Хæстон операцитимæ æмдзу кодта гуырдзиаг прессæ дæр. Ирæттæ æвдыст цыдысты, æрмæстдæр Гуырдзыстонæй давыны фæрцы чи цард, ахæм тыхгæнджытæй. Мыхуыр кодтой ахæм æрмæджытæ, ирæттæй бынтондæр ницы пайда ис, æрмæстдæр æнæкæрон хæрдзтæ — революци сын цыдæриддæр радта, уый æрмæстдæр Гуырдзыстонæй ратонайы фæрцы. Меньшевикты официалон газет «Эртоба» сидт: «нæ хъæуы тæригъæд кæнын ацы уæйгæнджытæн, куынæг кæнын кæй хъæуы, ахæм хъæстæ кæлмытæ сты æд сывæллæттæ. Æмæ уый уыдзæн нæ нацийы хæрзиуæгæн».

Уыцы газет нациты хæдуагæвæрды барыл уынаффæ кæнгæйæ циникон æгъдауæй зонд амыдта ирæттæн, сæ хæдуагæвæрды бар сæ Цæгат Ирыстоны агурын кæй хъæуы (1920 азы15 июнь). Рæстдзинады охыл нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, æрмæст ирæттæм кæй нæ хаудысты ахæм азымтæ æмæ æрдхъирæнтæ, æрмæст ирæтты тыххæй кæй нæ цыд ахæм ныхæстæ. Бæлвырд у, хæдбар Гуырдзыстон йæ националон паддзахаддзинад сфидар кæныны тыххæй æнæмæнгхъæуæгыл кæй нымадта уырыссæгты, сомихæгты, ирæтты фæсурын æмæ афтæ дарддæр. Жорданияйы хицауад нырма бафтыд уырыссæгтыл, стæй сомихæгтыл, туркæгтыл, абхазæгтыл æмæ фæцис Хуссар Ирыстоны бынтондæр ныффалгæрон кæнынæй.

Йæ националон комплекстæй катайаг уавæры бахауæг гуырдзиаг элитæйы риссаг хъуыдыкæнынады, цы ран Ирыстон ахста сæрмагонд бынат, ирæтты баиу кодтой æндæр адæмтимæ — æркæсæм ма мæнæ ацы, бирæ цæуылдæрты дзурæг, революцион дуджы активон хайадисджытæй сæ иуы арæзт номхыгъдмæ: «Гуырдзыстоны меньшевиктæ большевизмы сæрбостыл нымадтой куы ирæтты, куы сомихæгты, куы та — дзуттæгты. Иудадзыг сæ цæстытыл уадысты æрмæстдæр ирæттæ, дзуттæгтæ, кæд æй тынг хорз æмбæрстой, Гуырдзыстоны уыцы змæлды сæйраджыдæр гуырдзиæгтæ размæ кодтой, уæддæр».

Ирон æмæ гуырдзиаг зæхкусджыты æхсæн этникон кæнæ динон æндыгъддзинад кæй нæ уыд, уый хицауадæн фадат нæ лæвæрдта «варфоломеевы æхсæв» æрхъуыды кæнынæн. Гуырдзыстоны хорз зындгонд чи уыдысты, уыцы ирон истори æмæ географион хиæдтæ иуварс кодтой рог хæсты фæрцы фарст аскъуыддзаг кæныны фадат. Иу дзырдæй, ирæтты геноцид нæ уыд нæ дæр иу рацъыккæй, нæ дæр фæдфæдылонæй аразгæ. Ирон растадонтæ хъахъхъæдтой алы хъæу дæр, сæ аууон бакодтой сабыр цæрджытæн хæхты рдæм ахизæнты. Сылгоймæгтæ, сывæллæттæ æмæ зæрæдтæ, сæ къухы айсын цы бафтыд, уыцы муртимæ сæ ных сарæзтой хохрагъы рдæм — алчи дæр зыдта, гуырдзиаг æфсад кæй æрбацыд Хуссар Ирыстоны скуынæг кæнынмæ.

