Санахъоты Уасо уыдис нæ хистæр фысджыты фæлтæрæй. Йæ царды бонты йæ сæйраг мæт æмæ сагъæс уыдысты йæ адæм, рæзгæ фæлтæр, сомбоны аивад æмæ культурæйы рæзт. Уый уыдис цардбæллон адæймаг, хæлар æмæ адæмы уарзаг.

Уасо йæ царды бонты бирæ федта маст æмæ фыдæбон, фæцыдис царды гуыргъахъ фæндæгтыл, федта Октябры революцийы агъоммæйы рæстæг, цыран уæныг галы бынатмæ нæ хæццæ кодта, лæппу та – лæджы ранмæ.

Æвæццæгæн, рæстдзинæдтæ æрдзы йас никæмæ ис. Уасойæн æрдз йе ꞌвзонджы бонты балæвар кодта æмбаргæ зонд æмæ, зындзинæдты ныхмæ цæмæй бафæрæзтаид, ахæм хъару. Уыцы хъару йæм уыдис йæ зæронды бонты дæр. Уый зæронды кой нæ уарзта, кæддæриддæр æм уыд  Гæдиаты Секъайы хъуыды:

Дæ ныфс куы асæттай,

Уæд сæфт дæ, уый зон.

Дæхи зæрондæй дæр

Лæппу-лæгтæй хон.

Санахъоты Уасо Михелы фырт райгуырдис 15 январы 1901 азы сахар Тбилисы.

Ирон æмбисонд ахæм ис: «Фыдæй дын куы ницы баззайа, уæд лæг хъæзныг нæ кæны». Уыцы æмбисонд Михелы цардыл дæр фæзынд æмæ Уасойы æвзонджы бонтыл дæр.

Михел – цыбыркъух лæг уыд. Æмбаргæ, хæдзардзин, фæлæ царды фæрæзтæй цух. Йæ царды бонты уый йæ къух цынæ уæззау куыстмæ фæкодта йæ бинонты царды сæрвæлтау, фæлæ уæддæр мæгуыры лæдзæг йæ къухæй нæ хауд.

Уасо куы райгуырд, уæд Михел куыста Сабурталойы спичкæтæаразæн фабрикæйы хъахъхъæнæгæй, йæ бинойнаг Гæззаты Гигка та – гæрзтæхсæгæй. Ныйарджыты куыст дзурæг у, хæдзар хъуагдзинæдтæ кæй æййæфта, æмæ уыцы уæззау царды уаг йæ уæз æруагъта æвзонг Уасойыл дæр хæрз сабийæ.

Егъау уыд фыды сагъæс йæ зæнæгыл, фæлæ сын йæ бон цы уыд, мæгуырдзинад, царды цыбыркъухдзинад Михелы раз лæууыд къулдуарау æмæ йæ акъахдзæф кæнын никуы-дæм уагъта.

Зынгæ ирон фыссæг Тлатты Хох йæ радзырд «Фын»-ы афтæ фыссы: «Æфсæст, æнæмæт адæймаг фынтæ нæ уыны, фынтæ уыны мæгуыр, æххормаг, маст бирæ кæй ис, ахæм».

Сагъæстæй дзаг уыд Михелы зæрдæ дæр йæ царды бонты. Уæззау царды уаг цæрæнбон цыбыргæнæг у æмæ Михелы дæр атыдта йæ бинонтæй, йæ адæмæй, амард, Уасойыл 8 азы куы сæххæст, уæд. Хæдзары  уæз æрæнцад мадыл, Гæззианы уæхсджытыл. Ныййарæг мад баззад йæ иунæг лæппу æмæ дыууæ чызгимæ.

Уасо фыццаг куыста хъæдындзаумæттæ аразæн куыстуаты. Хæдзары хъуагдзинæдтæ æвзонг лæппуйæн фадат нæ радтой, цæмæй ахуырмæ бацыдаид рæстæгыл.

1923 азы онг, ома 22-аздзыдæй дæр Уасо нырма рæстмæ кæсын æмæ фыссын нæ зыдта, æцæг йæ бæллиц, йæ уарзондзинад аивадмæ, литературон куыстмæ рагон уыд. Ууыл дзурæг у иу хъуыддаг: 1923 азы Уасомæ æрбафтыд гуырдзиаг æвзагыл иу æнæфæуд пьесæ, баххæст æй кодта йæхæдæг æмæ йæ сæвæрдта Сабурталойы кусджыты клубы, иу роль дзы æххæст кодта йæхæдæг дæр.

1921 азы Уасо барвæндонæй бацыдис Сырх Æфсады рæнхъытæм, службæ кодта 11-æм армийы, цыран феслужбæ кодта 1923 азмæ. 1923 азæй кусын райдыдта Тбилисы фæндæгты арæзтады, изæрыгæтты та цыдис театралон студимæ, кæцыйæн разамынд лæвæрдта зынгæ гуырдзиаг режиссер Марджанишвили.

1930 азты Уасо Ирыстонмæ æрцыд æмæ кусын райдыдта хъæды хæдзарады директорæй.

