Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадон фæндæгтыл чи дзура, уый нæ ахиздзæн Гаппойы иувæрсты. Йæ дуджы хъазуатон зиууон уыд алы хъуыддаджы дæр, йæ лæггæдтæ Ирыстоны раз цæсты ахадгæ уыдысты æмæ сты абон дæр. Æвæццæгæн, уыцы лæггæдтæ йæ рæстæджы нæ бахъардтой Иры дзыллæмæ æмæ сæ уый дæр æрнымадта иу къаннæг уацы. Цыбыртæй ракæнæм сæ кой.

Гаппойæн йæ сагъæс  егъау уыд Ирыстоны  культурон фронтыл. «Йæ культурон æмвæзад ын фæбæрзонддæр кæныны (Ирыстонæн — П.Г.), ирон æвзаг райрæзын кæныны тыххæй æз бирæ хъарутæ æмæ фæрæзтæ бахардз кодтон». Нымайы сæ:  «1897 азæй 1900 азмæ æз мыхуыры рауагътон не ‘рыгон литературæйы фыццаг уацмыстæ, уæды зындзинæдтæ æмæ цензуратимæ тохгæнгæйæ. Уыдонимæ уыдысты Къубалты Александры «Æфхæрдты Хæсанæ», Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр» æмæ мæхи уацмыстæ «Ирон аргъæуттæ», «Ирон æгъдæуттæ», «Ирон  æмбисæндтæ», альманах «Фарн», «Тамако  ма дымут»,  «Нозт марг у» æмæ æнд.

Тбилисы  цæргæйæ, уый уыд газет «Ног цард»-ы редактор, Берлины рауагъта  Къостайы «Ирон фæндыр» — 1922 азы йæхи фыст стыр разныхасимæ, йæхи талмацæй рауагъта «Алгъуызы кадæг» йæхи разныхасимæ.

Ирон адæмы царды ахсджиагдæр фарстытæй иууыл сæйрагдæрыл нымадта зæхх æмæ дзыл-лæйы иудзинад. Йæ фæдзæхст уыд, уыдон хъахъхъæнын Мæздæджы быдыртæй Гудзареты онг.

Бирæ дзырдта Гаппо ирон литературæйы рæзтыл, йе ‘нтыстытыл, уыцы æнтыстытæ кæддæриддæр бæтты Къостайы зонд æмæ лæджыхъæдимæ.

Байайы фырт цардис стыр скъæрæнты дуджы, бæстæ цæджджинагау куы фыхт, ног цард ног æгъдæуттимæ гуырын куы райдыдта, раст ахæм дуджы. Дуджы улæнтæ базмæлын  кодтой Гаппойы дæр, ис фыды зæххæй фæцис æнæхай, йæ сыджыты хай  разынд Германы зæххыл.

Кæмдæриддæр уыдис Гаппо, йæ зæрдæ никуы сивта йæ адæм æмæ Ирыстоныл, кæд йæ дунеæмбарынады ныхмæвæрддзинæдтæ фæзынд, уæддæр.

Берлины университеты дæр амыдта, чи сты ирæттæ, цахæм у не ‘взаг, цы фæндæгтыл лæууы ирон литературæйы хъуыддаг.

Ирыстоныл хъуыдыгæнгæйæ, Гаппойы раз кæддæриддæр уыдис Къостайы рухс  фæлгондз. Цы иудзинад уыд се ‘хсæн, цахæмтæ уыдысты сæ ахастытæ, ууыл цæудзæн ныхас дарддæр.

Къоста йæ рæстæджы Иры интеллигенцийæ кæуыл æмбæлд, йæ сагъæстæ æмæ йæ хъуы-дытæ æнæвгъауæй кæмæн дзырдта, йæ маст æмæ йе стыр бæллицтæ кæимæ дих кодта, уый уыдис, йæ рæстæджы  хъуыстгонд чи уыд, уыцы Гаппо.

Уый уыдис Дзæуджыхъæуы сæргълæууæг (мэр), Ирыстоны æхсæнадон æмæ культурон царды æнувыд кусджытæй иу.

Гаппойы тырнындзинæдтæ, йæ бæллицтæ уыдысты: адæм культурон-рухсадон куыстмæ бавналой, цæрой хæларæй сыхаг адæмтимæ, адæмы зæххæй сифтонг кæнын, рæзгæ фæлтæры ахуыры фæндагыл бафтауын.

Ирон лæг уыд Гаппо. Уарзта ирондзинад, фæлæ уый йæ бынаты кæй нæ уыд, уый тыххæй 1907 азы газет «Ног царды» №6 номыры афтæ фыста: «Бынат нæ уыди нæ ирон скъолайы ирон зæрдæйы ахастæн, ирон ныхасæн, ирон зарæгæн, музыкæйæн, ирон æгъдæуттæн, ирон аргъауæн, ирон таурæгъæн».

Ирон литературæйы рæзты фарстытыл арæх ныхас кодта Гаппо. Алы хатт дæр æмæ алы ран дæр Къостайы æвæрдта фыццаг бынаты.