1920 азы Гуырдзыстон спайда кодта цалдæр методæй, цæмæй фæскавказаг Ирыстоны асыгъдæг кодтаид ирон цæр-джытæй. Уыдонæй иууыл эффективондæр æмæ асламдæрыл банымайæн ис «зæхх фæнык фестын кæныны тактикæ» — уымæй спайда кодтой ныхмæлæуды традицон артдзæстыл нымадцæуæг хæххон бынæтты, æмæ зæхкусæгады змæлды бындурон бынæтты, кæцытæ уыдысты дæлвæз бынæтты ирон Растады æнцойлæууæг. Ам æфсад тырныдта цæрджыты чысылæй стырæй скуынæг кæнын æмæ хъæуты басудзынмæ.

Дыккаг метод уыдис, ноджы асламдæр чи слæууыдаид, ахæм «тас бафтауыны тактикæ»: Растады активон хайадисджыты æвзаргæйæ куынæг кæнынæй сæ ныфс уыд, уыдонæн сæ хиуæттæ æмæ æмхъæугкæгтæ лидзынмæ кæй фæуыдзысты. Æвæццæгæн хъуыды кодтой, ома ирæттæй знæгтæ æмæ хауæггæгтæ саразын скусдзæн, адæм æмхæццæйæ кæм цæрынц, уыцы районты. Фыццаг вариантæй — бынтон скуынæг кæнын — æнцон спайда кæнæн нæ уыд сыхæгтæ-гуырдзиæгты цæсты раз. Уæд сæ бахъуыдаид барадон характеры мотивировкæ æмæ процедурæтæ ауадзыны сæр — уымæн æмæ Гуырдзыстон йæхи æвдыста куыд демократон паддзахад, афтæ. Хуыздæр ахъаз сын уыд 1920 азы 20 июны уацары бахауæг растадоны æргомæй фехсын — æфсæддон-быдырон тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ фехстæуыд зæхкусæгон змæлды æртындæс къухдариуæггæнæг æмæ уæнгы. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ ирæттæ фæйнæрдæм нæ ныппырх сты.

Æртыккаг метод — «этникон æгъдауæй ссыгъдæг кæнын» — уыд иууыл зынаргъдæр слæууæг æмæ бюрократондæр. Уый уыд оккупацигонд Ирыстонæй ирæтты депортаци æмæ дзы пайда кодтой, Растады хайад чи нæ иста æмæ, æгæрстæмæй провокацитæн дæр дзуапп чи нæ лæвæрдта, уыцы цæрæн бынæтты. Сæ цæрæн бынæттæй сырд æрцæуæг ирæттæн æрмæстдæр уыд иу хорзæх — удæгас баззайын. Сæйраг нысан уыд ирæтты Цæгат Кавказмæ фæтæрын, фæлæ сын, йæ цæсгом бахъахъхъæныны нысанæн, хицауадон къамис бар лæвæрдта, цæмæй цæрынмæ фæцæуой Скæсæйнаг Гуырдзыстоны дæрддаг районтæм, кæцытæ сæ æрдзон-климатон уавæртæм гæсгæ цæрæнбынатæн нæ бæззыдысты. Ирæттæ кæй «ссæрибар» кодтой, уыцы бынæтты планон фæткмæ гæсгæ æрцардысты гуырдзиæгтæ.

Уыдис дзы цыппæрæм метод дæр — «хиуыл гадзрахатæй рацæугæйæ сабырадуарзондзинад», кæцыйæ спайда кодтой, куынæггæнæг æфсады азарæй сæ райгуырæн уæзгуытæй чи фæхауæггаг, фæлæ цæгатмæ чи нæ афтыд, уыдон скуынæг кæнынæн. Хæхты æмæ хъæдты сæхи бамбæхсыны йедтæмæ æндæр фæрæз кæй нал уыд, уыцы адæмы фæстæмæ, оккупантты къухы чи уыд, уыцы территоримæ æркæныны тыххæй Гуырдзыстоны мидæггагон хъуыддæгты министр Рамишвили йæхæдæг æрцыд  Хуссар Ирыстонмæ æмæ æрсидт ирæттæм, цæмæй æрæздæхой сабырдзинадмæ æмæ сæ цæрæнуæттæ сæндидзын кæнынмæ. Уый аккаг фæстиуджытæ нæ радта, иугæр фыццаг рæууæнк лигъдæтты къорды фехстой сæ разыбадæг æрдонгтæ, кæнæ депортацийы бахаудтой, уæд. Уымæ гæсгæ, фæстæмæ чи нæ здæхт, уыдон дзуаппæн сорганизаци кодтой партизанон къордтæ æмæ хъахъхъæнынад. Тифлисмæ аздæхгæйæ министр газет «Слово»-йæн йæ интервьюйы (1920 азы 3 август) цингæнгæ фехъусын кодта: «Дзауы комы растадонтæ ныууагътой Гуырдзыстон æмæ сæхи айстой Цæгат Ирыстонмæ. Чи ма сæ баззад, уыдон дæр талф-тулфæй дарддæр кæнынц эвуа-каци. Цы зæххытæ ссæрибар кодтой, уы-доны æрцардысты Рацъ, Душет æмæ, æгæрстæмæй Озургеты уездтæй рацæугæтæ».

