Иу зынг хур та аныгуылд Ирыстоныл – Хъодзаты Æхсары тæмæнкалгæ  хур; иу зарæг та аскъуыди æмбойны – Хъодзаты Æхсары æрдхæрæны зарæг. Ирыстон та афтид абадт иу поэтæй – æхсарджын  поэтæй, бæрзонд поэзи фæлдисæгæй. Дзырд Хуыцау кæмæн уыд, уымæн Хуыцау йæ хъæздыг уд ахаста, акодта йæ ацу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл…

Йæхæдæг загъта, ацы зæхх Къостайы дзырдау уарзтон, зæгъгæ. Æмæ дзырд нымадта Хуыцауыл. Кæй зæгъын æй хъæуы — ирон дзырд! Уымæн æмæ ирон дзырды фарнæй цард, йæхи ирон дзырдæн снывонд кодта, уый уыд йæ иунæг сомыгæнæн фыдыбæстæйы раз дæр æмæ стыр Хуыцауы бын дæр:

Ирон æвзаг! Мæ зынджы хай, мæ арт!

Æрттив. Æхсид æнусбонтæм æдасæй.

Дæ цæрайæ, дæ рухс æмæ дæ тавсæй

цæрдзынæн æз æмæ хæрдзынæн ард.

 

Дæ норст цæхæрæй равзæрдысты нарт,

æхсидæвтæ æрхастай Анахарсæй.

Дæ фарны хъæр, дæ маст æмæ дæ уарзтæй

нæхи Къостайæн сæнусон йæ цард.

 

О ме ‘намонд! Евразийы быдыртæй

кæнынц фæдисхъæр, удисгæ нæ дзырдтæ,

мæ уды хæзна хауæггаг фæцис.

 

Дæу чи хъыгдара – урс уæрыкк дын фестæд!

Дæ фыдæлтæ – санскрит æмæ авестæ.

Цæр се ‘рцыдмæ! Мæ рæзæнтæ! Мæ ис!

 

Æмæ диссаг цы у: уыцы æнæлаз уарзтæй йæхи уд рæвдыд уый бæрц нæ банкъардта, рыст дзы цас бавзæрста… Уыцы дзырдыл гадзрахатæй цæуын, уыцы дзырдæн фыдаудæн кæнын кæй никæмæн барста, уый тыххæй…

Æмæ куыд барстаид йæ рæстаг зæрдæ ахæм цыдæртæ? Кæмæн? Ирон æвзаджы хъысмæтыл «мæтмæрдтæ кæнгæ-йæ», бынатмæ чи баирвæзы, стæй йæм, зулдзых файнустау, йæ чъылдым чи сыздахы, нæ мадæлон æвзаг ма цæрдзæн æви мæлдзæн, уый кæй нал фендавы, уыцы чиновниктæн?.. Æви, ирон дзырдæн тыхми кæнгæйæ, Хуыцауы фæздæгæй чи мары, æнахъола примитивæй ирон дзырды фарн чи дæлдзиныг кæны, уыцы графомантæн?..

Уыцы тæккæ дугивæны, ома, советон системæ кæйдæр азарæй, фæлæ йæхи æнарæхст къухæй йæ марды чырыны сæр фæстаг зæгæл куы ныкъуырдта, йæ бæсты цы мæнгард цардарæзт æрбалæууыд, уый та ноджы кæуинагдæр куы разынд, уæд Æхсары хуызæн стыр лæгтæн уæлдай зындæр уыд… Уымæн æмæ тыхст-уырыды бахауæг дзыллæ ныфсæнхъæлцау ахæмтæм фæкæсы, ахæмтæй февæры ныфс. Фæлæ цыфæнды стыр лæгæн дæр иунæгæй цы йæ бон у сайдвæстаг дуджы уæззау цæвæнтæн!.. Æмæ уæд стыр лæджы, ома, поэты, æцæг поэты бахъæуы æххуыс агурын; дзиглотæй нæ, уыдоны ныфсæй знаг фæцæрæд — йæхи хуызæн стыр лæгтæй, царды, адæмы æнцой балæууыны ныфс кæмæй бавæра, ахæмтæ агурыны сæр. Æмæ сæ агуырдта Æхсар дæр уыцы саутар, саумылазон дугивæны, йе ‘нæрцæф уд кæм схауæггаг, уыцы хъуырдухæнты. Ахæм рæстæджы та адæм иугъуызон нæ фæхъуыды кæнынц, иу позицимæ, æмхуызон фæндиагмæ æрцæуын сын нæ фентысы. Æмæ уый Æхсары хуызæн стыр лæгтæн свæййы уæззау хъизæмар, æмвæнд, æмзонды сæр сæ удыхосау кæм фæхъæуы, уым сæ дугивæн иу фæндагыл бафтауыны бæсты скæны сæ кæрæдзийы ныхмæ дæр. Æмæ… Ирон хæлæг æлдариуæг цы зæххыл кæны, уыцы зæххыл Æхсары хуызæн курдиатджын поэтæн знæгтæ дæр куыднæ уыдаид æмæ уыдзæн… Уыдоныл-иу (ахæм цинтæ знаг бавзара!)  фырцинæй хур ракаст, Æхсары-иу Нафи æмæ Шамилимæ æргом полемикæйы бацæуын куы бахъуыд, уæд. Æмæ-иу сæ быцæумæ схъылдымтæ кодтой, мах дæр кæд искуыты къуыпп сдариккам, зæгъгæ-иу сæ сæртæ хъамылæй сдардтой… Тынг сæ фæндыд, цæмæй домбæйттæ кæрæдзийы ныхмæ суой, кæрæдзийæн знæгтæ фестой. Афтæмæй та знæгтæ нæ, хæлæрттæ уыдысты, фæлæ сæ ал-кæмæн дæр йæхи уынынад кæй уыд, уым трагеди агурын нæ хъæуы — адæм иу джиппы уагъд цæмæн хъуамæ уой! Нафи йæ фæстаг сулæфты онг дæр Æхсары нымадта стыр поэтыл, сæрыстыр дзы уыд, иннæтæй къаддæр зынаргъ нæ уыд йæ удæн. Йæхæдæг афтæ загъта Æхсариты фæлтæрæй:

