Работа, ученицы Дзауской средней школы Сиукаевой Карины,  занявшая 1 место в республиканском конкурсе сочинений на тему «Геноцид осетинского народа в 1920-ом году… Что я о нем знаю?»

Ирон адӕмы геноцид 1920 аз… Цы зонын уый тыххӕй?

Гуырдзыстоны хицауад Хуссар Ирыстонӕн геноцид куы сарӕзтой, уымӕй рацыд 100 азы. Ирон адӕмӕй никуы ферох уыдзысты гуырдзиаг тугмондаг сырдты фыдмитӕ суанг 1920-ӕм азӕй райдайгӕйӕ. Цас ӕдых сабитӕ  фӕмард фӕндагыл, знагӕй  тӕрсгӕйӕ. Иу ӕмӕ дыууӕ ацӕргӕ адӕймаджы нӕ баисты ивылд доны амӕттаг. Иу  ӕмӕ дыууӕ  ироны  нӕ  фӕмард  карз  уӕззау  низӕй. Рагӕй фӕстӕмӕ гуырдзыйӕн сӕ зӕрды байсын уыд Ирыстоны зӕхх. Хъӕутыл бандзӕрстой арт, сӕхи тавдтой  Ирыстоны  хӕдзӕртты  ӕртытӕм, цин  кодтой ирон адӕмы хъӕбулты зиӕндтыл. Уӕлдай сын нӕ уыд, сабиты цагъдтой, зӕрӕдты, гъе, сылгоймӕгты.

1917 азы Ортъеуы  хъӕуы  арӕзт  ӕрцыд  Хуссар  Ирыстоны  зӕхкусджыты фыццаг  организацион   Цӕдис. Цӕдисӕн къъухдариуӕггӕнӕг уыд Хъуылымбегты Георги. Уыцы Цӕдисы сконды уыдысты: Харебаты Исахъ, Цоциты  Мукга (зӕхкусӕг лӕг), Гассеты  Къоте, Гассеты  Сандыр, Лагкоты  Иликъо, Цоциты  Зураб (солдат, большевик), Цоциты Антон, Лагкоты  Серги. Уыдонӕн ма ӕххуысгӕнджытӕ уыдысты: Коцты Алыксандыр (солдат), Тыбылты Иликъо (Бакойаг кусӕг), Куымӕриддаты Никъа (ӕфсӕнвӕндаджы кусӕг), Уалыты Захар (прапорщик), Хъуылымбегты Сикъо ӕмӕ бирӕ  ӕндӕртӕ. Уыдонӕн сӕ хӕс уыд, цӕмӕй парахат кодтаиккой  большевикон  хъуыдытӕ.

1917 азы фӕззӕджы Калакӕй ӕрбацыд Фӕрниаты Сандро ӕмӕ Гаглойты Георги. Уыдон уыдысты меньшевикты къорды. Уанаты хъӕумӕ ‘рӕмбырд кодтой адӕмы. Сӕ раныхасы дзырдтой, зӕгъгӕ, сымах иунӕгӕй ницы  бакӕндзыстут, фӕлӕ ӕрбалӕуут Гуырдзыстоны социал-демократон партимӕ  ӕмӕ уӕ  цард  дзӕбӕх  ацӕуа. Меньшевикты ӕрвыст лӕгты ныхмӕ ралӕууыдысты Хъуылымбегты Георги,  Цоциты  Мукга, Гассеты  Къоте  ӕмӕ  Цоциты  Къола.  1918 азы фронтӕй  бирӕ  фӕсивӕд  ӕрцыд  ӕд  хотыхтӕ. Уыцы фронтовиктӕй  арӕзт  ӕрцыд  стыр  къорд. Къорды разамонӕгӕй нысан  ӕрцыд  Хъуылымбегты  Георги. Йӕ  хӕдивджытӕ  уыдысты Цоциты  Алекси ӕмӕ  Уалаты  Захар. Уыцы  фронт  ӕххӕст  Залдайӕ   суанг  Ереды  хъӕумӕ. 1918  азы августы  мӕйы Санахъоты Лади  ӕмӕ  Дзаттиаты  Александыр  ӕрцыдысты  Ортъеуы  хъӕумӕ. Уыдон  ӕмбырд  ауагътой  ацы  хъӕуы. Бирӕ  адӕм  ‘рӕмбырд  уырдӕм. Ацы  ҅мбырды ногӕй ӕвзӕрст  ӕрцыд  Ортъеуы-Белоты дӕластъӕрдон  партион  организаци. Сӕрдарӕй ӕвзӕрст  ӕрцыд Цоциты  Къола. Уӕнгтӕй  та   ӕвзӕрст  ӕрцыдысты: Мамытаты Габо, Цоциты  Ягор, Лӕууойты  Серго, Годжыцаты  Ладо, Цоциты  Гриша ӕмӕ Татъе. 1919  азы  ацы  къорд  меньшевикты  ныхмӕ  растад  сарӕзтой, фӕлӕ иуӕй  цъус  уыдысты, иннӕмӕй  та  сӕм  хӕцӕнгарз  фаг  нӕ  уыд  ӕмӕ  састы  бынаты  баззадысты. Уый  фӕстӕ  гуырдзиаг  меньшевиктӕ сӕхи  хӕцӕнгарзӕй  сифтонг  кодтой, ӕрбабырстой, адӕмы  фӕтардтой  Цӕгат  Ирыстонмӕ, басыгъдтой  хъӕутӕ.

