Фынгыл худы бадын худинаг у æви нæ?

Арæх вæййы афтæ, æмæ хистæр æртæ кæрдзынæй кувгæйæ вæййы худы.  Ӕмæ уый раст нæу. Нæлгоймагæн йæ худ æнæмæнг исгæ у кувæндоны бын æмæ кæм фæндыдæр æртæ уæливыхæй куы кува, уæд. Уымæй æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ — йæ омменгæнджытæн дæр, æмæ хъуамæ иууылдæр кæной лæугæ. Худы бадын ирон æгъдау халы, æмæ уымæ гæсгæ нæлгоймæгтæн фынгыл хъуамæ ист уой сæ худтæ.

Фынгыл худы бадын та ирон æгъдауы ис марды фæдыл, хæрнæг, хистытæ æмæ фынджыдзæгты.  Уым та гом сæр уæвын худинаг у. Уæлдайдæр — хистæртæн.

 Чъиритæ фыцгæйæ сæ цæуылнæ хъæ-уы фæлдахын.

— Ирон адæммæ цины æмæ зианы æгъдæуттæ кæрæдзийæ тынг хицæн кæнынц.  Чъиритæ-уæливыхтæ æфсинтæ цины фынгмæ куы  фæфыцынц, уæд сæ сойфыхтау рафæлдах-бафæлдах не ̀мбæлы, цæмæй  царды фæтк, амонд, фарн лæгъзæй, æнæкъуылымпыйæ, æнæфæфæлдæхгæйæ, æнæферхæц-гæйæ цæуой размæ.  Хистæртæн уымæ уыдзысты сæ сæйрагдæр куывдтытæ, уыдон курдзысты Стыр Хуыцауæй, йе сконд зæдтæй æмæ дзуæрттæй  ацы  хорзæхтæ.

Ӕртæ æртæдзыхоны цы амонынц?  

Ирон адæмæй бæлвырд ничи зæгъдзæн, дзуары бынмæ æртæдзыхонтæ цæмæн хæссынц, цы амоны, уый. Нымæц  «æртæ»-йæн динон нысаниуæг кæй ис, уый зындгонд у. Ӕмæ æрмæст ирон адæммæ нæ, фæлæ бирæ адæмтæм дæр.  Уæдæ чырыстон дин дæр æртæйыл — Хуыцау-фыд, Хуыцау-фырт æмæ Сыгъдæг Удыл кæй  æнцой кæны, уый дæр бæлвырд у. Троица — иронау та йæ хонынц Ӕртæ иуоны. Ӕртæ диссаджы нымæц у ирон адæмы царды. Йæ фынг дæр æртæкъахыг у, Ӕртæ кæрдзыны, Ӕртæ фынджы, Ӕртæ Нарты. Хуыцау дæр Батрадзыл æртæ цæссы-джы æрæппæрста. Нарты сыгъзæрин фæткъуы давынмæ дæр æртæ æхсинаджы тахтысты. Ӕртæ мыдадзын цырагъы.  Ӕртæдзыхон. Ӕртæ æртæдзыхоны. Цы амонынц æртæ æр-тæдзыхоны? Ӕртæ чъирийæ, стæй дыууæ чъирийæ дæр Хуыцауы ном арæм. Фæлæ уæ искуы исчи фехъуыста, фынгыл федта дыууæ æртæдзыхоны?. Дзыхы бадгæ дæр нæ кæны. Чъири хурæнгæс кæй у, хурыл æй кæй барæм, уый бæлвырд у. Ӕртæдзыхон та? Геометрион æмиасфæрсджын æртæкъуымоны хуызæн. Ахæм  дыууæ  æртæкъуымонæй конд у дзуттæгты æхсæзтигъон стъалы.  Ӕхсæзти-гъон, æхсæз у къайон нымæц. Къайон нымæц та ирон адæммæ кадджын нæу. Дыууæ сæм баст у мæрдтимæ. Рухсаггаг æй хонынц, Дыууæ чъирийы, дыууæ мыдадзон цырагъы, дыууæ дидинæджы… — марды ном арæн. Хуымæтæ-джы нæ фæзæгъынц:  иу — æлгъыст,  дыууæ — фæлдысты, æртæ — æнтыст.

