Рустауы хъæуккаг Дзабиты Уасилы бинонты царды дæр 20-æм азы гуырдзыйы геноцид ныууагъта йæ уæззау фæд. Нæ горæты цæрæг Дыгъуызты Лианæ тынг хорз хъуыды кæны, йæ нана-иу ын цæссыгкалгæйæ 20-æм азты ацы бинонтæ цы уæззаудзинæдтæ бавзæрстой, уыцы цауты тыххæй-иу ын цы хабæрттæ дзырдта, уыдон. Уыимæ Лианæ нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг уæвгæйæ, абон афæлгæст æмæ хатдзæгтæ аразы, уыцы æбуалгъы цаутæн.

20-æм азы гуырдзиг меньшевиктæ Хуссар Ирыстоны зæххыл туджы зæйтæ куы рауагътой, ирон хъæуты зынджы хай куы бакодтой, уæд Дзабиты бинонтæ дæр лидзинаг фесты Цæгат Ирмæ. Фæлæ фæндагыл амард Лианæйæн йæ нанайы мад. Йæ фыд та партизантæм ацыд. Афтæмæй сæ сывæллæттæ — хо æмæ æфсымæр чысылтæй иунæгæй  баззадысты сæ фыдыхойы æвджид, ракодта сæ йæхимæ æмæ йемæ цардысты. Йæ нана йын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ,  гуырдзиаг меньшевиктæ хъæумæ куы æрбацыдысты, уыцы рæстæджы хъæуы уыд чындздзон чызг æмæ йын сыхæгтæ тынг фæтарстысты, зæгъгæ, йын гуырдзы фыдмитæ куы фæкæной, уымæй. Уæд, дам, æй хъæубæстæйæ ма уым чи баззад, уыдон хуыссæнты батыхтой æмæ йæ бамбæрзтой, цæмæй йæ гуырдзиаг меньшевиктæ ма федтаиккой.  Цалынмæ Хуссар Ирыстоны Советон хицауад не ‘рфидар, уæдмæ Уасил хъæумæ нал æрыздæхт.  Æфсымæр дæр бахъомыл ис. Фæлæ та æрцыд дыккаг бæллæх. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст, æфсымæр ацыд хæстмæ æмæ уым фæмард иу карз тохы рæстæджы. Йæ нанайæн йæ фыд цалынмæ  иудзонгонæй æрæздæхт фæстæмæ, уæдмæ йæхи сидзæр æнхъæлдта.

Дыгъуызты Лианæйы мады мад Тедеты Лизæ та уыд Хъорнисы хъæуккаг. Сæ ныййарджытæн уыдысты дыууæ чызг æмæ иу лæппу. Лæппу нырма риуыл уыд, цыдаид ыл иу азы бæрц. Чызджытæй сæ иуыл цыд 4 азы, иннæуыл та — 5 азы. Йæ хъæбултæ чысылтæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ мадæн йæ бон не ссис Цæгат Ирмæ алидзын. Хъорнисмæ гуырдзиаг меньшевиктæ куы æрбацыдысты, уæд амардтой сабиты мады. Сæ фыд та уыд хъæды партизантимæ (фæстæдæр уый дæр амардтой гуырдзиæгтæ). Сидзæр сывæллæтты сыхæгтæ бамбæхстой ныккæнды, фæлæ алкæмæндæр йæ сæр йæ кой уыд, уыцы уæззау рæстæджы. Сывæллæттæ куы сæххормаг сты, уæд ныккæндæй схызтысты æмæ сæ чысыл æфсымæры дæр семæ рахастой. Уыцы рæстæджы сæ мад мардæй хуыссыд зæххыл. Чысыл лæппу бабырыд æмæ  бададта йæ мард мады риу. Сывæллонæн æхсыр нæ батад, фæхъæстæ ис  æмæ дыууæ боны фæстæ уый дæр амард. Дыууæ сидзæр чызджы  бахаудтой аздонмæ (приют). Уырдæм иу арæх бацыд зынгæ революционер æмæ æхсæнадон архайæг Тыбылты Алыксандр. Уый цалдæр хатты чызджытæй сæ иу — Лизæйы æнкъард стыр цæстытæ куы федта, уæд ын фæтæригъæд кодта, акодта йæ йæ хæдзармæ æмæ йæ хъомыл кодтой йæ цардæмбалимæ. Лизæ куы бахъомыл, уæд-иу арæх цыд базармæ исты балхæныны тыххæй æмæ уым фæзонгæ сатихъайраг Джыгкайты Ладоимæ. Уый ацы хъæумæ æрлыгъд Дзомагъæй. Тыбылты бинонтæ чызгæн хуын сарæзтой æмæ йæ афтæмæй арвыстой чындзы Джыгкайты мыггагмæ. 1941 азы Лизæйы хо Валя  ацыд фронтмæ, уыд медицинон хо. Уым базонгæ тæтæйраг лæппуимæ æмæ хæсты фæстæ сæ цард баиу кодтой. Цардысты Азербайджаны. Валя зыдта йæ хо Лизæ Сатихъары кæй цæры, уый æмæ йæм цалдæр хатты æрцыд йæ цотимæ.

