Ирыстон рагæй фæстæмæ дих кæны цæгатаг, астæуккаг æмæ хуссайраг æхсæнадтыл. Ирыстоны астæуккаг æхсæнадтæ ахсынц Сæйраг æфцæджы фæйнæфарс. Ардыгæй ралыгъдысты æмæ æрцардысты хуссары æмæ цæгаты. Иуæй-иу иртасджытæ туалыл нымадтой Æфцæджы хуссарварс чи цард, уыдонæн се ‘ппæты дæр. Иннæ иртасджытæ туалыл нымадтой æмæ нымайынц, æрмæст Буронæй фалæмæ чи цард, уыдоны. Иуæй-иу гуырдзиаг зонадон кусджытæм куы байхъуысæм, уæд туал æмæ Туалгом, гуырдзиагау та двали, Двалети уыдон ирон адæммæ ницы бар дарынц, ома, сты рагон гуырдзиаг адæмы хай. Абон та ириофобтæ (аланофобтæ) ноджы дарддæр ацыдысты. Уыдоны ныхæстæм гæсгæ, Туалгом у вайнахты историон райгуырæн бæстæ. Фæнды лæуу, фæнды ахау!

Афтæмæй та, туалæн, æмæ, Уæллаг Ирæн ис иу бындур. Ацы дыууæ ныхасы амонынц сыгъдæг, бæрзонд бынæттæ, ирон адæм æргом кæм куывтой Хуыцаумæ, Хуыцау цы дзуæрттæ сфæлдыста, уыдонмæ. Уымæ гæсгæ, туалмæ ахæссæн ис æппæтт астæуккаг æхсæнадтæ дæр, куыд цæгаты’рдыгæй, афтæ хуссарырдыгæй дæр. Ирон адæмы ‘хсæн уыдон кæддæриддæр нымад цыдысты куыд урс æмæ сау туалтæ. Сæ алыварс æрмæст иннæ ирон æхсæнадтæ кæй цард, уый тыххæй туал нæ бавзæрстой æндæр культурæты æндæвдад. Ирон адæмы историон мысæнуат æнæхъыгдардæй туалмæ уымæн баззад. Нацийыл, паддзахады хъысмæтыл чи хъуыды кодта, сæ зонд, сæ хъуыдытæ абон дæр Ирыстоны рæзтыл кæмæн ахады, уыцы фарны лæгтæн сæ фылдæр Туалгомæй рацæугæ кæй сты, уый дæр хуымæтæджы нæу. Хетæгкаты Къостайæ райдайгæйæ, уыдонæй бирæтæ сты, куыд Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы сæрыс-тырдзинад дæр. Фæстаг ирон паддзах — Ас-Бæгъатыр, Ирыстон чи баиу кодта, æмæ йæ алыварс лæбурджытæн ныхкъуырд чи радта, уый дæр сæ разæй лæууы.

Уыдон сæ цард снывонд кодтой бæрзонд паддзахадон æмæ национ нысæнттæн, национ хъуыддæгтыл тохæн, æмæ сæ нæмттæ абон дæр ирон фæсивæды разæнгард кæнынц сгуыхтдзинæдтæм, Ирыстоны æмæ Уæрæсейы сæрвæлтау. Ирон адæмы æнгомдзинадыл архайгæйæ, уыдон сæ фæстæ ныууагътой, æппæт Ирыстоны адæмы иу чи кæны, ахæм æвидигæ фарны хæзнатæ.

Хетæгкаты Къоста куыд дзырдта, афтæмæй «Нар уыд хæстæг цæгатаг æмæ хуссайраг кæмттæй бирæты æгъдауæвæрæг центр». Туалæй рацæугæ лæгтæн зынгæ уыд сæ ахадындзинад æппæт Ирыстоны культурон, экономикон æмæ суанг социалон-политикон рæзты. Уыдон хъазуатонæй архайдтой куыд политикон царды, афтæ паддзахадон хицау-дзинад фидар кæныны хъуыддаджы дæр. Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт Дзæуджыхъæу дæр сырæзт, йæ æмном, фидар, æмæ йæ бындурæвæрæг туаллаг мыггæгтæ кæмæн уыдысты, уыцы рагон ирон хъæу — Дзæу, хъæуимæ — баиу кæнынæй. Уыцы мыггæгтæй хъуамæ бузныг уаиккой ирон адæмы ныры фæлтæртæ.

О, фæлæ абоны царды куыд уынæм, афтæмæй Ирыстоны «астæуккаг цæджындз» Туалгом æмæ туал, сты тынг зын уавæры. Рагæй фæстæмæ Туалгом уыд рæзгæ фæл-тæрты патриотон хъомыладæн хъарудæттæг зæхх, æмæ уыцы зæхх абон у æдзæрæг, мыггæгтæ, хæдзарвæндæгтæ кæрæдзиимæ баст нал сты, рохуаты сты æгъдæуттæ, хæлæттаг кæнынц мыггæгты мæсгуытæ, кæмтты дзуæрттæ, фæсивæд нæ зонынц сæ фыдæлты сгуыхтдзинæдтæ, сæ намысджын хъуыддæгтæ, Туалæй рацæугæ разагъды лæгты нæмттæ рох кæнынц. Туал хæхбæсты цы социалон æмæ экономикон æгъдæуттыл хæст уыдысты, уыдон хъуыдыгæнæг кæй нал ис, уый аххосæй хæхбæстæ гæныстоны уавæрмæ æрцыдысты. Дзæвгар бæрæггæнæнтæм гæсгæ Туалгомæй рауад экологон бæллæхы территори.

