Ирон адæмы геноцид – 100 азы

Сæдæ азы размæ, 2008 азы куыд уыд, афтæ та гуырдзы Ирыстонмæ сыгъдæг быдыр саразынмæ куы æрбацыдысты, уæд бирæ фылдæр фыдбылызтæ ракæнын бафтыд сæ къухы. Ирыстоны хуссар хайы ма æнæсыгъд цы хъæутæ баззад, уыдонæн банымайæн ис æнгуылдзтыл. Ахæм амонд æрхауд æрмæстдæр дæрддаг, кæмдæр хæхты цъассы чи нымбæхст, ахæм хъæутæм, фæлæ горæтмæ хæстæгдæр хъæутæ иууылдæр баисты геноциды амæттаг.

Ахæм хъысмæт æрхауд Залдайы хъæумæ дæр. Æрмæст ацы хъæуы трагеди, иннæ хъæутимæ абаргæйæ, хицæн кæны иу цымыдисон хабарæй. Хъæуы ма чи афæстиат, ома рæстæгыл алидзын кæмæн нæ бантыст, уыдоны мысинæгтæм гæсгæ гуырдзиаг тыхгæнджытæй хъæуы цæрджыты бынтон скуынæг кæ-нынæй фервæзын кодта Хæстæг дзуары дзæнгæрæг.

Уыцы дзæнгæрæг ауыгъд уыд, Æгъуызаты-Гæбæраты Иуанейы галуаны хæдсæрмæ, Хæс-тæг дзуар цы хъæды къохы ис, уым иу æнусон тулдз бæласы цонгыл. Уый уыд тынг рагон дзæнгæрæг. Залдайы хъæумæ кæд æмæ куыд æрбафтыд, уый тыххæй ницы бæрæг-бæлвырд информаци баззад, фæлæ йыл бæрæгæй зынд, тынг рагон дзæнгæрæг кæй уыд. Уæды рæстæджы Хуссар Ирыстоны территорийыл цыдæриддæр дзæнгæрджытæ уыд, уыдонæй бæрæг хицæн кодта йæ диссаджы аив конд нывæфтыдтæй, уæлдайдæр та, цы згъæрæй арæзт уыд, уымæй.

Дыууынæм азы геноциды рæстæджы гуырдзы Залдамæ бацыдысты дыууæрдыгæй. Сæйраг æфхæрæг къорд Чъехы нарæгæй комкоммæ бацыд хъæумæ, дыккаг къорд та Ортъеуы æрдыгæй рагъыл æрхызт. Æнæхотых хъæубæстæн ныхмæ фæлæууыны фадат дæр нал радтой, дыууæрдыгæй сыл афсæрстой маргæ æмæ судзгæ. Йæхи бааууон кæнын ма кæй къухы бафтыд, уыдон сæ ных сарæзтой Дзауы коммæ Дзриа, Морго, Бузалайыл.

Мард æмæ дзуар кæмæн нæй, уыцы гуырдзиæгтæ æрмæст хæдзæрттæм нæ лæбурдтой, фæлæ сæ чъизи къухтæй нæ ауæрстой кувæндæттыл дæр.  Хæстæг дзуармæ раздæр цы къорд бахæццæ, уыдонмæ, æвæццæгæн, хардзау æркаст, ирон хъæуы ахæм диссаджы дзæнгæрæг кæй уыд, уый æмæ йæ цалдæрæй æхсын райдыдтой къæрæбинтæй. Фæлæ уæдмæ сæ уæлхъус алæууыдысты сæхицæй æмбаргæдæртæ æмæ сæ нал бауагътой, ай, дам, мæ-нæ диссаджы хæзна куы у, уæд æй æнæхъуаджы цæмæн сафут, зæгъгæ. Фырдиссагæй сæ рох дæр фæцис, хъæуы ма адæм кæй баззад, уый  —  æнæхъæн æфсадæй æрæмбырд сты дзæн-гæрæджы алыварс æмæ йæм кæсынтыл фесты. Æристой йæ бæласы цонгæй æмæ йæ уыцы бон афардæг кодтой къамбецуæрдоныл …

Фæстæдæр, ирон адæмæн фæстæмæ сæ сыгъд уæзгуы-тæм æрыздæхыны фадат куы фæцис, уæд здæхын райдыдтой залдайæгтæ дæр, фæлæ никæ-йуал æндæвта дзæнгæрæджы хъысмæт, уымæн æмæ алкæ-мæн йæ сæр йæ кой уыди. Хъæ-уы ма æнæсыгъдæй чи баззад, уыцы цалдæр хæдзар æмæ скъæты уал æрцардысты, æр-цæуын ма кæмæн бантыст, уыцы цагъдуæлдай адæм, стæй алчи йæхицæн балæууæндон аразынмæ æрæвнæлдта.