1920 азы геноциды амæттæгты æххæст номхыгъд саразын зын уыдис бирæ аххосæгтæм гæсгæ. Лигъдæтты ныппырх кодтой Цæгат Ирыстоны алы æмæ алы хъæуты, уыдонæн сæ бæрæг хай бынтондæр нал æрыздæхтысты хуссармæ, æрцæрын сæ кодтой Дзæуджыхъæуы бынмæ сæрмагондæй рахицæнгонд зæххытыл, кæнæ горæтæн йæхи мидæг. Мæрдты нымæц бæлвырд кæнын райдыдта æрдæг азы фæстæ, Хуссар Ирыстонмæ растадонты къордтæ куы æрыздæхтысты, уæд. Быныскъуыд кæй скодтой, уыцы бинонты тыххæй куырдиæттæ бадæттын сæ бон уыдис хиуæттæ æмæ хæстæджытæн, кæд уыдон сæхæдæг удæгасæй аирвæзтысты, уæд. Цъыбыртты сыгъд баййафæг хъæуты цæрджытæй ма удæгас чи баззад, уыдоны фæстæмæ æрцæуын кæныны хъуыддаг ныиивæзт. 1920 азы чи фæцæф, уыдонæй фæстæдæр чи амард, ахæмтæ дæр æххæстæй не рцыдысты хыгъдгонд. Иуæй-иу тыхбахасты цауты  тыххæй официалон зонæнтæ æрмæстдæр æнцой кодтой формалон куырдиæттыл, кæцыты æфхæрдбаййафджытæ нæ арæзтой. Геноциды статистикæйыл цы ахсджиаг фактор бандæвта, уый уыд Хуссар Ирыстоны автономон областы Гуырдзыстоны ССР скондмæ бакæнын.

1920 азы уалдзæджы Сырх Æфсады ныббырсты фæрцы Гуырдзыстоны большевиктæ куы фæуæлахиз сты, Хуссар Ирыстонæй растадон бригадæтæ оккупацигонд администраци æмæ йæ дæлбар æфсæддон хæйтты баззайæццæгты куы фæсырдтой, уæд фæстæмæ æрцæуæг лигъдæттæм афтæ каст, цыма сæ райгуырæн бæстæ æппынфæстаг ссæрибар æцæгæлон тыхгæнджытæй, ныддихтæ йæ кæнынмæ бафæлвæрдæй æмæ геноциды тасæй.

Фæлæ нæ, алцы дæр фæлхаттгонд æрцыд раздæры сценаримæ гæсгæ: административон дихдзинад, ногæй та экспанси денационализацийы политикæ, стæй советон империйы ныппырх, Гуырдзыстоны хæдбардзинад расидын æмæ ирæтты ног геноцид — уымæн æмæ нæй æндæр фæрæзтæ Ирыстоны сæхи бакæ-нынæн.