Гуырдзиаг сармадзантӕ  бацыдысты  Джеры  цъаламӕ. Мӕ  ахуыргӕнӕг  Гассеты  Анфисӕ  куыд зӕгъы, афтӕмӕй  йӕ фыды  мад  Кумситы  Сасинкъайыл  цыд  12  азы. Йе  ҆фсымӕр  ӕмӕ  йӕ  хотимӕ  скъӕрдтой  фос  Рукъы   фцӕгыл. Шипраны бынмӕ цъалайы  уыд  хъӕдын  хид. Уыцы  хидыл  ахызт  Кумсион  йӕхӕдӕг  дӕр. Хидыл  цӕугӕйӕ  йӕхи  цӕстӕй  федта сылгоймагӕн  иу  сывӕллон  йӕ  хъӕбысы уыд, иннӕ  та  йе  ҆ккой. Фӕстаг сывӕллон фӕцӕйхаудта, ӕмӕ фӕлӕбурдта сывӕллонмӕ, ӕмӕ уӕд дыууӕ сывӕллоны  дӕр ивылд  доны  смидӕг  сты. Уыцы  ӕвирхъау  ныв  фенгӕйӕ, адӕм  се  ҆ппӕт  дӕр  ставд  цӕссыгӕй  куыдтой. Сывӕллӕтты  мадӕн та йӕ  кӕуынӕй  бӕстӕ  рызти. Уыцы  хидыл  хизгӕйӕ иу  сылгоймаг фӕцӕйхаста  хуыйӕн  машинӕ «Зингер».  Йӕ цардӕмбал фӕмӕсты, фӕлӕбурдта машинӕмӕ ӕмӕ  йӕ  ивылд  донмӕ  фехста. Ӕмӕ  хъӕрӕй  загъта «Ай  мӕнӕ сӕфгӕ  куы  кӕнӕм, уӕд ма дӕ машинӕ  та цӕмӕн бахъуыди».

Адӕмыл сыстад халерӕ. Кумсионӕн йӕ цӕгат  иуылдӕр  фӕрынчын сты  уыцы  низӕй. Ныххӕццӕ сты Салуыгӕрдӕнмӕ. Уым сӕм хорз цӕстӕй ракастысты се ҅мтуг ирон адӕм, рӕвдыдтой сӕ хъарм фӕлмӕн ныхас  ӕмӕ  ҆ппӕт уавӕрты дӕр. Тифӕй чи фӕрынчын, уыдон цардысты кӕмдӕр къӕдзӕхлӕгӕты. Уырдӕм сын хастой хӕринаг. ‘Рӕвӕрдтой-иу ӕй нысан бынаты ӕмӕ-иу ӕй уырдыгӕй рынчынтӕ сӕхӕдӕг ахастой. Кумсионы цӕгат сӕнӕниз сты, фӕлӕ иннӕ адӕмтӕй бирӕ фӕцагъд ис. Уыцы цаутӕ дзургӕйӕ иу Кумсионӕн йӕ цӕссыг донау уади йе  ҆нцъылд уадултыл ӕмӕ-иу  йӕ  кӕлмӕрзӕны  къабузӕй  йӕ хъарм  цӕссыгтӕ  асӕрфта.

