Ирон адæмы геноцид – 100 азы

Уæрæсейы Февралы революци куы фæуæлахиз (ирæттæ йæ паддзах Микъалайы раппæрст хуыдтой), уæддæр ма Гуырдзыстоны афтæхуыйнæг меньшевикон лидерты нæ уырныдта, большевиктæ сæ къухмæ царды рохтæ райсдзысты, уый. Афтæ сæм каст, цыма паддзахиуæгад ныцъист кæндзæн ацы революцийы дæр 1905-1907 азты революцион бафæлвæрд куыд ныцъист кодта, афтæ. Æмæ алы амæлттæй дæр архайдтой адæмæй йæ басусæг кæныныл. Меньшевикты лидертæ Петырбухæй райстой Константине Чхеидзейы тел: «Мтавробадзе (хицауад) амард, фехъусын кæнут уæ хиуæттæ æмæ зонгæтæн».

Фæлæ Гуырдзыстоны меньшевиктæ райдианы адæмæй æмбæхстой паддзахы раппæрсты хабар, стæй та архайын райдыдтой уыцы историон цауы нысаниуæг сзыгъуыммæ кæныныл. Кавказы паддзахы наместник Никъала Романов, кæцы нырма йæ бынат не ссæрибар кодта, æппæлыд меньшевиктæй, сæ бон, дам, æрмæстдæр уыдонæн бауыдзæн Тифлисы фæтк æрæвæрын. Куыд меньшевикты афтæ иннæ буржуазон æхсæнадон организациты лидертæ дæр сæ удтæй арт цагътой, цæмæй адæмæн бауырнын кæной паддзахы наместникы ныхæсты рæстдзинад. 1917 азы 3 марты Тифлисы горæтон æмбырд уынаффæ рахаста, митингтæ æмæ адæмы массон змæлдтæ ма бауадзыны фæдыл.

Уый æмæ та дын ирæттæ!..

1917 азы Февралы революцийы фæуæлахизыл Хуссар Ирыстоны зæхкусджытæ æмæ фæсивæд сæмбæлдысты стыр цины æнкъарæнтимæ. Уый тыххæй 1917 азы 26 апрелы «Ирон газет» афтæ фыста:

«Адæмы цинæн кæрон нал уыди. Адæм хъæуæй-хъæумæ цыдысты кæрæдзийæн Февралы революцийы уæлахиз фехъусын кæнынмæ. Уыцы газеты Абайты Лади та афтæ фыста:

«Адæмтæ сæрибары тырысайы бын кæ-рæдзимæ сæ къухтæ радтой æфсымæрдзинады тыххæй.

Æмæ мах, ирон адæм — стæм се ‘мбæлттæ, мах стæм се ‘фсымæртæ».

Фæлæ та, истори нын куыд фенын кодта, афтæ уыцы адæмтæй ирæттæн нæдæр æмбæлттæ разынд, нæдæр æфсымæртæ, цалынмæ Хуссар Ирыстоны фæнык фестын кодтой, уæдмæ…

Цымыдисаг у уый дæр, кæд меньшевиктæ хъавыдысты адæмæй революцийы фæуæлахиз бамбæхсыныл, уæддæр адæм базыдтой рæстдзинад æмæ Гуырдзыстоны алы къуымты дæр растадысты революцийы æвварс рахæцыны сæраппонд. Ис бирæнымæц историон факттæ, æнæхъæн Гуырдзыстон кæй сызмæлыд мыдыбындзыты чыргъæдау. Кусджытæ, зæхкусджытæ, интеллигенцийы минæвæрттæ минтингты æмæ алы æмвæзадтыл æмбырдты æвдыстой, æмзонд æмæ æмвæнд кæй сты большевиктимæ, уый. Фæлæ уæддæр тых нырма меньшевикон хицауады къухы уыд. Уымæн æмæ хотыхджын æфсæддон тыхтæ уыдоны дæлбар уыдысты.

Фæлæ махæн куыд уырнын кодтой, ома, гуырдзы нæ, меньшевиктæ расидтысты геноцид ирон адæмæн, уый раст нæу, уымæн æмæ уæлдæр кæй кой скодтам, уыцы историон документтæм гæсгæ гуырдзиаг адæмы фылдæр хай рахæцыдысты револю-цийы фарс. Æмæ уый æвдыстой митингты.