«Их было много, но среди них, подобно четырем мушкетерам Дюма, особенно творческой сплоченностью и мужской дружбой выделялись Ахсар Кодзати, Васо Малиев, Шамиль Джикаев и Камал Ходов. Своими первыми шагами они стали надеждой для лучших представителей осетинских писателей старшего поколения – Гриша Плиева, Гафеза, Георгия Дзугаева, Александра Царукаева, Дабе Мамсурова, Тотырбека Джатиева и др. И надежды эти оправдались, все они стали опорой осетинской литературы».

Æхсар домаг уыд, фæлæ йæхицæн никуы ницы домдта, ницы йæ хъуыд Ирыстоны хæрзæбон æмæ ирон дзырдаивады размæцыды йедтæмæ. Æмæ-иу æй уыцы домындзинад æркодта йæхи хуызæн гиганттимæ быцæу ныхасы онг дæр… Уæдæ æндæр куыд кодтаид, мæгуыр, йæ куыйтæ кæмæн аскъуыдысты æмæ йæ гæдыты рæйын чи сахуыр кодта, уыцы хъæуы æмбисонд нæ куы баййæфта, уыцы рæстæджы?.. Æхсары курдиатджын уд сцъæх æнæуд литературæ æмæ афтид трафареттæй. Чидæртæ, ам мах йедтæмæ куы ничиуал ис, зæгъгæ, сæ сæртæ сдардтой æмæ ирон дзырдаивад аслам дзырдты  цæнды бын фæкодтой. Прозæ поэзийæ чи нæ хицæн кæны, ахæмтæ дæр литератортæ фестадысты, сæхи фысджытыл юбилейон уацтæ, чингуытæн рецензитæ фыссæг скодтой. Æгæрмæгуыр фыссæгæн, сфæлдыстадæн хуымæтæджы анализ кæнын дæр нæ зонынц, афтæмæй иударон кæнæ кæйдæрты загъд ныхæстæй гобанæмбæрзæны йас уацтæ ныдымсынц, æмæ уыдæттæй цы фыссæджы фарсыл бахæцдзæн, цы литературæйы рæзтæн фæахъаз уыдзæн — гоцъоби дурынæй дзæбидыры сыкъа нæ байдзаг кæндзынæ!.. Æхсар та йæ куырыхон зондæй æмбæрста, ацы «мардæрцыдæн» кæрон куынæ скæнæм, уæд æцæг аивад, ирон дзырды фарн быроны бын фæуыдзæн, бамбидзæн… Æмæ сын нæ барста, йæ бон нæ уыд ахæм æнæрастдзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсын. Æмæ дзы мастисæн кодтой. Йæ цæстмæ йын цы бадардтаиккой, уый сын нæ уыд æмæ ныззæгæл сты иу примитивон азымыл, коммунистон партийы, дам, нæ уарзы… Омæ йæ цæмæн хъуамæ уарзтаид, исты куринаг чызг уыд?.. Стæй «нæ уарзта» раст нæ уыд, Æхсар нымадта æмæ дзырдта, коммунистон парти кæй бамбыд, уый тыххæй кæй ныппырх, йæхи низæй кæй бабын. Æмæ цы, афтæ нæу? Афтæ у, фæлæ къуымыхзонд дæр Хуыцауы дæтгæ у æмæ йын цы кæнæм… Иу хатт мæм иу чидæр, мæ ныхас Хуыцаумæ хъыг ма фæкæсæд, фæлæ дзы фыррайгондæй чиуын дæр ферох, афтæмæй смидæг, мæнæ, дам, дын диссаджы критикон æрмæг. Цы у, кæуыл фæтых дæ, кæй критикæ кæныс, зæгъын, афарстон æй. Æмæ, дам, Æхсары æвзæрыл абырыдтæн…