1920 азы гуырдзиаг тугдзых сырдтӕ ҅рмӕст Джеры коммӕ не ‘рбабырстой, фӕлӕ бахӕццӕ сты Дзаумӕ ӕмӕ иннӕ ирон хъӕутӕм дӕр. Мӕ мады мад куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ ӕрбынат кодтой Хслебы хъӕуы, уырдыгӕй ӕхстой  Бузаламӕ. Цӕрджытӕ бамбӕхстысты Лыккоты скъӕты. Райсом уӕрдӕттыл, фистӕгӕй  цыдысты  Дзӕуджыхъӕумӕ. Лигъдӕттимӕ  уыд  мӕ нанайы  фыды  фыд Джиоты  Никъала ӕд бинонтӕ, иу  аз  ӕмӕ  ‘рдӕгаздзыд  сывӕллӕттӕ  семӕ, афтӕмӕй сӕ сӕр  ӕфснайдтой.

Ресы  хохы  сӕрты  хизгӕйӕ лигъдӕтты  ӕрбацӕййӕфтой гуырдзиаг  лӕгмартӕ. Лигъдӕттӕн  сӕ  сӕр  сӕ  кой уыд. Никъалайӕн  уыд фондз сывӕллоны, цыппар  лӕппу ӕмӕ иу  чызг. Мад  цы  ацарӕзтаид  йе  фондз  хъӕбулӕн, кӕм  сӕ  бааууон  кодтаид. Уый  хорз  зыдта иууылдӕр  сӕ  хъысмӕт  адзалмӕ  кӕй  цӕуы,  уый, йӕ  иунӕг  чызджы  хъарм  батыхта, ‘рывӕрдта  йӕ  фӕсвӕд  къутӕрты  бын. Уӕд  ын  йӕ  мад  бауайдзӕф  кодта, зӕгъгӕ, уаих  фӕуай, кӕд  хъӕддаг  сырд нӕ дӕ, бирӕгъ  дӕр  ма  йӕ  лӕппыны  куы  не  ‘ппары, уӕд  ды  дӕ  сывӕллоны  куыд  аппӕрстай. Уый уыд Багаты Къекъе. Фӕстӕмӕ раздӕхт, систа сывӕллоны, йӕ  риумӕ  йӕ  ‘рбалхъывта ӕмӕ йӕ  рахаста, фӕлӕ  йын ӕрдӕгфӕндагыл йӕ къухы амард. Сывӕллон куырдта дон, фӕлӕ никуы уыд дон ӕмӕ йын цы радтаид. Лигъдӕттӕ лыгъдысты Ресы хохы сӕрты. Сывӕллон фӕндагыл фӕрынчын уӕззау низӕй ӕмӕ амард. Уым мардысты иннӕ лигъдӕтты сывӕллӕттӕ дӕр. Фӕндагыл чи куыд мард, афтӕ сӕ ныггӕдтой бӕрӕг рӕтты. Уыцы нымӕцы Никъалайы хъӕбул дӕр.

Холерӕй рынчынтӕ дзы тынг бирӕ уыд, задысты фӕндӕгтыл, зӕппадзты. Удгас ма чи баззад, уыдон цардысты Дзӕуджыхъӕуы интернаты. Уыцы нымӕцы мӕ нанайы фыд Джиоты Уазно дӕр. Никъалайы хистӕр ӕфсымӕр дӕр йӕ бинонты арвыста Дзӕуджыхъӕумӕ. Йӕхӕдӕг не сразы йӕ сӕр ӕфснайыныл, ӕз, зӕгъгӕ, зӕронд дӕн ӕмӕ мӕнмӕ нӕ февналдзысты. Фӕлӕ уӕддӕр ӕрцӕттӕ кодта йӕ  хотыхтӕ. Цалынмӕ, дам, дзы искӕй амарон, уӕдмӕ мӕ маст не ссӕудзӕн ӕмӕ мын стӕй мӕхи дӕр амарӕд. Гуырдзиаг лӕгмартӕ сӕ сырдон ми нӕ ныууагътой ам дӕр. Бакодтой ӕнӕбон зӕронд лӕджы хӕдзары ӕмӕ йыл арт бандзӕрстой. Фӕстӕдӕр куы ‘рыздӕхтысты йӕ бинонтӕй ма удгас чи баззад, уыдон, уӕд ын йӕ хӕдзары сыгъдтытимӕ ссардтой йӕ сыгъд стӕг дӕр.