Гуырдзиаг большевиктæ куыддæр бам-бæрстой, Хуссар Ирыстоны скуынæг кæныны хъуыддаг кæй ныиивæзт, уæд уадидæгæн райдыдтой ивын конспиративон ахуыркæнынад. Уайтагъд, 1920 азы сентябры райдианты уыцы Кавказаг крайкомы уæнг Думбадзе Скæсæйнаг адæмты съезды мандатон къамисы сæрдары бартæй пайда кæнгæйæ бафæлвæрдта ирæтты гуырдзиаг делегацийы уæнгтæй равдисыныл, æргомæй зæгъгæйæ, кæй нæй ницыахæм Хуссар Ирыстон. 1920 азы Дзæуджыхъæуы мыхуыры цыд Терчы областон ревкомы орган газет «Коммунист». Уыцы газет цæттæ кодтой æнæхæдзар лигъдæтты æхсæн, сæ кæуын æмæ сæ хъæрзынмæ хъусгæйæ, фæлæ иу рæнхъ дæр нæ ныммыхуыр кодта ирон трагедийы тыххæй. Уымæн æмæ областон ревкомы сæрдар уыд Квирикелия, Уæрæсейы Хуссары уæлвæткон комиссар та — Орджоникидзе. Советон Гуырдзыстон разынд æлдарадон олигархи æмæ меньшевикон национал-демократийы фæдон. Гуырдзиаг коммунисттæ ногæй рацыдысты «ирон фарст»-ы æппæт этаптæ, æдзæс-гомæй сæ размæуæвджыты хъуыддаг æнæнхъæлæджы рауайгæ кæнæ уыдонæн сæ къуымыхдзинадыл нымайгæйæ.

1920 азты æмбисы иууон автономи са-разынмæ ирæтты тырнындзинадæй спайда кæнгæйæ бафæлвæрдæуыд æнæхъæн Ирыстоны хи бакæнынмæ. Иудзинады тых-хæй ирæтты домæн кæронмæ иуварсгонд æрцыд 1926 азы, фæлæ йæ æнæхъæнæй сæхи бакодтаиккой, гуырдзыйæн уыцы план дæр нæ рауад — Ирыстон баззад дыууæ автономон областыл дихгондæй: Хуссар Ирыстон, кæцы арæзт æрцыд 1922 азы Гуырдзыстоны ССР сконды, æмæ Цæгат Ирыстон, кæцы арæзт æрцыд Цæгат Ирыстон 1921 азæй кæй сконды уыд, уыцы Хæххон АССР йы ныппырхы фæстæ.

Цæмæй йæ сæхи бакодтаиккой, ахæм фадатмæ ма сæ бахъуыд ноджы ссæдз азы æнхъæлмæ кæсын. 1944 азы Цæцæн-Мæхъæлы АССР куы аивтой, уæд депортаци баййафæг цæрджыты бынæттæм тыхæй батардтой Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны хæххон районты цæрæг ирæтты, уыдонимæ Гуырдзыстоны Хъазбеджы районы цæрæг ирæтты дæр. Фæлæ, уыйæмрæстæджы, ирæттæй чи «ссæрибар», Цæгат Ирыстоны уыцы скæсæн хай иугонд æрцыд асыгъдæггонд Хъазбеджы районмæ — афтæмæй Гуырдзыстоны ССР сконды февзæрд Ирыстоны цæгаткавказаг хæххон территорийы æмбис.

Территоритæ тыхтона кæнынимæ иумæ рæзт культурон экспанси дæр. 1938 азы Хуссар Ирыстонæн сфидар кодтой хицæн фыссынад гуырдзиаг графикæйы бындурыл — афтæмæй фыццаг хатт сæ къухы бафтыд адæмы культурон æгъдауæй адих кæнын. 1944 азы æхгæд æрцыдысты гуырдзиаг скъолатæ, 1951 азы та гуырдзиаг æвзаг нымад æрцыд хъуыддагдарды æвзагæй.

Советон хицауиуæгад сын бирæ æнцонвадатдæр разынд императорон хицауадæй — æргом, дзыллон, националон дæлдзиныгкæнынадæн, кæцы æххæст цыд паддзахады рдыгæй, гæнæн нæ уыд паддзахы Уæрæсейы. Гуырдзиаг коммунистты уыцы æнæрлæугæ размæбырст урæд æрцыд, æрмæстдæр куы «фæхъæрмттæ», Кремлæй провинциалон империализмы сæйраг сæрхъызойтæ куы ацыдысты, уæд. 1950 азты фæсхæст заманы фæлтæры интеллигенцийы стыр хъизæмæрттæ бавзарыны аргъæй Ирыстонæн бантыст иугъуызон фыссынад сфидар кæнын æмæ скъолатæм ирон æвзаг фæстæмæ раздахын.