Бирæ фыста Гаппо Къостайы тыххæй. 1920 азы, газет «Ног цард»-ы №6 номыры зæрдæбын ныхæстæ фæкодта Къостайыл. Æмдзæвгæ «Балцы зарæг»-ы Гаппо нымадта программон уацмысыл æмæ дзы банысан кодта цыппар ахсджиаг хъуыддаджы: ирондзинад, æфсымæрдзинад, рæстдзинад, рухсмæ тырнын.

Гаппо Къостайы нымадта ирæтты фæтæг æмæ раздзогыл, сæ хъайтарыл. Мидхæсты азтæ, Октябры революци цы стыр фæндаг гæрзтой размæ, уым Гаппо нал разынд. 1920 азты айста йæхи Ирыстонæй Калакмæ, уырдыгæй — Европæмæ. Шамилы загъдау: «Ацыд сæфты фæндагыл».

Берлины цæргæйæ дæр Гаппо йæ бастдзинæдтæ нæ фесæфта Ирыстонимæ. Ууыл уал дзурæг у уый дæр, æмæ 1922 азы Гаппо Берлины рауагъта Къостайы «Ирон фæндыр» егъау раз-ныхасимæ.

Æниу Гаппо «Ирон фæндыр»-имæ уый размæ дæр зонгæ уыд. Фыццаг хатт мыхуыры куы цыд, уæд æй Къоста Гаппойæн бафæдзæхста, зæгъгæ, дæ хъус-иу æм фæдар. Гаппо Къостайы куырдиат сæххæст кодта, чиныг Къоста райста Петербурджы госпитальмæ. Уæд стыр быцæу рауад Къоста æмæ Гаппойы ´хсæн. Гаппо бавдæлд æмæ систа чиныгæй цалдæр æмдзæвгæйы («Додой»,  «Ракæс», «Катай» æмæ æнд.), баивта Къостайы дзырдты. Къоста уæд Гаппойы рахуыдта «сау хъус хæрæг».

Царды размæцыдимæ ивынц рæстæджы хъуыдытæ дæр. Уый зæгъын уымæн, æмæ уыдис рæстæг, Гаппойы банымадтой знагыл, Къостайы æфхæрæгыл. Зæгъæм, Къостайы  æвæрæн бон Хъуысаты Хъасболат фыста: «Марды фæстæ цыдысты Къостайæн йæ политикон знæгтæ дæр: Байаты Гаппо — мард бавæрыны процессийæн æгъдау дæдтæджы роль æххæстгæнæг, Бигъайы фырт, Вырубов, Малкоедов, Вертепов æмæ паддзахыл æнувыд чи уыд, ахæм æндæр адæймæгтæ, инæлар Кахановы фæдонтæ, Къостайыл цъыф калджытæ æмæ уæйгæнджытæ…»

Къоста 1893 азы газет «Северный Кавказ»-ы ныммыхуыр кодта йæ зынгæ поэмæ «Кæмæн ис хъæлдзæг цард». Йæ поэмæйы Къоста карзæй бафхæрдта хæдхæцæг паддзахы кавказаг чиновникты, равдыста сæ гæртамхортæй, къазнастигъджытæй, бюрократтæй, адæмы æфхæрæг гуымиртæй. Хъуысаты Хъасболат кæй кой кæны, уыдонæй Къостайы поэмæйы сты Каханов (Терчы зылды хистæр), Вырубов (Налцык æмæ Дзæуджыхъæуы окруджы хистæр), Вертепов (статистикæйы комитеты сæрдар æмæ Терчы зылды музейы сæргълæууæг).

Гаппойы кой нæ кæны Къоста, никуы дæр æй нымадта «политикон знагыл».

Къостайы царды фæстаг азтæ зæрдæрисгæ хъуыддæгтыл дзурæг сты. Къоста ссис уатон рынчын. Нæй йæм æххуысы къух фæкæнæг. Ам дæр та разынд Гаппойы лæгдзинад. 1904 азы газет «Терские ведомости»-йы мыхуыр æрцыд йæ уац: «Къостайы пайдайæн æххуысы фæрæзтæй». Ам Гаппо нырма фæдзырдта Къостайы тыххæй. Кæй у зынгæ æхсæнадон  архайæг, поэт æмæ публицист. Йæ кой кæй у хъуыстгонд горæттæ Ставраполь, Екатеринодар, Пятигорск æмæ Владикавказы. Зæгъы: Къоста у ирон адæмы фæтæг, йæ «Ирон фæндар» алы  ирон лæгæн дæр зынаргъ у, куыд Украинæйы Шевченкойы «Кобзарь».

Гаппо уæд бузныгæй баззад Æрыдоны ирон фæсивæдæй, дохтыр Хъуылайы фыртæй, гимназы чызджытæй, Алагиры адæмæй, Ольгинскæйы цæрджытæй, æхцайы фæрæзтæй се ‘ххуысы къух Къостамæ чи фæдаргъ кодта, æппæт уыцы адæмтæй.