Куы ‘рсабыр бӕстӕ, уӕд тынг бӕллыдысты Бузалайы цӕрджытӕ сӕ хъӕумӕ ‘рыздӕхынмӕ. Иу бонмӕ снысан кодтой ӕмӕ рараст сты къахӕй. Фӕндагыл ма бӕргӕ агуырдтой сӕ хъӕбулты ингӕнтӕ, фӕлӕ сын сӕ фӕд дӕр нал ссардтой ӕмӕ  зӕрдӕрисгӕйӕ ‘рхӕццӕ сты сӕ хъӕумӕ. Фӕлӕ та ам дӕр хуыздӕр ницӕуыл сӕмбӕлдысты. Иу хӕдзар, иу хъӕу дӕр ӕнӕсыгъдӕй нал ‘рыййӕфтой.

Бон цӕуы ӕмӕ фарн йемӕ хӕссы. Куыст цардӕн фӕрӕз у, зӕгъгӕ, загътой цӕрдзытӕ, ӕмӕ та ‘рывнӕлдтой ног цард аразынмӕ. Никъала йӕ дыууӕ фыртимӕ цыд хъӕдмӕ, ракодтой-иу лыстӕг уистӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕ сарӕзтой сӕхицӕн балӕууӕндон. Нал хуыссӕн уыд, нал дзаума. Никъалайы бинойнагӕн Дзӕуджыхъӕуы радтой хъарм бийгӕ кӕлмӕрзӕн. Ӕхсӕвӕй-бонӕй нуӕрста уыцы кӕлмӕрзӕны йӕ чысыл сабиты. Уый дзырдта, зӕгъгӕ, ацы кӕлмӕрзӕн у мӕ хъӕбулты ирвӕзынгӕнӕг. Никъалайы бинойнаг Къекъе уыд хӕрзарӕхст къухты хицау, хорз  рӕхст хуыйынмӕ, бийынмӕ. Уый хуыдта дзабыртӕ, уӕлӕдарӕстӕ йӕ хъӕбултӕн ӕмӕ афтӕмӕйты хъомыл кодта йӕ хъӕбулты.

Хъӕуы ма цы сыгъд кусӕнгӕрзтӕ баззад, уыдон сцалцӕг кодтой ӕмӕ афтӕмӕйты кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой цӕрджытӕ. Бинонтӕ чысыл кӕрӕдзийыл хӕцынхъом куы фесты, уӕд Никъала куыстагур ацыд Сомихстонмӕ. Уым куыста ӕрхуыуадзӕн заводы. Акуыста дзы чысыл рӕстӕг, фӕлӕ уым фӕрынчын ӕмӕ фӕстӕмӕ ‘рыздӕхт йӕ райгуырӕн зӕхмӕ. Уӕззау низы фӕстӕ ма иучысыл ацард, стӕй амард.

Никъалайы мӕлӕты фӕстӕ бинонтӕн сӕ цард фӕуӕззау, хӕдзары уӕз ӕрӕнцад Къекъейы уӕхсчытыл. Сылгоймагӕн тынг зын уыд сидзӕр сабиты хъомыл кӕнын. Ӕндӕр гӕнӕн нал уыд ӕмӕ йӕ хистӕр лӕппу Уазнойы ӕркодта Дзӕуджыхъӕуы интернатӕй. Сывӕллон ахуырмӕ ӕвзыгъд уыд, ӕмӕ йӕ нӕ уагътой, скъолайы кӕй ахуыр кодта, уый тыххӕй. Мад ӕмӕ фыды фӕндыд, цӕмӕй сӕ хъӕбул  сахуыр уа, фӕлӕ сӕ бӕллицц не  ҆сӕххӕст. Уыд стонг аз, хӕринаг нӕ уыд, хордтой алыхуызон кӕрдӕджытӕ, фӕлӕ уыдон дӕр иуы кӕцӕй бӕззыдысты, уыд дзы хъӕстӕ кӕрдӕджытӕ дӕр, срӕсыдысты-иу, стӕй-иу амардысты.