«20-æм азты тыххæй ахуыргæнæн чингуыты программæйы цы уацмыстæ ис, уыдоныл дзургæйæ, мæ цæстыты раз сыстынц уыцы уæззау дуджы цаутæ. Уыцы цауты тыххæй арæх дзурын ахуырдзаутæн дæр. «Саломи», «Музейы» кæнæ «Æртындæсæй иумæ»-йы темæ амонгæйæ цасдæр рæстæджы мæ сæрæн нал свæййын, сывæллæттæ дæр æй  сæ зæрдæмæ арф айсынц, тынг сæм бахъары. Мæ сыхæгты хион сылгоймаг  Верæ хуынд, абон удæгас нал у. Иу бон урокты фæстæ бацыдтæн мæ сыхæгтæм æмæ йæ уыдонмæ баййæфтон. Уый мын фæхатыд мæ зæрдæйы равг æвзæр кæй у, уый æмæ мæ афарста, зæгъгæ, цæуыл æнкъард дæ. Куы йын загътон, зæгъын, абон скъолайы тынг уæззау темæ амыдтон сывæллæттæн æмæ, зæгъ, нырма дæр мæ хъуыдытæ уыимæ сты, уæд мын Верæ афтæ бакодта, зæгъгæ, ма, дам, уæдæ æз та цы зæгъон. Мæн, зæгъ, къутæрты бынмæ куы аппæрстой. Тынг цымыдис мæм фæкастысты сылгоймаджы ныхæстæ. Уæд ыл цыдаид 90 азмæ æввахс, фæлæ нырма тынг цæрдæг уыд. Уый мын  радзырдта, зæгъгæ, дам, нæ гуырдзы куы асырдтой, уæд, зæгъ, æз  авдæны баст уыдтæн». Хæхтыл куы фæцæйцыдысты йæ ныййарджытæ, уæд сывæллон сыххормаг ис æмæ кæуын райдыдта. Мад æмæ фыд сæхæдæг дæр бастадысты, æмæ сывæллон йæ кæуынæй куынæуал лæууыд, уæд ахъуыды кодтой, зæгъгæ,   нæ дзидзидай сывæллон уæддæр нæ аирвæздзæнис ацы уæззау уавæрты, фæлæ мæнæ  нæ хъæбултæй къахæй чи цæуы, уыдоны, зæгъ, аирвæзын кæнæм. «Авдæны дам мæ хъарм æрныуæрстой æмæ, зæгъ, куы æрсабыр дæн, уæд мæ къутæрты бын æрæвæрдтой æмæ мæ уым ныууагътой. Иу дзæвгар куы ауадысты, уæд зæгъ, мæ нана  афарста, зæгъгæ, сывæллоны уын уæ къухты куынæ уынын, уæд  цы фæцис? Мæ ныййарджытæн, зæгъ, сæ бон иу цасдæр сдзурын ницы бацис. Стæй, зæгъ, уæддæр мæ фыд йæхи фæфидар кодта æмæ йын загъта, зæгъгæ, ма нын уый дæр цы ратдзæнис.  Мæ фыд, зæгъ-иу хъæды уыд, фæлæ уæд йæ бинонты ахизын кæныны тыххæй æрцыд, Цæгат Ирыстонмæ нæ лыгъд. Уæд зæгъ, мæ нана сæнтхъæр фæкодта, зæгъгæ, бирæгъ дæр йæ лæппыны куынæ аппары, уæд, зæгъ, сымах уæ хъæбулы куыд аппæрстат, бирæгъæй фыддæр куы разындыстут…

