Йæ фыдæлты чи нымайы, сæ кад, сæ намыс сын чи хъахъхъæны, сæ рухс ном сæнусон кæныныл чи архайы, уый, фыццаджыдæр, йæхи сæрæн аргъ кæны, ахæм адæймæгтæ арфæйаг сты. Зæгъæн ис, фыссæг Дзабайты-Къесаонты Таисæ йæ царды фылдæр хай арвыста йе ‘дзард фыд æмæ æртæ фыдыфсымæры хæстон фæндæгтæ сбæрæг кæныныл æмæ йын æнтысгæ дæр бирæ бакодта.

Фыссæгæн йæ фыццаг дыууæ чиныджы «Донхæрис» æмæ «Сидзæртæ æмæ сидзæргæстæ»-йы дæр æвдыст æрцыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутæ, фæсчъылдымы тыхст æмæ гæвзыкк цард, уæды сабиты фыргуыст колхозы быдырты æмæ хæсты азарæй сæ саст хъысмæттæ. Чиныг «Сидзæртæ æмæ сидзæргæстæ»-йы Таисæ равдыста йæхи фыдæбойнаг хъысмæт. Йæ фыд Тамби хæстмæ куы ацыд, уæд хæдзары уæз æрæнцад авдаздзыд сывæллоны уæхсчытыл. Хъомыл кодта йæ кæстæрты — дыууæ хо æмæ æфсымæры. Бæгънæг æмæ æххормагæй куыста колхозы быдырты. Каст йæ рынчын мадмæ. Уыцы мæгуыр царды нывтæ кæсгæйæ, нынкъуысы адæймаджы зæрдæ. Иу ныхасæй, æгъатыр хæст Таисæйы зæрдæйы ныууагъта стыр зæрдæриссæн фæд йæ сабибонтæй абоны онг.

Фæлæ фыссæджы æнæнцой зæрдæ ууыл не ‘рсабыр. Æгæр стыр трагеди у: иу чысыл мыггагæй, иу бинонтæй цыппар хъæбулы фесæфт. Таисæйæн йæ царды сæйраг нысан ссис, уыдоны хæстон фæндæгты тыххæй æрмæг æрæмбырд кæнын,  кæм ныгæд сты, уый ссарын. Æмæ уый йæ къухы бафтыд. Рауагъта чиныг «Балладæ авд зынгхуыст салдаты тыххæй». Ацы чиныгæй  сæнусон кодта канд йе ‘дзард бинонты нæ, фæлæ сæ тохы ‘мбæлттæй дæр бирæты нæмттæ. Чиныджы разныхасы зæгъы: «Чиныг арæзт у, мæ фыд æмæ йе ‘ртæ æфсымæры тыххæй цы æрмæджытæ æрæмбырд кодтон, уыдонæй. Æфсымæртæ сæ цард нывондæн æрхастой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Хæсты райдианæй 1943 азы фæззæгмæ цыппар æфсымæрæн дæр ссыдысты сæ сау гæххæттытæ. Æнусон кад æмæ намыс — уæлахизхæссæг хæстонтæн!

Чиныг арæзт у æртæ хайæ. Фыццаг хаймæ бахаста йæ фыд Къесаонты Адамы, дыккаг хаймæ та, йæ фыд Тамбийы тыххæй цыдæриддæр йæ къухы æрмæджытæ бафтыд, уыдон. Стæй ма се ‘мтохгæнджытæй бирæты тыххæй.

Зынгхуыст хæстонты тохы фæндæгтæ дзы афтæ дæсны æмæ зæрдæагайгæйæ фыст сты, раст цыма автор йæхæдæг тохы быдыры уыдис. Адонæн Таисæ бирæ тухæнты фæстæ ссардта се ‘нусон сгуыхтдзинæдтæ. Йæ фыд Тамби хъæбатырæй фæмард 1943 азы. Ныгæд æрцыд æфсымæрон ингæны Калугæйы Киздринскы районы, хъæу Удемецы. Уырдæм Таисæ фæцыд дыууæ хатты æмæ та-иу æфсымæрон ингæны цур азæлыд ирон хъарæг. Уым фыссæг сбæлвырд кодта, йæ фыд кæмыты хæцыд, цы хъæбатырдзинæдтæ равдыста, уыдон, æмæ сæ бахаста чиныгмæ. Стæй ма архивты æндæр æрмæджытæ дæр.