Не скъолайы кӕстӕр кълӕсты ахуыргӕнӕн Цыхуырбаты Розӕ Сергейы чызг куыд радзырдта, афтӕмӕй стыр уӕззаудзинад бавзӕрстой Цхуырбаты Писыры  хӕдзарвӕндаг дӕр. Писыр йӕ бинонты ӕд сабитӕ арвыста иннӕ лигъдӕттимӕ хъӕдмӕ. Йӕхӕдӕг  не сразы ӕмбӕхсыныл. Ӕз, дам, зӕронд  лӕг  дӕн ӕмӕ  мӕ  цы  хъавынц, мӕн  амарынӕй  цы  рацӕудзӕн, ӕз  мӕ  хӕдзар  нӕ  ныууаддзынӕн, ӕмӕ мӕ  сӕр  нӕ  бафснайдзынӕн, зӕгъгӕ, загъта  Писыр. Фӕлӕ гуырдзиаг  фыдгӕнджытӕ  нӕ  бакастысты  зӕронд  у ӕви  ӕвзонг. Ралыг  кодтой зӕронд  лӕджы  сӕр. Хъӕуыл арт бафтыдтой, атардтой фос гуырдзиаг меньшевиктӕ. Ӕхст куы ‘рсабыр, уӕд хӕдзармӕ’рбацыд Писыры  лӕппу Никъифор (Митъил). Уый  агуырдта йӕ фыды, хъӕр ӕм кодта, фӕлӕ  ма  йӕм  кӕцӕй  цы  сдзырдтаид. Кӕсы  лӕппу  ӕмӕ  хӕдзары   астӕу  лӕууыд  йӕ фыды  гуыр, къуымы  та хаудӕй  лӕууыд сӕры  къуыдыр. Куыд  нӕ  рафыхт  йӕ маст лӕппуйӕн, фӕлӕ  цы гӕнӕн уыд, ӕнӕхотых ӕнӕхӕцӕнгарзӕй сын цы  ракодтаид. Рафтыдта йӕ  астӕуӕй йӕ рон, мардыл ӕй  бабаста ӕмӕ йӕ афтӕмӕй  ӕддӕмӕ  раласта. Хӕдзары  къулы  фарсмӕ скъахта  уӕрм  ӕмӕ  йӕ  уым  баныгӕдта. Хӕст куы ‘рсабыр, уӕд-иу  сывӕллӕтты  нӕ  уагъта уыцы  бынаты  хъазын, дзырдта-иу  сын: «Уым  уӕ фыды  фыд  ныгӕд  ис».

Бонтӕ  цыдысты, куыстуарзаг  адӕм  ногӕй  фыдӕбӕттӕ  кодтой. Сарӕзтой  сӕ   хӕдзӕрттӕ  сӕ  къух  сӕ  куыд  амыдта, афтӕ. Никъифор  ӕркодта  бинонтӕ. Йӕ   зӕрдӕ  рухс  кодта  сывӕллӕттӕй, фӕлӕ дзы  нӕ  рох  кодта  йӕ  фыды  мӕлӕт. Йӕ  удхӕссӕг  уыдысты   гуырдзы. Гуырдзиаг ныхас ӕмӕ дзырд «Гуырдзы» йӕ зӕрдӕйыл карды цӕфау ӕмбӕлд. Афтӕ-иу дзырдта, гуырдзы, дам, мын мӕ  фыды  мӕ  разы дыууӕкъух  хырхӕй  хуыйы  ‘ргӕвст  акодтой. Уый  та  уыд  афтӕ. Писыр  йӕ  бинонты  хъӕдмӕ  куы  ‘рвыста  ӕмбӕхсынмӕ, уӕд  ма  Никъифор  ралыгъд  фӕстӕмӕ  ҆рдӕгфӕндагӕй, цӕмӕй  йӕ  фыдӕн балӕгъстӕ  кодтаид  ӕмӕ  йӕ  ракодтаид. Куы  бахӕццӕ  хӕдзармӕ  хӕстӕг, уӕд  гуырдзиӕгты  баййӕфта  йӕ  фыды  маргӕ.