Мæ нана сын загъта, зæгъгæ, мах нæхæдæг цы уавæрты уæм, мах кæдæм цæуæм, уырдæм ахæсдзыстæм нæ дзидзидай сабийы дæр. Раздæхтысты æмæ рахастой авдæны. Верæйы ныхæстæм гæсгæ уый цæргæ-цæрæнбонты куывта йæ нанайæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ ныййарджыты дæр нæ аххосджын кодта, уæд сæ уавæр тынг уæззау уыд. Фæлæ, зæгъ, æвæццæгæн хуыздæр уыдаид, уæд куы амардаин, уый, уымæн æмæ æппæт уыцы æбуалгъ цаутæ гуырдзиаг фашисттæ махæн сфæлхатт кодтой 1989 азæй суанг 2008 азы онг æмæ  нæхиуыл бавзæрстам стыр хъизæмæрттæ. Рауад афтæ æмæ, зæгъ, бахаудтæн ирон адæмы ныхмæ гуырдзыйы дыууæ геноциды», — радзырдта Верæ.

Дыгъуызты Лианæ 20-æм азты æмæ 90-æм азты цаутæн саразы абарст йæ урокты рæстæджы. Абоны фæлтæр сæхиуыл бавзæрстой гуырдзиаг тыхæйисджыты фыдмитæ. Уайы афтæ æмæ 20-æм азты гуырдзыйæн сæ зæрды цы уыд, ома, сæ фæнд уыд ирон адæмы сæ фыдæлты зæххæй фæсурын, уыцы хъуыды сæ сæртæй нæ аппæрстой æмæ сын куыддæр гæнæн фæцис, афтæ та сфæлхатт кодтой сæ сырдон митæ ирон адæмы ныхмæ. «Мардтой нæ, сыгътой нæ, æрмæстдæр ирæттæ кæй стæм æмæ нæ фыдæлты зæххыл кæй цæрæм, уый тыххæй. 1989 азы 23-æм ноябры гуырдзиæгтæ нæ горæтмæ «сабырадон митинг» уадзынмæ куы цыдысты æмæ сæ нæ хъайтар лæппутæ куынæ æрбауагътой, уæдæй фæстæмæ суанг 2008 азы онг гуырдзы ирон адæмæн арæзтой геноцид. Хатт-иу урокты рæстæджы æхстытæ афтæ сытынг сты æмæ-иу сывæллæтты цы фæкодтаиккам, уый нал зыдтам. Уал азы дæргъы гуырдзыйы аххосæй цал ирон адæймаджы амард, уыдон тынг бирæ сты».