Æвзæры фарст: кæд «меньшевиктæ» фæкодтой Хуссар Ирыстоны туджы лæсæн-ты бын, æртхутæг æй уыдон фестын кодтой, уæд цæмæннæ митингтæ кодтой гуырдзиаг адæм, большевикты æвварс рахæцыны тыххæй куыд митингтæ кодтой, афтæ?..

1917 азы марты мæйы фыццаг бонты Тифлисы чи цард, уыцы ирон интеллигенцийы минæвæрттæ æмæ кусджытæ Зубаловты хæдзары ауагътой æмбырд зынгæ ирон революционер Тæкъоты Симоны хъæппæрисæй. Уыцы æмбырды арæзт æрцыд комитет, кæцыйы скондмæ бацыдысты: Къæбулты Александр, Тæкъоты Симон, Уанеты Захар, Томайты Илас, Рæмонты Тъотъо, Дзадтиаты Тома, Тедеты Бетъре æмæ æндæртæ. Уыцы æмбырды тæккæ хæдфæстæ Тæкъоты Симон ацыд Цæгат Кавказмæ æмæ комитеты куысты бынтондæр хайад нал райста. Комитеты фыццаг рабадт уыд Къæбулты Александры хæдзары æмæ йæ схуыдтой «Тифлисы ирон революцион комитет». Комитеты президиумы сæрдарæй æвзæрст æрцыд Тедеты Бетъре, нымæрдарæй та — Уанеты Захар.

Фæлæ… Нæ уыд уыцы комитеты уæнгты ‘хсæн политикон иудзинад æмæ кæрæдзи-æмбарынад, уымæн æмæ се ‘хсæн уыдис, меньшевикты позицитыл лæуд чи уыд, ахæмтæ дæр æмæ эсертæ дæр, нæ сын уыд иу зондахаст, иу позици. Алчи дæр сæ революцийы нысаниуæг æмбæрста йæхирдыгонау, алчи дæр сæ иумиаг хъæццул ивæзта йæхи ‘рдæм. Æнæхъуаджы нæ фыста Тедеты Бетъре, комитет революцион кæй нæ уыд, фæлæ — националон. Æмæ уыцы комитеты уæнгты ‘хсæн кæрæдзиæмбарынад кæй нæ уыд, уый цасдæрбæрцæй  фæахъаз Хуссар Ирыстоны цæрæг ирон адæмы ныхмæ геноцидæн дæр. Тифлисы революцион комитеты уæнгтæ уыдысты 1917 азы Дзауы съезд ауадзын æмæ Националон Совет сæвзарыны активон хайадисджытæ. Уыдоны хайадистæй рахæ-цыдысты Хуссар Ирыстоны делегаттæ Уæрæсейы рæстæгмæ буржуазон хицауад æмæ йæ бынæттон орган — Фæскавказы Сæрмагонд Комитеты æвварс, кæцы арæзт æрцыд меньшевикты активон æндæвдады фæрцы.

Фæлæ меньшевиктæ æмæ эсерты политикæйы фарс нæ рахæцыдысты Хуссар Ирыстоны зæхкусджытæ, уый нæ, фæлæ сын ноджы фæтыхджындæр кодта сæ революцион тох.

Тох сцырын ног цард аразджытæ æмæ йæ зæххытæ, йæ хъæздыгад радтыныл чи нæ разы кодта, уыцы зæхджынты, æлдæртты ‘хсæн. Уыцы тохы Хуссар Ирыстоны зæх-кусджытæ ноджы тынгдæр райдыдтой æмбарын, сæ тыхтæ баиу кæнын сæ кæй хъæуы, уый. Уыцы хъуыддаджы цырв уыд, Æппæтуæрæсейаг большевикты конференцийы æвдæм (Апрелы) уынаффæ, цы ран скъуыддзаг æрцыд аграрон фарст æмæ конференцийы рахастæуыд  æлдæртты зæххытæ байсын æмæ сæ зæхкусджытыл байуарыны уынаффæ. Газет «Правда»-йы фæзынд сæрмагонд лозунг: «Зæхх — зæхкусджытæн».