1960-1980 азты цæхгæр экпансийæн гæнæн нæ уыд, уый тыххæй пайда кодтой демографион каналтæй: миграцион политикæ здæхт уыд Хуссар Ирыстонæй ирæтты цæгатмæ æрвитын кæнæ сæ Гуырдзыстоны мидрайонты ныппырх кæнын, цыран сæ организацигонд социалон æлхъывдад тыхæй домдта сæ мыггæгтæ гуырдзиагвæлдæхт ныффыссын æмæ графæ «нацийы хатт» фæивын. Цæмæй фæтагъддæр уыдаид этнокультурон ассимиляци, уый тыххæй Хуссар Ирыстоны сыхаг гуырдзиаг районтæн фестын кодтой уæлæмхасæн аграрон-хъомысон комдзаг. Уый ССРЦ ахста фæстаг бынат хъæууонхæдзарады рæзты хъуыддаджы, куысты бынæттæ æмæ социалон инфраструктурон æмвæзадмæ гæсгæ. Советон дуджы, адæмы нымæц дыууæ хаттæй фылдæры бæрц кæм фæфылдæр, уым Хуссар Ирыстоны ирон цæрджыты нымæц дзæвгар фæкъаддæр. Афтæ зынд, тагъд сæ нысан кæй сæххæст уыдзæн – советон дуджы кæронмæ Хуссар Ирыстоны ирон цæрджыты нымæц уыд 66 мины – æрмæстдæр нацийы дæсæм хай – фæлæ уыдон дæр, гуырдзиаг планмæ гæсгæ, хъуамæ хуыздæр цардагур ныппырх уыдаиккой фæйнæрдæм.

Сусæг-æргом экспанси ныппырх, цæдисон паддзахады нациты чи адих кодта, уыцы политикон системæимæ иумæ.

Советон Цæдисы ныппырх та гуыр-дзиаг боцкъайы æнæхай фæкодта империон тæлытæй. Æртыккаг миназоны къæсæрыл Ирыстонмæ æнхъæлмæ каст фыдæвзарæнты ног цæг. Хæдбардзинад расидгæйæ æмæ йæхицæн ног хицæуттæ ссаргæйæ, Гуырдзыстон уайтагъд æрыздæхт, кæронмæ кæй нæ бакодта, уыцы экспансийы методтæм. Хуссар Ирыстоны комкоммæ скуынæг кæнынмæ. Хæстмæ æмæ геноцидмæ.

1990 азы Хуссар Ирыстон йе ‘мбæс-тæгты цард бахъахъхъæныны тыххæй ныллæууыд хæдуагæвæрд равзарыныл. Æхсæндунеон барады принциптæ æмæ ССРЦ закъондæттынады бындурыл 1990 азы 20 сентябры Областон Советы сесси æппæт æмвæзадты депутатты хайадистæй расидт Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Респуб-ликæ ССРЦ сконды. 1991 азы ныппырх Советон Цæдис. Хуссар Ирыстоны территорийыл дæр чи куыста, уыцы ССРЦ Конституци куы нал уыд, ахæм уавæрты 1991 азы 21 декабры республикæйы Уæлдæр Совет райста Деклараци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй. Цалынмæ 2008 азы 26 августы Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны банымадта, æмæ, æппынфæстаг æхсæндунеон барадмæ гæсгæ æххæстбарджын субъект не ссис, уæдмæ бахъуыд дæсгай азты хæст, мæгуырдзинад æмæ гуырдзиаг паддзахадон террорæн быхсын.

1989-1992 азты Гуырдзыстон сæххæст кодта хæстон бабырст æмæ геноциды дыккаг бафæлвæрд. Чи фæмард, уыцы адæмы иумиаг нымæц уыд 2000 адæймагæй фылдæр, 3500 адæймагæй фылдæр фæцæф сты, 120 адæймагæй фылдæр фесты æбæрæг сæфт. 117 хъæуы сыгъд æрцыдысты. Материалон зиæнтты аргъ 2005 азы æргътæм абаргæйæ у 516 миллиард сомæй фыл-дæр. Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы территорийыл регистрацигонд æрцыд 20 000 лигъдонæй фылдæр Хуссар Ирыстонæй, æмæ 100 000 фылдæр ирон лигъдоны та Гуырдзыстонæй, цыран æххæст цыд этникон сыгъдæгкæнынад æмæ ирæтты массон æгъдауæй куынæг кæнын.

2004 азы Гуырдзыстон расидт ног хæст, Хуссар Ирыстонмæ уæззау техникæ, артиллери æмæ хæстон-транспортон авиациимæ регурярон хæйттæ баппаргæйæ.