90 азты гуырдзы горæтмæ куы лæбурдтой, æппынæдзух æхстыты бын куы уыд, уæд хицауад архайдта сывæллæтты, сылгоймæгты сэвакуаци кæныныл. «Уæд мæ чызгыл цыд 11 мæйы. Æрæмбырд нæ кодтой дзулфыцæн комбинаты цурмæ æмæ нæ стыр машинæйыл (вездеход) сæвæрдтой райсомы 8 сахатыл, фæлæ æхсæвы 11 сахатмæ Дзаумæ нæ бахæццæ стæм Зары фæндагыл. Уæд хæрзарæзт нæма уыд ацы фæндаг æмæ-иу машинæ куы кæм ныххауд æмæ куы та — кæм. Мæхи цæстæй федтон сывæллæттæ, уыцы нымæцы мæхи хъæбул дæр дойныйæ куыд стыхстысты, уый. Мах, сæ мæдтæ-иу  нæ армы дзыхъы мит бадон кодтам æмæ-иу сын сæ былтæ уымæй айсæрстам. Уыцы машинæйыл сывæллæттимæ чи нæ уыд, уыдон рахызтысты æмæ къахæй цыдысты Дзаумæ. Ахæм нывтæ уынгæйæ, ахъуыды кодтон, зæгъын, мæнæ 20 азтæ фæстæмæ æрлæууыдысты æмæ мæ зæрдæ фæцæйскъуыд фырмæстæй. 90 азты Хелцуайы хъæуы куы басыгътой лæгсырдтæ, уæд дæр адæм лыгъдысты хъæдты се ‘ккой сæ муртæ хастой, афтæмæй. Уыцы цаутæ дæр мын мæ зæрдыл æрлæууын кодтой 20 азты цаутæ. Иу ныхасæй истори фæлхаттгонд  æрцыд, гуырдзы нын сарæзтой дыккаг геноцид». 1992 азы Ереды гуырдзиаг лæгхортæ 12 ирон нæлгоймаджы удæгасæй куы баныгæдтой, уыцы трагедийы бахауд Лианæйы фыды æфсымæр Дыгъуызты Иван. Ацы трагедийы фæстæ-иу йæ нана арæх дзырдта, зæгъгæ мын 20 азы гуырдзы амардтой мæ мады æмæ ныр та мæ хъæбулы.

«Æппæт ацы цаутæ рохгонд ма хъуамæ æрцæуой. Абоны фæлтæрæн мах куынæ бамбарын кæнæм ирон адæмы уавæры тыххæй, уæд нæ историйыл дур ныффæлдахдзыстæм æмæ Хуыцау бахизæд, фæлæ та сын куыддæр гæнæн фæуа, афтæ та нæ гуырдзы сæ марæн кард нæ раздахдзысты. 2008 азы тугуарæн хæсты хæдфæстæ 26-æм августы сæххæст ирон адæмы цæрæнбонты бæллиц. Стыр Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Ныр сабыр цардæй цæрæм Стыр Уæрæсейы фæрцы. Фæлæ цæмæй уыцы хæдбардзинад бахъахъхъæнæм, уый тыххæй хъуамæ уæм æнгом, иу зондыл хæст. Хъуамæ кусæм национ идея фæбæрзонддæр кæныныл. Макуы хъуамæ ферох кæнæм гуырдзыйы фыдмиты тыххæй. Науæд афтæ куынæ уа, уæд йæ ивгъуыд цы адæм ферох кæнынц, уыдонæн хорз сомбон никуы вæййы», — загъта Дыгъуызты Лианæ.

Лианæ йæ ахуырдзаутæн арæх фæдзуры, зæгъгæ, фыццаджыдæр аргъ кæнын хъæуы мадæлон æвзагæн. Саби, зæгъ, йе ‘взаг куынæ уарза, куынæ йыл дзура, уæд уымæн  сомбоны хорз фæстиуджытæ нæ уыдзæн. Хъуамæ алы хæдзары бинонтæ дæр архайой, цæмæй хæдзары сæ сабитæ дзурой иронау æмæ афтæмæй банкъарой мадæлон æвзаджы ад.

ДЖИОТЫ Екатерина, газет «Хурзæрин»

Наверх