Газеты фæрстыл мыхуыр æрцыд конференцийы хайадисджыты сидт, цы ран сидтысты Уæрæсейы æппæт мæгуыртæм, цæмæй сæ къухмæ райсой зæххы фарст æмæ æмæ йæ акæной кæронмæ.

Уыцы заманы Хуссар Ирыстоны нæма уыд партион организаци. Ам зæхкусджыты æмбаргæдæр хай, фронтæй чи æрыздæхт, уыцы офицертæ æмæ Фæскавказы сæудæджерадон центртæй æрбацæугæ хицæн революционертæ, нырма хъавгæ кодтой, æлдæрттæ æмæ сын кулакты ныхмæ тохы чи фæахъаз уыдаид, ахæм зæхкусæгон революцион комитет саразынмæ.

Ахæм комитет саразынмæ Хуссар Ирыстоны большевикон зондахастыл лæуд акти-вон тохгæнджыты ноджы тынгдæр баразæнгард кодта, 1917 азы августы мæйы райдианты меньшевикты фæсдзæуинтæй сæ иу, Цхинвалы районы комиссар Абгар Тер-Степанов Ортъеу, Белот, Хъорнис æмæ Цунары хъæуты æхсæнадты комиссартæм йæхимæ кæй фæсидт æмæ сæ иу æнахуыр документимæ кæй базонгæ кодта, уыцы хабар. Уый уыд Фæскавказы Сæрмагонд Комитеты 1917 азы 14 июлы рахæсгæ уынаффæ, цыран дзырдæуыд:

«1. Цалынмæ Бындурæвæрæн æмбырд уа, уæдмæ макæмæн уæд бар цыфæнды зæххы реформæ сæххæст кæнынæн дæр.

  1. Æлдæртты зæххытæ исыны хъуыддагæн кæрон æрцæуæд, аххосджынтæ та лæвæрд æрцæуæд тæрхондонмæ.
  2. Æлдæртты къухы цы зæххытæ æмæ сæрвæттæ ис, уыдон баззайæд æнæфæивгæйæ.
  3. Æлдæртты пайдайæн, æнæхъæн 1917 азæн адæмæй ист æрцæуæд «гала», «сабалахо» (ома хъалон, фидтонтæ); Гуры уезд æмæ Цхинвалы милици районы комиссарты хайадистæй рæстæгыл сæххæст кæнæд ацы хæс.

Ортъеуы зылды комиссар Хъуылымбегты Герги уыд большевикон партийы уæнг. Уый йемæ ахаста ацы уынаффæйы халдих æмæ ацыд Тифлисмæ, цæмæй ауынаффæ кæна йæ зонгæ большевиктимæ, дарддæр сын куыд кæнгæ у, уый тыххæй. Тифлисæй фæстæмæ здæхгæйæ уый фембæлд фронтæй здæхæг салдаттимæ, кæцыты ‘хсæн разынд йе ‘ввахс хæлар, зынгæ революционер Харебаты Исахъ. Хуылымбеджы фырт ын радзырдта йæ балцы тыххæй, фенын ын кодта уыцы уынаффæ. Радзырдта, йын, меньшевикты æфхæрæн митæй чи сфæлмæцыд, уыцы Хуссар Ирыстоны зæххкусджытæ кæй хъавынц, сæ архайд сын чи координаци кæна, ахæм комитет кæнæ цæдис саразынмæ. Харебаты Исахъ æм лæмбынæг байхъуыста æмæ йын ныфс бавæрдта, кæй йæм бацæудзæн Ортъеумæ æмæ æппæтыл дæр лæмбынæг кæй æруынаффæ кæндзысты. Æмæ йæ дзырдæн хицау разынд номдзыд революционер. Цыбыр рæстæджы фæстæ йæм фæуазæг. Уыцы бон фембæлд большевикон змæлды активон архайæг Цоциты Никъалаимæ æмæ баныхас кодтой иу къуырийы æмгъуыдмæ æмбырд саразыны фæдыл организацион фарстатæ аскъуыддзаг кæныныл.

