Нæ республикæйæн кæд йæ территори чысыл у, уæддæр æй дунесфæлдисæг схайджын кодта æрдзы æппæт хъæздыгдзинæдтæй, йæ рæсугъддзинад æмæ сатæг уæлдæфæй дисы баппары æрцæуæг адæмы. Уый у нæ  сæйраг аудинаг æмæ нæ алчи дæр хъуамæ йæхицæн хæсыл нымайа экологион уавæрмæ хъус дарын, архайын, цæмæй хъахъхъæд цæуой нæ алфæмблай æрдзы сыгъдæгдзинады нормæтæ.

Ацы хъуыддаджы тыххæй не ‘мбæстаг, химион зонæдты кандидат Гæбæраты Юлия 1979 -80 азты бакодта зынгæ куыст. Уæд Гуырдзыстоны къухдариуæгад сфæнд кодтой ам мыстмарæн хосы завод саразын, кæцы æвзæрын кодта тæссагдзинад куыд экологийæн, афтæ адæмæн дæр. Заводæн йе ‘взарæнтæ æндавынц адæймаджы стджытыл, сдеформаци сæ кæнынц æмæ йæ фæстиуджытæ, гæнæн ис æмæ ахизой генетиконæй фæлтæрæй фæлтæрмæ. Уыдæттæ Юлия, куыд химийы зонады дæсны, афтæ æмбæрста тынг хорз æмæ йæ удыл æнауæрдгæйæ, сарæзта æппæт дæр, цæмæй мыстмарæн хосы завод Хуссар Ирыстоны территорийыл арæзт ма æрцыдаид.

Рацыд бирæ азтæ, æмæ цардæн ахæм тæссаг хъуыддагæй аирвæзыны фæстæ нæ республикæ рацыд тынг бирæ фæлтæрæнты, дыууын азæй фылдæр хæстон азтæ бирæбæрцæй æндæвтой нæ экологийыл, афтæ ма уыцы дугты пырх æрцыдысты бирæ арæзтадтæ æмæ кæд ныр цард йæ гаччы æрбадтис,  ногæй æндидзы нæ республикæ, уæддæр иуæй-иу районтæ нырма æххæстæй не сты æмбæлон уавæры.

Цхинвалы БАМ-ы район у нæ горæты рагондæртæй сæ иу. 1969-70 азты ам арæзт æрцыдысты цыппаруæладзыгон цæрæн хæдзæрттæ. ССР Цæдисы æфсæддон хæйттæй Хуссар Ирыстоны чи службæ кодта, уыдон æд бинонтæ æрцардысты ам. Ацы районы территори йæ рæсугъддзинад æмæ хæрзæфснайдæй адæймаджы дисы æппæрста. Алы хæдзары размæ дæр уыдысты æрдзон кæрдæджы цъæх-цъæхид гауызтæ, байтыдтой дзы алыгъуызон дидинджытæ, бæрзонд бæрз бæлæстæ, уынгты нæ уыд фенæн иунæг брон дæр. Кæд ам хъомыл кодтой тынг бирæ сабитæ, уæддæр уыдонæй алчи дæр æмбæрста, алфæмблайы сыгъдæгдзинад кæй у хъахъхъæнинаг æмæ йæ хъахъхъæдтой.

1980-90 азты Гуырдзыстоны уæды къухдариуæгад райдыдта фыццаг къахдзæфтæ, бирæ азты дæргъы сæм Хуссар Ирыстоны ныхмæ цы сау фæндтæ уыд, уыдон æххæст кæнынмæ. Бонæй-бон тынгдæр кодтой агрессивон архайдтытæ. Æрвылæхсæв дæр-иу сыхаг гуырдзиаг хъæуты ‘рдыгæй æхстой горæтмæ, тæссаг уыд, æгæрыстæмæй, уынгтæм рахизын дæр. Ахæм рæстæджы БАМ-ы территори иу æмæ дыууæ хатты не ссис не ‘мбæстæгтæн æдас территори, æфсæддон хай кæй уыд, уымæ гæсгæ гуырдзиаг неформалтæ сæ ныфс нæ хастой уырдæм æхсын, æмæ-иу горæты ирон цæрджытæ дæр сæ сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты бакодтой уырдæм. Ам, æфсæддон службæгæнджыты бинонтæ тынг хæларзæрдæйæ æмбæлдысты не’мбæстæгтыл. Фæлæ уавæр карзæй карздæр кодта æмæ уыдон дæр конд æрцыдысты нæ уæды автономон областæй. Баззад ацы территори гом дуæрттæй, æмæ йæ фындзæй дарддæр чи нæ уыны, ахæмтæн ссис «ахæрæн» бынат. Уынгтæ нæ, фæлæ авнæлдтой суанг хæдзæртты дуæрттæ тонынмæ, сафтид сæ кодтой, рафтыдтой сын сæ дуæрттæ, рудзгуытæ, хъармгæнæн системæтæ. Цыбыр æмгъуыдмæ район ссис брондон æмæ антисанитари парахатгæнæн бынат, кæд æмæ уыд гæнæн, цæмæй бахъахъхъæд æрцыдаид йæ фыццаг хуызы æмæ лæвæрд æрцыдаид, гуырдзыйæ кæй фæтардтой, уыцы лигъдæттæн.

