. Уый æйттæй цъыф калы революцийыл æмæ худы Сталиныл: “Говорят про Сталина: у него были пара сапог и френч. Это все, что он оставил после себя. И что, так миллионы жить должны? Никто не захочет так жить. Ставить в пример нищего человека не нужно. Это что, будет молодежь стимулировать?”. (“Северная Осетия” 11 ноября, 1917 года).
Уый дын паддзахады разамонджытæй иуы хъуыдытæ. Жириновский йæхæдæг чи у, цы сарæзта æмæ Сталиныл худа?
Æниу, бафæрсын аипп ма уæд, революци кæй æрхаста, уыцы Советон цард цæмæй æвзæр уыд? Æргомдзырды заман демократтæй чи агæпп кодта, уыдон сæ ныхтæ ныссагътой 37-æм азы реппресситы. Æдзух пайда кæнынц уыцы хæцæнгарзæй. Хъыг куыд нæ у, нæ интеллигенцийæ ма мидхæсты чи аирвæзт, уыдоны уæд фæцагътой, фæлæ, уæлдæр æй загътон, уыдон мард æрцыдысты революцийы знæгты къухæй. Бынæттæм баирвæзгæйæ кодтой халæн æмæ ардауæн куыст, сæ маст истой… Нæма фæцис уæд революци, цард йæ гаччы нæма æрбадт æмæ цæвæг марæджы нал æвзæрста. Зонын хъæуы уый дæр æмæ ног цард аразын æнæ тугныккалд никуы уыдзæн.
Уæдæ цы зæгъут, “демократтæ” советон дуджы æхсайæмæй нæуæдзæм азты райдайæнмæ цы цард уыд, уый тыххæй та!? Капеччы аргъ продукттæ, лæвар ахуыр, медицинæ… Адæмæн куыст уыд, истой фатертæ, санаториты улæфыдысты лæвар. Советон цардыл абон цъыф чи калы, уыцы фысджытæй бирæтæ æдзух улæфыдысты санаториты, Фысджыты сфæлдыстадон хæдзæртты, райстой цалдæргай фатертæ… Цæуылнæуал улæфынц æмæ исынц ныр фатертæ?
Советон дуджы хæрзтæй æз уыййас ницыуал æрыййæфтон скъолайы ахуыры йеддæмæ, фæлæ йыл мæ зæрдæ никуы сивдзынæн. Мах хæст зыдтам кинотæй, никуы фехъуыстам теракты, экстремизмы кой, наркотик цы у, уый ничи зыдта, ныр та?… Кæддæр советон цардыл, Лениныл, партийыл, революцийыл, колхозон цардыл поэмæтæ, романтæ чи фыста, уыдон сæ кæрц иннæрдæм фæфæлдæхтой æмæ ма сæ уромæг уромы. Уæд адæймаг афтæ къæссавæлдæхт куыд хъуамæ фæуа.
Советон заман адæм кæрæдзийæ кæд сæ удхæссæг уыдтой, уæддæр, закъонæй тæрсгæйæ, уæлдай ныхас ничи уæндыд, фæллой кодтой æмæ цардысты интернацонализмы лозунгы бын. Ныр та хæсты арт куы кæм, куы кæм ныггуыпп кæны. Уæдæ 37-æм æнæхайыры азтæй ныр къаддæр адæм мæлы? Æрмæст терактты цас адæм аскъуыд. Беслæны трагеди Советон дуджы куы æрцыдаид, уæд фыдгæнджыты æнæхъæн хъæутæй фесæфтаиккой. Советон дуг куынæ фехæлдаит, уæд нæ удаиккой Цæгат Иры 92-æм азы, æмæ Хуссар Иры хæстытæ. Цæдисы фехæлдæй адæмæн сæрбос нал ис. Кæй цы фæнды, уый дзуры æмæ аразы. Раздæр адæмæн фидæн уыд, куыстой зæрдиагæй, тырныдтой сæ пълан æххæст кæнынмæ æмæ бæстæ уыд фæрныг. Акæсут ма, дыууæ Ирыстоны дæр цас куыстуæттæ уыд æмæ заууатæй куыд лæууынц. Цæгат Ирыстоны куыстуæттæ уыд сæдæйы бæрц, ныр ма дзы иугæйттæ кусы. Адæмæн куыст нал ис, фæсивæд тыхсынц, бафтыдысты нозтыл, наркотиктыл. Æхцайы тыххæй зæронд кæнынц бирæ лæппутæ æнæусæй æмæ нæ чысыл наци сæфтмæ цæуы. Ныгаффут сты нæргæ колхозтæ æмæ совхозтæ. Советон заман культурæ дидинæг калдта, фаг æххуыс ын уыд паддзахадæй. Ныр æххуыс нæ, фæлæ уымæй дæр базар сарæзтой. Культурæйы объекттæ иугай æхгæд цæуынц. Канд уыдон нæ, фæлæ паддзахады, республикæйы исбонады объекттæ уæйгонд сты иууылдæр. Чи сæ райста, уыдон сæ ныр фæстæмæ арендæйыл дæттынц адæмæн, цыма сæ фыды бынтæ сты, уыйау. Уыдон æхсæнады сты, советон адæмы тугвæллой, æмæ сын иугай адæймæгтæ цæмæн схицау сты? Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав ма дзы архайы истытæ раздахыныл… Кæм цы æнаккаг æмæ фæлитой уыд, йæ къух фыссын чи нæ зыдта, уыдон систы нæ царды хицæуттæ. Ахуыр, æгъдау, æфсарм та фæсдуар æппæрст æрцыдысты. Уый дын демократи.
Сæ ном рох макуы уæд адæмæн хорз цард æрхæссыны тыххæй революцион тохты йæ туг чи ныккалдта, уыдонæн. Мах уыцы цард бахъахъхъæнын кæй нæ базыдтам, нæ домбай Цæдис кæй нызгъæлæнтæ, уым уыдон ницы аххосджын сты…
Джуссойты Нинæ, газет «Хурзæрин»
↑ Наверх