Иухатт  куы  уыд, уӕд  сӕ  хӕстӕг  сылгоймаг иу дзуарыбон фӕуазӕг йӕ  сыхаг гуырдзиаг сывӕллӕттимӕ Никъифортӕм. Фынджы уӕлхъус куы  ‘рбадтысты, уӕд  Никъифор афарста сылгоймаджы, зӕгъгӕ, дын  чи  сты  ацы сывӕллӕттӕ та. Уӕд  ус  дзуапп  радта, уыдон  мӕ  гуырдзиаг  сыхӕгтӕ  сты. Никъифор  арвы  цӕфау  фӕци. Фӕхъӕр  кодта: «Цӕмӕн сӕ  ӕрбакодтай? Ӕз  гуырдзыйӕ  мӕ  удхӕссӕг  уынын, сӕ  кой  дӕр  зын  у  мӕ  зӕрдӕйӕн! Мӕ  фыды  мын  мӕ  разы  хуыйы ‘ргӕвст  акодтой. Ме ҅знӕгты сывӕллӕтты  мӕ  хӕдзары  куыд  нӕ уынон! Тагъд сын  сӕ  къухтыл  ныххӕц ӕмӕ сӕ  фӕстӕмӕ акӕн! Сӕ кой  дӕр  сын  куыд  нӕ хъусон». Никъифоры хъӕбулы  хъӕбултӕн  зын  уыд  сывӕллӕтты  сурын, чысыл  сабитӕ  не  ҆мбӕрстой  цӕмӕн  сӕ  ‘рвиты. Не  ҅нкъардтой  йӕ  зӕрдӕйы  цы  стыр  маст  ис,  уый.

1920 азы цаутӕ ирон зынгӕ фысджытӕ хурмӕ рахастой гуырдзиаг меньшевикты цъаммар митӕ. Куыд, зӕгъӕм, Плиты Харитъон йӕ поэмӕ «Сӕлимӕт»- ы. 1920 азы  Харитъоныл цыд 12 азы. Сӕлимӕт уыд йӕ хо, йӕ ном хуынд  Эрмо. Йӕ хойы йын  куы  асъӕфтой гуырдзиӕгтӕ, уӕд йӕ фӕстӕ куыдта. Фӕстӕдӕр йӕ лӕджы кармӕ куы бахызтис, ӕмӕ йӕм поэтикон хъӕлӕс куы фӕзынд, уӕд ныффыста  ӕнӕмӕлгӕ  поэмӕ  «Сӕлимӕт». Йӕ  хойы  ном  Сӕлимӕтмӕ раивта.

Гуырдзиаг лӕгхор цъаммар митӕ хурмӕ хӕссы Коцойты Арсен  дӕр  йӕ  радзырдтӕ «Саломе» ӕмӕ  «Ӕнхъӕл  нӕ  уыдысты»-йы.

Ирон зынгӕ фыссӕг Дзесты Куыдзӕг  дӕр  йӕхи  цӕстӕй  федта гуырдзиӕгты  ӕбуалгъ митӕ. Лидзӕг адӕмимӕ йӕхӕдӕг  дӕр  уыд  Куыдзӕг. Йӕ радзырд «Хур скӕсӕны ‘рдӕм нӕ  ныгуылы» ирон  литературӕйы ахсы йӕхи сӕрмагонд бынат.

1920 азы меньшевикты хицауады  ныхмӕ  тохы  ахст  ӕрцыдысты  15  коммунары. Тынг  сӕ  фӕнадтой  ӕмӕ  сӕ  ӕрдӕгцъӕлтӕй  ныппӕрстой  ныккӕнды. Уыцы ‘хсӕв иу чысыл  рудзынджы хуынкъӕй  абырыдысты  дыууӕйӕ: Гуыцмӕзты  Уаса (Сарабукъаг) ӕмӕ  йе  ҆мбал. Фӕцыдысты  дон-дон ӕмӕ  аирвӕзтысты. Иннӕ 13  лӕппуйы фыднад  фӕкӕнгӕйӕ  аконд  ӕрцыдысты Згъудеры  уӕлмӕрдмӕ. Ингӕны былыл  куы  ‘рлӕууыдысты, уӕд дзы  иу тӕлтӕг лӕппу  асӕррӕтт кодта ингӕны  былӕй. Гуырдзиӕгтӕй сӕ иу афтӕ бакодта, зӕгъгӕ, ауадзут ӕй, йӕ амонд у ӕмӕ уадзмӕ лидза. Лохты Артъём размӕ ралӕууыд  ӕмӕ афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, йӕ ӕз нӕ  бауадздзынӕн лидзын. Бӕхыл абадти ӕмӕ йӕ  фӕстийӕ асырдта. Сӕййӕфта  йӕ  ӕхсты  бӕрц  ӕмӕ  йӕ  чъылдымӕрдыгӕй  фехста. Бабаста  йӕ йӕ  бӕхы къӕдзилыл  ӕмӕ йӕ хыр-хыргӕнгӕ раласта. Ныппӕрста йӕ ингӕны. Уыцы лӕгмартӕй  дыууӕ уыдысты иронӕй чи  сгуырдзиаг ис, ахӕмтӕ: Майсурадзе Ило (Мамсыратӕй) ӕмӕ Къасрадзе  Гогиа (Къалатӕй). Гогиа 9-ӕм лӕджы куы фехста, уӕд йӕ наганы лулӕйӕн пъатӕ кодта.