Цард та цадæггай райдыдта æндидзын. Слæууыд йæ къахыл Залда дæр. Слæууыд цы — нæргæ хъæу уыд йæ рæстæджы, æртæ колхозыл дих кодта. Хъæубæсты адæм сæ уæззау уавæрæй ирвæзын куы райдыдтой, уæд кæйдæрты равдæлд, гуырдзиаг тыхгæнджытæ кæй аластой, уыцы дзæнгæрæджы хъысмæтыл ахъуыды кæнынмæ дæр, фæлæ цы сæ бон уыд — æнæхъæн Гуырдзыстоныл чи æрзылдаид дзæнгæрæг агурæг.

Фæлæ бынтон æнæнхъæлæджы раргом дзæнгæрæджы хъысмæт.

Уыцы рæстæджы Залдайы цард, фæстæдæр цæрынмæ Знауыры районы Уелиты хъæумæ чи ралыгъд, ахæм хуыцауыкъахæргæвдæг лæг Гæбæраты Никъо. Асæй ныллæг, фæлæ фæтæнтæ конд, йæ рæстæджы тыхгæнæг тых кæмæн нæ кодта, ахæм лæг. Йæ тыхы цæсты дæр куыднæ акастаид, æмæ-иу ын кæддæрты фыдуаг, галиу митæ акæнын дæр антыст. Фæлæ уыд раст лæг, æнæхъуаджы æфхæрд Хуыцауæн дæр нæ бары, зæгъгæ, кæмæй фæдзурынц, ахæм.

Чъребамæ-иу арæх æрцыд. Чъехы нарæгæй суанг горæты онг цы гуырдзиаг хъæутæ уыд, уыцы хъæуты цæрджытæ дзы æмризæджы рызтысты. Горæты-иу æй исчи куы фæхуыдта æмæ-иу фæстæмæ нозтджынæй куы фæцæйцыд Залдамæ, уæд-иу сыл мæгуыры бон кодта… Зæгъгæ, искæцы хъæуы нæлгоймæгтæ искуы къордæй лæууынц, уæд-иу æрхызт йæ бæхæй æмæ-иу сæ, нартхоры хъæлæгъы бæстытау, кæрæдзийы уæлæ самадта. Уымæ гæсгæ йæ суанг йæ амæлæты онг хуыдтой «Быргис Никъо». Ома, берегись — Никъо рацæуы…

Гъемæ та дын иу сæрдыгон бон Никъо гуырдзыйæ ирон адæмы мæстытæ дзæбæх куы систа æмæ дзæбæх нозтджынæй йæ хъал бæхыл бадгæ Залдамæ заргæ куы фæцæйцыд, уæд Чемерты хъæуы цур иу гуырдзиаг лæг йæ разы къутæрты бабадт. Никъо йæ цурмæ куы бахæццæ, уæд рахызт къутæртæй æмæ ныззоныгуыл кодта йæ разы. Никъо йæм уæлбæхæй дзуры, ай цы мæрдтаг дæ, цы ми кæныс, зæгъгæ. Гуырдзиаг ын лæгъзтиаджы хъæлæсæй райдыдта дзурын:

«Батоно Никъо, сымах цы дзæнгæрæг агуырдтат, уый дæ-лæмæ, Гуырдзыстонмæ нæ аластой. Магъалдаты дзуары бын сын хъæды æмбæхстæй баззад. Æз дын бацамондзынæн, цы ран ис, уый æмæ, дæ хорзæхæй, мæн-иу ма фæнæм…»

Никъо гуырдзиагыл схъæртæ кодта, тагъддæр цæугæ мæ разæй, зæгъгæ.