Гъе, уымæ гæсгæ æртæдзыхонтæ дæр сты æртæ. Фынгыл сæ кувгæ-кувын кæрæдзийæ нæ хицæн кæнæм, фæлæ сæ æрзилæм, се  ‘ппæт тигътæ дæр  куыд разыной, афтæ. Ӕмæ нæ цæстыты раз саразынц фараст тигъон стъалы.  Кæд, мыййыг,  уый нæ фыдæлты стъалы у, æмæ уый æвдисæг фæрæз сты æртæ æртæдзыхоны. Йæ тигътыл æй лыг кæнын дæр  уымæн нæ фæтчы. Ӕртæ æртæдзыхонæй рауайы рæсугъд стъалы уæларвон стъалыйы хуызæн. Сæрджын саджы дæр нæ адæмон сфæлдыстады æстдæссион хонынц. Иуæрдыгæй йыл ис фараст сыкъайы æмæ  иннæрдыгæй дæр. Фарасттигъон стъалытæ ис Тибеты кувæндæтты дæр.

Нæ фынджы сæр, дам, æртæ хæбизджыны дæле сæр, бæрзæй æмæ уæн нæ фыдæлтæ не ‘вæрдтой, ныр та чидæртæ ахæм хъуыды атауыс кодтой. Уый раст у?

Сæр, бæрзæй æмæ уæн фынгыл æвæрыны æгъдау нæм æрхæццæ нæ раг фыдæлтæй.  Зындгонд францаг ахуыргонд Дюмезилы хъуыдымæ гæсгæ та — скъифтæй. Нарты кадджытæ  куы рафæлдахæм, уæд уым дæр ис сæр, бæрзæй,  уæн æмæ ма базыджы кой дæр.  Кадæг «Уырызмæджы æнæном лæппу»-йы Уырызмæг Донбеттыртæм куы ныфты, уæд ын кусарт кæнын кæнынц йæхицæн, нæлгоймаг дзы кæй нæ уыд, уый тыххæй. Ӕмæ йын уадидæгæн бæркадджын фынг авæрдтой йæ разы… Уырызмæг, Нарты æгъдаумæ гæсгæ, базыг цирхъы фындзыл бакодта æмæ кувы. Куывд куы фæци, уæд дзуры лæппумæ: «Лæппу, рауай, ацаход, мæ хур!» Ам æвдыст цæуы, нæ фыдæлтæм дæр фынджы фыццаг хистæр базыгæй кæй куывта. Ныр йæ къухмæ физонæг чи райсы, уыцы хистæр æгъдау раст нæ кæны, рæдийы æмæ йыл уæддæр нæ сæтты.

Сæры тыххæй та ацы кадæджы загъд ис: Уырызмæджы æнæном лæппу Терк-Турчы рæгъау хъахъхъæнджыты æфсæндзых хъæрц-цыгъа æмæ æфсæндзых бирæгъ куы амары, уæд Терк-Турчы дзыллæ куывды кæм бадтысты, уым балæууыд æмæ фынгтыл рахаста йæ цæст. Систа æфсæндзых хъæрццыгъайы сæр æмæ æфсæндзых бирæгъы хъус. Сæр хистæрты фынгмæ баппæрста, хъус — кæстæр-ты размæ æмæ загъта:

«Хистæртæ, сæрхъуаг уыдыстут, æмæ уын мæнæ уый сæр, сымахæн та, кæстæртæ, мæнæ хъус, æгъдау куыд амоны, уымæ гæсгæ». Ацы хабар нын амоны, сæры æгъдау ирон адæммæ тынг рагæй кæй ис, уый.  Ӕмæ цалынмæ ирон адæм сæ фынгыл сæр, бæрзæй æмæ уæн æвæрой уæдмæ ирон адæмæн сæфæн нæй. Афтæ дæр фæзæгъынц: «Фыццаг — сæр — зонды кад у, дыккаг — бæрзæй — тыхы кад, æртыккаг — уæн — æхсары кад!»

Хæбизджынты кæрдзынтæ дæр цæмæн хонæм?

Ирон адæммæ кæрдзын баст у нартхоры ссадимæ. Нартхоры кæрдзын, дам, мисынимæ хæрзад у. Раздæры азты, æнусты мæнæуы ссад ирон адæммæ фаг нæ уыд, уæлдайдæр — хæхбæсты. Чъиритæ фылдæр кодтой хоры, сысджыйы, стæй нартхоры ссадæй дæр. Хистæртæ ма хорз хъуыды кæндзысты нартхоры ссадæй конд хæбизджынтæ. Ӕмæ уыдон дæр хуыдтой цæхæры фых кæрдзынтау кæрдзынтæ. Уырдыгæй нæм æрбахæццæ нæ хæбизджынты ацы ном. Нартхоры кæрдзынтæ, хоры æмæ сысджы дзултæ нæ фыдæлтæ фыхтой цæхæрыл, джынтæ — хæбизджынтæ, картофджынтæ æмæ иннæтæ та уæлкъæйыл, тебæйы æмæ сæ иумæйаг ном уæливых уымæн у, ома уæле фых.  Уæливыхтæн ма сæ иннæ иумæйаг ном та у чъири.

Газет «Хурзæрин»

Наверх