Фӕстӕдӕр ирон адӕм гуырдзиаг тӕппуд фыдгӕнджытыл скодтой ӕгады зарджытӕ:

«Жордания хӕрӕг ласта,

Гегечкъури  дзӕргъ.

Кӕрӕдзийӕн бафӕдзӕхстой

Макӕмӕн ӕй зӕгъ.»

1920 азы 8-ӕм июны Козаты Разден ӕмӕ Рӕмоны фырт ӕрвыст ӕрцыдысты Мӕскуымӕ Ленинмӕ. Меморондумы фидарӕй дзырдӕйуы, зӕгъгӕ, Хуссар  Ирыстон  у Советон Уӕрӕсейы  ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ хай. Иумӕйагӕй нын ницы  ис, ӕмӕ  нӕ  нӕдӕр  фӕнды меньшевикон Гуырдзыстонимӕ. Уый адыл фӕллойгӕнджыты  фӕндонмӕ  гӕсгӕ  Сырх  Ӕфсад ӕвӕстиатӕй хъуамӕ бацахса Хуссар  Ирыстоны. Улӕфты  рӕстӕджы  Разден  Ленинмӕ  радта  фыстӕг, цыран  дзы  куырдтой, цӕмӕй  йемӕ 2-3 минуты бӕрц баныхас кодтаид. Ленин ӕй уайтагъд йӕхимӕ райста ӕмӕ  йӕ  рафӕрс-бафӕрс  байдыдта. Разден ӕм радта Меморондум. Разден цыбыртӕй радзырдта Хуссар Ирыстоны растады тыххӕй, Советон Уӕрӕсеимӕ баиукӕныны тыххӕй. Лӕмбынӕг бамбарын кодта Хуссар Ирыстоны фӕллойгӕнджыты  фӕндон. Ленин Меморондум бакастис ӕмӕ хӕларзӕрдӕйӕ загъта: «Зынаргъ хӕххон ӕмбал! Ды, чи зоны ӕмӕ уӕ хӕхты онг дӕр нӕма бахӕццӕ уай, афтӕ меньшевиктӕ сау денджызӕй дӕр ахиздзысты. Ма тыхс, ацу уӕхимӕ ӕмӕ  Хуссар Ирыстоны хӕстон организацитӕн мӕ номӕй салӕмттӕ ратт». Ленин хӕларзӕрдӕйӕ  Раздены  къух тыхджын нылхъывдта. Разден ын бузныг загъта ӕмӕ иттӕг райгондӕй  рацыд.

1920 азы  июны  гуырдзыстоны  меньшевиктӕ тард  ӕрцыдысты  Хуссар  Ирӕй. Хуссар Ирыстоны адӕм ‘рывнӕлдтой ног цард аразынмӕ.

Фӕлӕ та уӕддӕр Гуырдзыстон йӕ сырдон  митӕ  нӕ  ныууагъта. Ногӕй та йӕ сау  марг  байтыдта, куыд 1992 азы, афтӕ 2008 азы дӕр. Мах куыд кӕстӕр  фӕлтӕр, хъуамӕ ма рох кӕнӕм не ҆взаг, нӕ истори, ахуыр кӕнӕм нӕ рагфыдӕлтӕ нын  цы  кадджын ӕгъдӕуттӕ ныууагътой, уыдон ӕмӕ макуы ‘руадзӕм  Ирыстоны  кад  дӕлӕмӕ. Ӕлгъыст фӕуӕд мыггагмӕ не знӕгтӕ. Махӕн та нӕ Ирыстон размӕ цӕуӕд, дидин ӕфтауӕт! Цъӕх денджызау нӕ сӕрмӕ фӕйлауӕнт Ирыстоны сабырады тырыса!

Наверх