1922 азы Гаппо Берлины цы æрмæджытæ ныммыхуыр кодта Къостайыл, уыдон абоны-бон махæн цымыдисаг хабæрттæ сты. (Кæс газет «Рæстдзинад» 1989, 3 октябрь). Уыцы æрмæджыты кæд æцæгдзинадæй фæиппæрдгонд хъуыдытæ ис, уæддæр сæ сæйраг хæйтты хорз бæрæггæнæнтæ ис Къостайы тыххæй. Хорзыл цы нымайæм, уыдон хорз уымæй сты, автор сæ йæхи цæстæй кæй федта.

Гаппойы сæйраг бæллиц уыд — дзыллæйы ‘хсæн хæлар æмæ хъæрмуддзинад. Афтæ зæгъы: «Хæст, хæрамзæрдæ, масты митæ адæм хъуамæ фесафой, сæ цард хъуамæ саразой кæрæдзийы уарзондзинадыл, кæрæдзийæн æдзух æххуысыл. Стыр зиу хъуамæ суа дунейы цард».

Дыккаг ахсджиаг хъуыддагыл Гаппо нымайы: «Райхъал кодта мæрдвынæйæ ацы чиныг æгас Иры, уымæн æмæ дзыллæйы зæрдæйы уидæгтæм бахъардтой йæ æгæрон сагъæсы, кæуыны æмæ хидзыллæйады мæты ныхæстæ!.. Ацы чиныгæй фидар бындур сæвæрдта Къоста ирон литературæйæн. Стыр æхсары уарт радта ирон фыссæгæн… Культурæйы дзыллæты астæумæ ирон адæмы бакодта».

Къостайы царды фæстаг азтæн дæр Гаппо æвдисæн уыд. Фыссы уыцы хабæртты дæр: «Мæгуыр æфхæрд лæгæн йæ хъастæн, раст лæгæн йæ мастæн æрцыд сагъæсаг кæрон…»

Ногбон боны 1900 азы Къостайыл Кавказы сæрдарæй тел сæмбæлд:

Кахановы хъаст мæнг разынд, сæрибар дæ!…

1900 азы мартъийы тыхамæлттæй ма схаста йæ домд стæгдар… Нал æй базыдтам… Саумылазон мигъ æрæхгæдта йæ рæсугъд цæстыты зынг. Æгомыг уыдис сыгъзæрин дзых…Уæззау  рохст зæрдæ хуылфы ныххус!..

Фыднизы нысæнттæ бæрæг уыдысты. Йæ зонд йæхи бар нал уыди. Йæхæдæг æй, мæгуыр, не ´мбæрста» (Гаппойы стилмæ нæ февнæлдтон. Автор).

Уыдис ахæм хабар дæр: Къостайы цалынмæ Ольга Лабæмæ  нæ аласта, уæдмæ уыдис (садис) Гаппотæм. Гаппо йæ хойæн загъта: ныууадз дæ куыст, кæс Къостамæ, дæ мызды бæрц дын фиддзынæн æз.

Уæдæ афтæ: Гаппо уыдис Къостайы хæлар, Къостайы æмгар (æцæг дзы 10 азы хистæр уыд Къоста), Къостайы цард, йе ´хсæнадон æмæ литературон куыстæн цæстуарзонæй чи аргъ кодта, ахæм адæймаг. Ноджыдæр æй зæгъын: Къостайы Гаппойы хуызæн ничи зыдта, Къостамæ Гаппойæ æввахсдæр лæг нæ уыд.

Уыдис рæстæг, Гаппо нымад цыдис Къостайы цыфыддæр знагыл,  йæ дзыллæйы уæйгæ-нæгыл. Уыдæттæн кæрон скæнын хъæуы,  хус ныхæстæ хъуыддагæн аргъгæнæг не сты. Фæс-таг растæджыты Гаппо æмæ Къостайы хъонагъдзинады фæдыл хъæуæг æрмæджытæ кæй фæзынд, уый кæуылты хъуыддаг у.

Гаппойы ахаст Къостамæ цахæм у, уый ма æргомæй зыны йæ фыстæджы дæр. Иу фыстæджы йæ хоны «Ме ‘рдхорд Къоста», иннæйы — «Мæ уарзон æрдхорд, нæ Иры æнхъæлцау æмæ рæбинаг цæджындз», аннæ ран та йæ схуыдта «Нæ цæргæс».

«Ирон фæндыр»-ы тыххæй та йæм фыссы:  «Дæ зарджытæ æлутоны хуызæн фæуыдзысты нæ мæгуыр адæмæн».

Лæгдзинад уыд, 1997 азы йæ хиуæттæ, Гаппойыл йæ зæрдæ кæмæн рыст, уыдон Берлинæй Гаппойы фæллад стджытæ кæй æрластой æмæ сæ Къостайы ингæны фарсмæ кæй баныгæдтой.

Гаппойы райгуырдыл æххæст кæны 150 азы, йæ амæлæтыл та 80 азы. Махæн  зæрдылдаринаг сты.

Плиты Гацыр, Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы лауреат, газет «Хурзæрин»

Наверх