Æмæ 1917 азы 23 августы Ортъеуы хъæууон скъолайы агъуысты уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны зæхкусджытæ, æфсадæй æрыздæхæг офицертæ æмæ салдатты фыццаг организацион æмбырд. Цыран арæзт æрцыд «Хуссар Ирыстоны зæхкусæгады революцион цæдис». Сæрдарæй йын æвзæрст æрцыд Хъуылымбегты Георги йæхæдæг. Цæдисы æххæстгæнæг комитеты уæнгтæ кæрæдзимæ сæ къухтæ куы радтой æмæ ард куы бахордтой, сæ архайд сусæгæй кæй æххæст кæндзысты Хуссар Ирыстоны зæххкусæг адæмы змæлд цæмæй фæуæлахиз уа, тыххæй, уæд дзы чидæртæ фырцинæй скуыдтой.

Цыбыр æмгъуыдмæ комитетæн æнгом бастдзинæдтæ фæзынд Уанат, Еред, Белот, Сатихъар, Андорет, Залда, Гудис, Тлиахъана, Хеит, Цъунар, Хъорнис æмæ æндæр хъæутимæ.

Цæдисы æххæстгæнæг комитет меньшевикон Гуырдзыстоны хицауадимæ тохы ныфс æвæрдта большевикон зондахастыл лæуд адæмæй. Уæдмæ Хуссар Ирыстоны фæзынд, æфсадæй чи æрыздæхт, бирæ ахæм салдæттæ. Харебаты Исахъ сорганизаци кодта стыр хотыхджын къорд æмæ фæндвидар тох кодта гуырдзиаг æлдæрттæ æмæ тыхгæнджыты ныхмæ.

Тифлисаг губерниаг комиссары иу телы дзырдæуы: «Абон мæм уыдысты Гуры уезды æлдæрттæ Палавандовтæ, Амиреджибитæ, Цициановтæ æмæ æндæрты минæвæрттæ. Уыдон мын фехъусын кодтой, Хуссар Ирыстоны кæй фæзынд, цавæрдæр,  прапорщик Харебайы фырт кæмæн къухдариуæг кæны, ахæм бандитон къорд 250-300 адæймаджы скондæй. Уыцы къорды астæумагъз сты, фронтæй чи æрыздæхт, ахæм ирæттæ… Уыдон нæ ауæрдынц давыныл, стъигъыныл, марыныл, æлдæртты бинонты æргæвдынц хæдзарыдзæгтæй.

Зæхкусджыты æнæмбаргæ хай хæцы уыцы къорды фарс æмæ алы сахат дæр фылдæр кæнынц йæ рæнхъытæ».

Тифлисаг губерниаг комиссар домдта меньшевикон хицауадæй цæмæй сын æфсад рахицæн кодтаид Харебаты Исахъы хæстон къорды ныхмæ. Ахæм хæстон къордтæ арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны æндæр районты дæр.

Кæд сын меньшевикон хицауад сæ домæн сæххæст кодта, уæддæр гуырдзиаг æлдæрт-тæ æмæ зæххджынтæн сæ бон нæ бацис Хуссар Ирыстоны цæрæг зæхкусджытæй хъалон исын. Кæд-иу уыцы хъуыддаг сæ къухы бафтыд бынæттон коммисарты фæрцы, уæддæр-иу сын фесты фæстæмæ дæдтинаг. Зæгъæм Белоты комы меншевикты коммæ кæсæг бынæттон комиссары фæрцы, Ерыстау æлдарæн йæ хæстон къордимæ бантыст цалдæр сæдæ фысы «сабалахо» æрæмбырд кæнын, фæлæ куы базыдта, Хуссар Ирыстоны ма æндæр æлдæрттæ дæр æмбырд кодтой хъалон, фæлæ сæ хæстифтонг адæм фæсырдтой, уæд уыцы цалдæр сæдæ фысы фæстæмæ баскъæрын кодта сæ хицæуттæм æмæ афтидæй аздæхт.

Ахæм цауты фæрцы «Хуссар Ирыстоны революцион зæхкусæгады цæдис» рæзын райдыдта бонæй бонмæ.

Газет « Хурзæрин»

Наверх