Гуырдзиаг тындзгæ уадæй фæраст Никъойы разæй æмæ йæ скодта, дзæнгæрæг кæм æм-бæхст уыд, уыцы бынатмæ. Дзæнгæрæг æмбæхст уыд, адæймаджы къах кæдæм не ‘фтыд, иу ахæм ададжы. Бæрæг уыд, йæ алыварс раджы кæй скъутæр æмæ æддæмæ бынтон-дæр нал зынд. Никъо пыхсытыл фæйнæрдæм ахæцыд. Хæстæг дзуарæй кæй аластой, уыцы дзæнгæрæг у, уый йæ куы бауырныдта, уæд гуырдзиагæн йæ къухыл ныххæцыд æмæ йын дзырд радта, куыд ын æрмæст йæхи нæ, фæлæ йæм кæй тыххæй бахата, ахæмты дæр кæй никуыуал фæнæмдзæн. Йæхæдæг бæхыл абадт æмæ Залдайы бамидæг. Йæ дыккагхæдзæртты лæппутæй цыппармæ фæсидт æмæ сын загъта дзæнгæрæджы хабар. Бынат сын бацамыдта æмæ сын бардзырды хуызы загъта, галтæ дзоныгъыл куыд сифтындзой æмæ йæ куыд æрбаласой. Йæхæдæг йæ бæхы саргъ систа, бафснайдта йæ æмæ йæ зæрдæйы дзæбæхæн сфынæй кодта.

Лæппутæ, кæй зæгъын æй хъæуы сæххæст кодтой Никъойы бардзырд. Фæлæ изæрырдæм Никъо куы райхъал æмæ сæ уынджы онгуагъдæй лæугæ куы раййæфта, уæд хорзау нал фæцис.

«Цы хабар у? — фæрсы сæ, — Нæ йæ ссардтат?».

«Аргæ йæ бæргæ скодтам, фæлæ йæ дзоныгъмæ не сфæрæзтам», — тæрсгæ-ризгæ йын бамбарын кодтой лæппутæ.

Никъо дын ахæмтæ быхста, цы — дзæбæх сæ снаккаг кодта, стæй сын йæ бæхыл саргъ авæрын кодта æмæ изæрдалынгты тæргæ бæхыл ныхæццæ Магъалдаты дзуары хъæдмæ, æр-хызт бæхæй, идон саргъы гоппмæ æлхынцъбаст акодта æмæ бæхыл ахъæр кодта сæхи рдæм. Йæхæдæг дзæнгæрæг расæрибар кодта къутæртæй, систа йæ йе уæхскмæ æмæ йæ…  æрбахаста Залдамæ.

Æмæ дæргъвæтъин рæстæджы фæстæ ногæй ссардта йæ бынат геноциды æвдисæн дзæ-нæрæг. Уæдæй суанг нæуæдзæм азты райдианы онг æвæрд уыд Залдайы хъæуы Хæстæг  дзуары. Дыууынæм азы геноциды фæд баззад ууыл дæр. Гуырдзы, ома афтæхуыйнæг меньшевиктæ йæ куы æхстой, уæд дыууæ цæрдхуынкъы фæцис къæрæбины нæмгуытæй. Фæлæ æрмæстдæр иууæрдыгæй фарс, нæмгуытæ иннæ фарсæй нал ахызтысты. Фæлæ афтæмæй дæр зынаргъ уыд хъæубæстæн, нымадтой йæ дыууынæм азы геноциды сæйраг æвдисæныл.

…Фæлæ та райдыдта ног геноцид. Ныппырх, гуырдзыйы дæлбар нæ чи бакодта, гуырдзы ирон адæмæн цы геноцид расидтысты, уый меньшевикты аххос чи фæкодта, уыцы Советон Цæдис. Ныппырх æмæ та нæм æрбафсæрстой гуырдзы дæр, туджы лæсæнты бын та нæ фæкодтой. Уæд сын меньшевиктæ схонæн нал уыд, уымæн æмæ Гуырдзыстоны уæды бодз Гиви Гумбаридзе — сæхæдæг Кетино цыдæр кæй хуыдтой, уый йæхæдæг æрбацыд сæ разæй.

Бæстæ куы сæмтъеры, уæд та ногæй фесæфт Залдайы дзæнгæрæг. Уыцы хæсты рæстæджы гуырдзыйæн Залдамæ бацæуын нæ бантыст, фæлæ дзы уыдон къух кæй уыд, уый дызæрдыггаг нæу, уымæн æмæ йæ Цæгат Ирыстоны ‘рдæм аласын йæ ныфс ничи бахастаид…

Газет «Хурзæрин»

Наверх