2008 азы августы Гуырдзыстоны гарзджын тыхтæ Хуссар Ирыстоны сæххæст кодтой æххæстмасштабон æфсæддон операци ирон цæрджыты скуынæг кæныны тыххæй. 1918 азы фыццаг хатт хæдбардзинад куы расидт, уæдæй нæуæдз азы дæргъы, Гуырдзыстон ирæттæн геноцид расидт æртыккаг хатт.

Геноциды æртыккаг æрзылд уый размæйы уæттæй хицæн кæны, æрмæстдæр иу, фæлæ тынг ахсджиаг цæмæйдæр. Ацы хатт тугмондаг æххæстгæнджыты фæсчъылдым лæууыдысты стыр æхсæндунеон тыхтæ. Гуырдзыстон рагацау уыд хæстифтонг, сæр-магондæй бацæттæгонд æмæ бабырстмæ барлæвæрдимæ.

Раст нæ уыдаид, экспансион плæнттæн кæрон кæй æрцыд, ууыл æууæн-дын. Хицæуттæ удæгас сты, хæстон провокацитæ дарддæр кæнынц.

Æниу, кæд ракетон-артиллерион цæфтæй ныппырхгонд Цхинвалы — се столицæйы — ирæттæ бахъахъхъæдтой сæхæдæг, æмæ ацы хатт Уæрæсе æрмæст декларацитыл не ‘рлæууыд æмæ нæ байрæджы кодта, уæддæр нырма бæрæг нæу, цал хатты ма хъуамæ бавзара Ирыстон уыцы фыдæвзарæнтæ.

Уый хыгъд, бæлвырд у иу хъуыддаг: æндæр фæстиуæг нæ уыдзæн. Йæ царды сæйраг фарстатæн йæхигъæ-дæй дзуапп раттынхъом чи у, уыцы нацийы, гæнæн ис, банымайай, кæнæ скуынæг кæнай.

Ис бæлвырд æмбарынад: истори ницæуыл ахуыр кæны. Нæ ахуыр кæны — уый раст у, фæлæ хирастгæнæн нæу. Нæ ахуыр кæны — фæлæ уый хыгъд фадат дæтты ахуыр кæнынæн. Ацы чиныджы сæйраг нысан у — хъуамæ суадзай дæ комбаст.

Ирыстоны гуырдзымæ æнæуынон ахасты кæй никуы уыд, æмæ дзы абон дæр кæй нæй, уый документалон факт æмæ æнцонрахатæн реалондзинад у. 1918-1920 азты хуссайраг ирæтты æргомæй куынæгкæнынады тыххæй æнæхъæн Ирыстон хъыпп-сыпп нæ кодта æвдай азы дæргъы. Диссаг у, ирæттæ сæ удфæразондзинад æмæ хъæбатырдзинадæй афтæ сæрыстыр не сты, Акаки Цъеретелийы ном цы дзæуджыхъæуккаг уынг хæссы, Михаил Хъипианийы номарынæн мемориалон фæйнæг цы хъæдзары къулыл ис, гуырдзиаг скъола кæй кусы, уымæй куыд сæрыстыр сты. Уымæй, Дзæуджыхъæу кæй у, ирæтты кæцæй фæсырдтой, Гуырдзыстоны уыцы Хъазбеджы районы зымæгон базæ. Уымæй, гуырдзиæгтæ хуссары ирон хъæуты куы сыгътой æмæ гуырдзиаг артиллери Цхинвалы куы дæрæн кодта, уыцы рæстæджы мацы провокацитæ æруадзыны нысанæн ирон бархионтæ Дзæуджыхъæуы гуырдзиаг «слабодкæты» куы хъахъхъæдтой. Уымæй, ног геноцидæн дзуаппы хуызы Хуссар Ирыстон кæй бахъахъхъæдта гуырдзиаг хъæуты, кæцытæ уайтагъд, æвæццæгæн бузныджы нысанæн,  фестадысты тбилисаг куынæггæнджыты базæтæ…

Чизоны, ирæттæ нæ зонынц, политикæйы,  куыд математикæ кæнæ кули-нарийы,  архайынц йæхи закъæттæ æмæ дзы бынат нæй моралон критерийæн? Зонынц, кæй зæгъын æй хъæ-уы. Уыдон афтæ кæнынц, саргъ сын кæной, уый ныфсæй нæ, æндæргъуызон сæ бон кæй нæу, уый тыххæй.