2008 азы августы хæсты фæстæ нæ республикæйы цард йæ гаччы бадын райдыдта, куыд Цхинвал, афтæ республикæйы районтæ æмæ хъæутæ дæр сæ ног цæрдхъом хуызæй зæрдæйæн  хæссынц  æхцондзинад, фидæны рæсугъд царды ныфс. БАМ-ы районы дæр цадæггай сæндидзыдта ног цард, æрцардысты дзы ног цæрджытæ, райгас ис, фæлæ ма хъыгагæн, ис ахæм фарстатæ, кæцытæм куыдфæндыйы цæстæй кæсын нал хъæуы. Уымæн æмæ уыдон сты ахсджиаг фарстатæ. Зæгъæм, бацæуæны сæррмагонд пьедесталыл æвæрд æрцыд историон верттæхæг, æрæджы та йæ хæдфарсмæ сæвæрдтой, не ‘мбæстæгтæй Афгайнаг хæсты йæ цард чи рауæлдай кодта, уыдоны цыртдзæвæн.  Æрвылаз дæр Афгайнаг хæстонты номарæн боны цытæн цыртдзæвæнты алыварс баконд æрцæуынц æфснайæн куыстытæ, сæвæрынц сыл дидинджытæ, веноктæ. Фæлæ уый æрмæст цыртдзæвæнты алыварс. Чысыл дæрддзæфдæр территори та у æркастхъуаг. Зæгъын хъæуы, бацæуæны фæндаг, æгасæй 300 метры бæрц, баззад æнæасфалт, къæв-дабонты нæ вæййы фистæгæй ахизæнтæ, дардыл цадбадæн кæй свæййы, уый тыххæй.

Цыртдзæвæнтæн сæ галиуфарсæрдыгæй ис раздæры БАМ-ы клубы пырхæн. Лæууы, раздæр ам цы цард хæлбурцъ кодта, уый æвдисæнау, фæлæ ныр уый ис бынтон æдзæллаг уавæры. Йæ мидæг æрзадис пыхсгæрдæг, схæмпæл ис æмæ тæссаг у, бырджытæ дзы куы фæзына, уымæй дæр. Бæлвырд куыд у, афтæмæй ацы территори йæхимæ райста Афгайнаг хæстонты цæдис. Йæ къухдариуæггæнæг Гуыцмæзты Мурат нын куыд загъта, афтæмæй клубы бынаты фæнд кæнынц нысаниуæгджын ног объект саразын: «Нæ фæнд у, ам дыууæ уæладзыгон агъуыст саразын, дыккаг уæладзыджы уыдзæн афгайнаг æмæ Хуссар Ирыстойнаг хæтыты нывтæ æмæ æндæр æвдисæндарты музей, фыццаг уæладзыджы та уыдзæн, уыцы хæстыты тыххæй видеолентæтæ æмæ кинонывтæ æвдыст кæм цæуой, ахæм  чысыл кинотеатр. Верттæхæг æмæ цыртдзæвæн дæр æркæндзыстæм æмбæлон уагмæ, сæ алварс территори та уыдзæн хæрзарæзт сквер. Ацы фарст ныртæккæ скъуыддзаг цæуы нæ Президент Бибылты Анатолиимæ æмæ нæ ныфс ис, тагъд рæстæджы кæй балæудзыс-тæм нæ куыстыты уæлхъус», — загъта Гуыцмæзты Мурат.

Ацы чысыл, фæлæ нысаниуæгджын территорийы рахиз фарс та арæзт æрцыд хисæрмагонд машинæтæхсæн бынат. Кæй зæгъын æй хъæуы, Афгайнаг хæстонты номыл цыртдзæвæны хæдфарсмæ ахæм объектæн бынат ма хъуамæ уаид, фæлæ… Уæлдай фыдхуыз æмæ тæссаг уавæры ис машинæтæхсæны размæ раздæры хъармгæнæн системæйы артгæнæны агъуысты пырхæн. Йæ къултæй ма цы баззад, уыдоны сæрты акастис кæрдæг, йæ алварс та у хæфсбадæн цыфдзаст. Æнгæс уавæры сты цæрæн хæ-дзæрттæй иуæй-иуты рахизæнтæ дæр æмæ цæрджытæ æййафынц зындзинæдтæ.

Æвзæры фарст: кæд Уæрæсейæ æрцæуæг æфсæддонтæн ацы бынат уыд дзæнæты бынаты хуызæн, хæрзарæзт, сыгъдæг, йæ дардыл цъæх-цъæхид фæзтимæ, уæд ныр нæхи ирон адæмæн цæмæннæ ис уыцы уавæры?  Ацы фарсты фæдыл цæрджытæ загътой, сæ алварс уавæрмæ сæ бон куыд у, афтæ сæ хъус кæй дарынц. Бирæтæ дзы хæдзæртты рæзты  цъæхдарæнты сæхи тыхтæй ныссагътой алыгъуызон дидинджытæ, бæлæстæ. Сыгъдæгдзинадмæ дæр дарынц сæ хъус, фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, цæрджытæн сæ бон нæу, цæмæй уæлдæрзагъдгонд аиппытæ аиварс кæной. Уый тыххæй та сæ хъуыды у, ацы фарстытæ кæй сты нæ республикæйы æмбæлон инстанцитимæ иумæ скъуыддзагкæнинаг æмæ курæг сты, цæмæй уавæрмæ æрцæуа хъусдард.

Хуыгаты Миленæ, газет «Хурзæрин»

Наверх