Ирон адæмы сæйраг хай уæвгæйæ, туал ирон адæмы дихтæ кæныныл никуы дзырдтой историйы дæргъы. Никуы сæм уыд иу ирон æвзаг æмæ культурæ хицæнтæ кæныны хъуыды. Туал рагæй фæстæмæ Ирыстон иу æмæ æнгом кодтой. Абон дæр фидарæй лæууынц Ирыстоны политикон, территориалон, культурон æмæ экономикон дихы ныхмæ. Уымæ гæсгæ, ныртæккæ нæ сæйраг фарста у, туалæн сæ бон баиу уæвын суыдзæн æмæ афтæмæй уæлдæр ранымад фарстатæ сæ бон алыг кæнын бауыдзæн, уый. Дзурын уæм уый тыххæй: туал, баиу ут!

Туаллаг æхсæнады минæвæртты æрбангом кæндзысты нæ фыдæлты хъайтарон ивгъуыд, фыдæлты зæххытæ, фыдæлты æгъдæуттæ, нæ царды сног уыдзæн, ныр сæфт чи у, уыцы фæрнæйдзаг нысан: Ирыстоны намысы сæрвæлтау архайын æмæ фæллой кæнын. Уыцы нысан сразæнгард кæндзæн æмæ йæ фæстæ акæндзæн, Ирыстоны фидæныл чи хъуды кæны, уыцы хæрззонд адæмы.

Зæрдыл æрлæууын кæнын хъæуы уый, æмæ паддзахы администраци Кавказы зæх-хытæ йæхи бакодта, фыццаджыдæр, Ирыстоны æнгомдæр æхсæнад — туалты  ныддихтæ кæнгæйæ. Уый фæстæ ныддихтæ Ирыстон дæр. Фæстæдæр та туалы хæдзарвæндагæй, мыггагæй сыстын кодтой тыхæй æмæ сæ ратардтой æцæгæлон зæхмæ (Стъараполы краймæ). Иннæ тыхтард та уыд 30 — 50-æм азты. Афтæмæй Туалгом æдзæрæг фæци, туал ныппырх сты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны алы районты, сæ зæххытæ та сын (Тырсыйы ком, Хъуды ком) Гуырдзыстонæн радтой. Иу ныхасæй, ирон дзыллæйы сæйраг хай — туалы нæ бафæрсгæйæ цы бирæ административон-территориалон реформæтæ фæкодтой, уыдонæй цард хæлд æрцыд.

Абоны бон Туалгомы иу хай ис Уæрæсейы Федерацийы (Цæгат Ирыстон), иннæ хай — Хуссар Ирыстоны, æртыккаг та — Гуырдзыстоны. Ау, ахæм «хъулон» уавæрмæ бæллыдысты туал, Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæныныл удуæлдайæ куы архайдта, уæд? Бæлвырд у, туал хицæнтæ, къордтæ-дихтæ кæй сты, уый фæстиуджытæ абон дæр къуылымпы кæнынц дыууæ Ирыстон баиу кæныны хъуыд-даг. Уыцы хицæндзинад Ирыстоны кæны лæмæгъ, æнæхъару, нæ бон нæу экономикæ, социалон къабаз къахыл слæууын кæнын, паддзахаддзинад сфидар кæнын.

Уавæр дарддæр дæр афтæмæй куы баззайа, уæд нæ цавæр социалон-политикон фæстиуджытæм æркæндзæн, уый бæрæг нæу, бæлвырд у, хорз кæй нæ уыдзысты, уый. Уæлдæр ранымад æфсæнттæ туаллаг æхсæнадæн бар дæт-тынц республикæйы æмæ Уæрæсейы хицауады раз ахсджиаг фарста æрæвæрынæн. Туал никæмæй ницы исынц, туал агурынц сæхион! Ахъуыды кæнгæйæ, туалы баиу уыдзæн дихтæгонд Ирыстоны баиу кæныны фыццаг ахсджиаг къахдзæф, уый бындурыл сырæзид иугонд Республикæ Ир Уæрæсейы Федерацийы сконды.

Алчи дæр æй зоны, æстдæсæм (18-æм) æнусы Туалгомы минæвæрттæ кæй райдыдтой Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæныны хъуыддаг, сæ баиу кæнынæй æрбангом сты æппæт ирон адæм дæр.

Æвæццæгæн, истори фæлхатт кæны. Абон æгас Ирыстон æмæ Уæрæсе дæр тыхстæй æнхъæлмæ кæсынц: чи райсдзæн йæхимæ дыууæ Ирыстон баиу кæныны зын, фæлæ арфæйаг хæс? Уымæ гæсгæ, «Туал, баиу ут!», зæгъгæ, уыцы сидтæн ис иумæйагнацион стæй иумæйагуæрæсейон нысаниуæг. Афтæмæй йæ уынæм, Туалгом цæмæй къахыл фидарæй слæууа, уыцы нысан абон размæ рахастой геополитикæйы закъонтæ сæхæдæг. Уый знон нæма æмбæрстам, фæлæ йын абон æнæ æмбаргæ нал ис. Хъуыддагæн ис объективон мидис, уымæн æмæ йæ домы рæстæг йæхæдæг æмæ, Ирыстон (Цæгат Ирыстон-Алани, Хуссар Ирыстон) абон цы зын уавæры ис, уый.

Рагæй-æрæгмæ ирон адæмы удварны фидардзинад Туалгомы рæзт. Уымæ гæсгæ, туал, баиу ут — иугонд, фæрнджын Ирыстоны сæрвæлтау, Иры дзыллæйы номыл!

Дзанайты Хадзымæт, профессор, газет «Хурзæрин»

Наверх