Цыма мыл арв æркалд, афтæ фæдæн. Мæ фыды карæн уыд, æмæ йын йæ «диссаджы критикон æрмæгæй» йæ мукъутæ куыд ныххостаин, фæлæ йын сабырæй, мæхи тыхурæд кæнгæйæ, загътон: «Хъус-ма, æмæ ды чи дæ, чи дын радта Æхсарыл «абырыны» бар? Æхсарæн дæ йæ хъæры нысан нæ, йæ къæдзыг куы ныззæвæт кæна, уæд дæ дыууæ къахы дæр куы ласдзынæ дæ фæдыл, уæд цы дæ уæлфад гал лæууы, дæ бæттæн кæйонг не ‘ххæссы, уый онг цæмæн æвналыс?..».

Куыд уынгæджы бон уыд стыр поэтыл, куыд быхстаид ахæм дугæн, ахæмтæн?..  Æмæ йыл сæвæрдтой зындзард, зындзырд æмæ фыдахины ном!..

Фæлæ фыдуаг нæ уыд — æнæрцæф уыд; æнæрвæссон нæ уыд — сæрыстыр уыд! Æхсарæн диссаджы хæлар зæрдæ уыд, хæрам зæрдæ йæм чи дардта, уыдонæн дæр æй æвзæр никуы никæмæн бафæндыд. Йæ цæхæркалгæ курдиат, йæ удыхъæды цæлхъытæ æндæр хъуыддæгтæм здæхт уыдысты — бæрзонд поэзийæн лæггад кæнын æмæ фыдыбæстæйы æнувыдæй уарзынмæ. Æхсар уыд, нæ фысджытæй уырыссаг æвзаг иууыл хуыздæр чи зыдта, уыдонæй, фæлæ лæггад кодта ирон æвзагæн, уымæн æмæ иуæй йæ мадæлон æвзаг уыд, иннæмæй та ирон æвзаг лæггадхъуагдæр у… Ирон дзырды хуызæн ын йæ уд ницы агайдта, ницы йæ æндæвта. Байхъусæм ма йын йæхимæ:

«Фæдисхъæрау æртахт æцæгæлон зæххæй нæ фыццаг поэты уынгæг хъæлæс: «Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, куыд ма цæрæм уæ фæстæ!». Кæмæ фехъуысти хъæбулы ныхас? Чи йæ рахаста дзыллæйы рæгъмæ? Ный-йарæг зæхх. Цымæ цы уыдаид, Темырболат ацы тугæрхæм зарæг туркагау куы ныффыстаид, уæд? Йæ хъæлæс къонайæ фесхъиуæггаг æхсидавау ахуыссыдаид Анатолийы быдырты. Зарæг цæфтæй, фæлæ цардæгасæй æрыздæхти фыдæлты артдзæстмæ. Ирон дзырды фарнæй».

Куыд арф хъуыды ис ацы ныхæсты, куыд лыстæджыты хъуыды кодта алцæуыл дæр — алцæуыл, ома, цыдæриддæр ирон дзырды фарн æмæ хæрзæбоныл дзурæг уыд, уыдæт-тыл. Уымæн сагъæс кæны йæ риссаг уд:

«Не ‘взаг цæмæ ‘рцыд, уымæн зæгъæн ис иу дзырдæй: къуырцдзæвæнмæ, бæллæхы уавæрмæ. Ирвæзынæн зонын иунæг хос: ирон æвзаг Ирыстоны хъуамæ суа паддзахадон æвзаг. Ныртæккæ цы æрдæгмадзæлттæ ара-зæм, уыдон стыр ахъаз фæуой, уый мæ нæ уырны».

Нæ йæ уырныдтой æфсоны, бонасадæны митæ… Уымæн хордта йæхи, уымæн рыст йе ‘нкъараг æмæ уарзæгой зæрдæ. Æмæ йын чизоны уыцы рыст удмарæг нæ, æххуысгæнæг уыд, чизоны йын уыцы рыст йæ курдиатджын удæн уæлдай хъарутæ лæвæрдта…

Нæ, уыцы рыст ын къуындæг кодта йæ курдиатджын уды авналæнтæ, йæ мидисджын царды бонтæй йын кайгæ кодта…

 

…Дæ мæрдон былтыл бандзыг и дæ хъæр,

Æмæ куы фæуид искæмæнты зондæн:

Рæстæй цæрынæй ницы и зындæр,

Рæстæй мæлынæй ницы и æнцондæр!

 

Ехх… цæй судзгæ хур аныгуылд, цæй диссаджы зарæг аскъуыд, цæй хъуытаззæл хъæлæс бамыр…

 

Гæбæраты Юри, Газет «Хурзӕрин»

Наверх