Ирон æхсæнад организацигон æрцыд этникон райдиантыл нæ, фæлæ æ-бæстагон райдиантыл, Ирыстоны адæймагæн нæ аргъ кæнынц йæ динон, националон, иумийагæй сисгæйæ, цы къордмæ хауы, уымæ гæсгæ — уый хыгъд нымад цæуынц хисæрмагонд хиæдтæ æмæ пайдайаг архайд. Фæлæ, æмбæстагон, индивидуалон æмæ хисæрмагонд принцип хъарынц сæ æгъатыр закъæттæ. Адæмон культурæйы тызмæг идеал домы фыдæв-зарæнтæ æмæ удуæлдайдзинадмæ цæттæдзинад, нæ дæтты бар хъаст кæнынæн, æгъатырæй тох кæны лæмæгъдзинады ныхмæ.

Хъæррахст кæнын — æгæрыстæмæй хæст æмæ геноциды тыххæй дæр — дæрдтыл айхъуыса, уый гæнæн Ирыстоны ис æрмæстдæр марды кæндты рæстæджы. Цыфæнды репресситæ æмæ геноцидæн дæр иугъæдон ирон дзуапп у — ма басæттын, фæстаг сулæфты онг быхсын. Æмæ дзыхыл хæцын, уымæн æмæ тæссагдзинадыл дзурын райхъал кæндзæн хибахъахъхъæныны æнкъарæн. Ахæм адæм удæгас куыд баззад, уый историон сусæгдзинад у. Чизоны, æдыхдзинад æмбæхсын дæр тых дæтты?

Хъыгаг у, кæй нæй рæстæг æнхъæлмæ кæсынæн, цалынмæ адæймагад ахæм фарстатæн дзуапп дæттын сахуыр уа, уæдмæ. 1920 азы цауты фæстæ геноциды ног цæг скусынæн ирон хиуылхæцынад æмæ сабырадуарзондзинад нæ фæахъаз сты, фæлæ ирон дзыхылхæцынад.

Хуымæтæджы хатдзæг: сабырадмæ уарзондзинад дæр, хиуылхæцынад бахъахъхъæнгæйæ дзыхыл хæцыныл куыдфæндыйæ дæр хъуамæ нæ къух сисæм. Дæ туг де стæджы дын скуынæг кæной, уый ныббарын дæр фыдракæнд у, уымæн æмæ йæ фæдыл расайдзæн уый ногæй сфæлхатт кæнын. Мах кæндзыстæм геноциды кой æмæ тох кæндзыстæм ууыл, цæмæй нымад æрцæуа дунеон æмæхсæнады ‘рды-гæй. Æрмæст 1920 азы иумиагæй сисгæйæ фондз мин адæймаджы амарын æмæ дыууын фондз мин адæймаджы сæ фыдæлты уæзгуытæй фæсурын — уый нысан кæны Хуссар Ирыстоны адæмы æмбис. Уыдонмæ ма куы бафтауæм 1920-1930 азты лагерты кæй фехстой æмæ хъизæмарæй кæй амардтой, 1940 азты Цæгат Кавказмæ кæй аппæрстой, 1950 æмæ 1960 азты Гуырдзыстоны æмæ ССРЦ алы республикæты барæй кæй æрцæрын кодтой, æппæт уыдоны, уæд сæ рауайдзæн удмарæг нымæц. ХIХ æмæ ХХ æнусты цаутæн бафæразгæйæ дæр ма ирон адæмы хуссайраг къабаз удæгасæй кæй баззад, уый у æцæг диссаг, абарæн кæмæн ницæимæ ис, ахæм уæлтæмæны цардфæразондзинады цæвиттон, исто-рион æмæ культурон æгъдауæй хи рахæссыны уæлахиздзинад.

Гæнæн ис, искæмæ афтæ кæсы, зæгъгæ, Ирыстон чысыл у, гæнæн ис æмæ йæ басæттай нымæцæй кæнæ арæхстæй, аргъæй кæнæ тыхæй?

Нæ хъæуы хи сайын. Райгуырæн бæс-тæ чысыл нæ вæййы. Мах æй хъахъ-хъæндзыстæм нырæй фæстæмæ дæр.

Бзарты Руслан, профессор, газет «Хурзæрин»

 

Наверх