Къесаонты чызгæн кæд йæ фыдыфсымæр Адамы ингæнмæ фæцæуын йæ къухы нæ бафтыд, уæддæр йæ бынат сбæрæг уый руаджы. Агурæн куыстытæн нæ уыд кæрон. Фыста хъахъхъæнынады министрадмæ, архив-тæм, ветеранты советтæм, хуымæтæг адæммæ. Æмæ йын ссардта йæ ингæн Ленинграды областы Кингисепы районы, хъæу Красный поселочы.

Уымæй уæлдай ма йын сбæрæг кодта йæ цыппар хæлары дæр (ныгæд дæр æрцыдысты иу ран). Уыдонæн ссардта  сæ къабæзты, сбæлвырд сын кодта сæ тохы фæндæгтæ. Таисæйы  руаджы  сæнусон кодтой Къесаонты Адам, Харлат Шурховецкий, Михаил Челоногов, Миргарифан Багданов æмæ Николай Кузменьковы нæмттæ. Чиныгмæ сын бахаста сæ къамтæ дæр.

Хъыгагæн, Таисæйы къухы нæ бафтыд йæ иннæ фыдыфсымæртæ Дрис æмæ Чертыбийы хæстон ингæнтæ ссарын, кæд бирæ фæцархайдта се ссарыныл, уæддæр. Æнæбæрæгæй фесæфтысты. Фыссæг йæ чиныджы æртыккаг хаймæ фылдæр бахаста хæстон темæтыл фыст аивадон уацмыстæ. Уым сты йæ романтæй скъуыддзæгтæ: «Хистæр хо», «Сидзæртæ æмæ сидзæргæстæ», «Мæ фыды кæрц», уацхъуыд «Уылæнтæ æмæ цъымаратæ»  æмæ æндæртæ.

Чиныг хъæздыг у алыхуызон æрмæджытæй. Аивадон уацмыстæй уæлдай дзы бирæ ис, цалдæр азы агурæн куыстыты рæстæджы кæй фембырд кодта, уыцы æрмæджытæ: фыстæджытæ алы горæтты цæрджытæм, комиссарад-тæм, Ветеранты советтæм, уыдонæн дзуаппытæ, хицæн хæстонтæ æмæ æф-сæддон разамонджытæй бирæтыл очерктæ, фембæлдтытæ æмæ мысинæгтæ, къамтæ, хæстон операциты схемæтæ, чидæриддæр ын баххуыс кодта, уыдоны номхыгъд æмæ сæ номыл æрвыст арфæйы фыстæджытæ, хъарæг-æмдзæвгæ йæ фыды ингæныл, Хадыхъаты Фатимæйы фыст æм-дзæвгæ Къесаонты æфсымæртыл æмæ бирæ æндæртæ.

Зæгъын ма мæ фæнды, Таисæйы къухы цы арфæйаг хъуыддаг саразын бафтыд, уый. Йæ хъæппæрисæй Дыгуры районы йæ райгуырæн хъæу Хъарман-Сындзыхъæуы, Белореченскы уынгæн лæвæрд æрцыд Къесаонты æфсымæрты ном. Цыппар хъæбатыр лæппуйы схъомыл сты уыцы хъæуы.

Дзабайты-Къесаонты Таисæйы чиныг стыр лæвар у адæмæн, уæлдайдæр, хæсты фыдæхæй чи фæхайджын  ис, уыдонæн. Автор дзы æнæфæцудгæ цыртдзæвæн самадта йæ фыд æмæ йе ‘ртæ фыдыфсымæрæн. Стæй канд уыдонæн нæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ царды стырдæр нысан у Советон салдаты ном сæнусон кæнын æмæ йын уыцы хъуыддаджы æнтысгæ дæр бирæ кæны.

Джусойты Нинæ, газет «Хурзæрин»

 

Наверх