Хъæд царды суадæттæй иу кæй у, уый Уасо хæрз æвзонгæй æмбæрста. 1934 азы бацыд Архангельскы хъæды Академимæ æмæ йæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис 1937 азы. Ирыстонмæ æрыздæхт цæттæ инженерæй, кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны облæххæсткомы сæрдары хæдивæгæй. Дысвæлдæхтæй та бавнæлдта ам дæр йæ куыстмæ, фæлæ лæджы фæндтæ арæх йæхи бар кæм вæййынц.

Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Фашизмы æнаккаг ныббырст алы советон адæймагæн дæр фæивын кодта йæ куысты нывæзт, уæд та Уасойы дæр ногæй бахъуыд йе ꞌфсæддон цинел скæнын æмæ райгуырæн бæстæйы раз фырты хæс бафидын. Уыдис æфсæддон госпиталы къамисар хæсты азты.

Фæсхæсты азты Уасо куыста бирæ бæрнон бынæтты, суанг цалынмæ 1961 азы пенсийы нæ ацыд, уæдмæ. Стыр куыст бакодта, æхсæнад «Зонынад»-ы сæрдар, стæй уæд Хуссар Ирыстоны облæххæсткомы сæрдарæй куы куыста, уæд дæр.

Йе сфæлдыстадон фæндаг Уасойæн рай-дыдта къаннæг пьесæтæ, радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæй. Кæд йæ фыццаг уацмыстæ аивадон æгъдауæй иууыл æххæст нæ уыдысты, уæддæр сæ бæлвырд уыд иу хъуыддаг – сæ ав-тормæ ис курдиат æмæ дарддæр фыдæнхъæл кæй нæ фæкæндзæн ирон чиныгкæсджыты.

Нæ фыссæджы сфæлдыстадимæ ирон чиныгкæсджытæ, сæйраджыдæр, базонгæ сты 1941 азы. Уæдæй райдыдтой цæуын мыхуыры йæ литературон куысты фæллæйттæ.

Санахъоты Уасойæн йæ иууыл уарзондæр жанртæ уыдысты прозæ æмæ драматурги. Йæ уацмысты тематикæ та – Ирыстоны ивгъуыд æмæ ног цард.

1951 азы мыхуыры рацыд йæ уацмысты æмбырдгонд, цыранмæ хаст æрцыдысты йæ радзырдтæ, йе ꞌмдзæвгæтæ, йæ пьесæтæ. Уацмысты тематикæ у алыгъуызон, сæйраджыдæр та дзы ныхас цæуы революцийы агъоммæйы уæззау царды нывтыл, дзыллæйы мæгуырдзинад æмæ тухиаджы цардыл.

1952 азы ирон театрдзаутæ стыр цинимæ сæмбæлдысты Уасойы пьесæ «Уардойыл».

1954 азы хицæн чиныгæй рацыдысты Уасойы пьесæтæ æмæ радзырдтæ гуырдзиаг æвзагыл. Уыцы пьесæтæй сæ иу у «Сæуæхсиды тынтæ», цыран автор æвдисы XIX æнусы революцион змæлды нывтæ. Сæйраг хъайтарæн автор равзæрста ирон революционер Джиоты Тъатъейы. Пьесæйы реалон нывты æвдыст цæуы цагъардзинады ныхмæ тох. Æвдисы дзы, Гуры мæсыгы цур ауыгъд куыд æрцыдысты Тъатъе æмæ йе ꞌмбæлттæ. Уацмысы авторы хъуыды бæрæг у: сæрибар цард йæхигъæдæй кæй не ꞌрцыд, уый сæрыл бирæ туг ныккалдтой нæ фыдæлтæ.

Чиныгмæ цы радзырдтæ æрцыд хаст, уыдоны сæйраг темæ – Стыр Фыдыбæстæйон хæст, советон адæмы тох, сæ хæлардзинад уæззау азты æмæ знаджы æлгъаг цæсгом. Ахæм радзырдтæ сты: «Фембæлдысты», «Фый-йæуттæ» æмæ æндæртæ.

Уасо драматургийы фадыджы æрæхстджындæр уыд, уый бæлвырдæй зыны йæ пьесæтæ «Тъатъе», «Уардо», «Амондагурджы-тæ», «Сыхæгтæ», «Хъуына», «Цæуыл зарыд фыййау» æмæ æндæрты. Пьесæтæ «Сыхæг-тæ» æмæ «Цæуыл зарыд фыййау»-ы уынæм царды комулæфт, дуджы удыгъæд.

Сфæлдыстадон фæндагыл цæугæйæ, Уасо хызтис гуырахстджындæр уацмыстæм. Бæрæг фæзынд уыд нæ литературæйы Уасойы роман «Арф фæд». Уый уыдис 1959 азы. Ирон чиныгкæсджытæ райгондæй баззадысты ацы романæй. Автор ацы ран æвдисы Ирыстоны ивгъуыд бонтæ, сæ тухитимæ, уынæм дзыллæйы уæззау царды уавæр. Автор нæ райдианы зонгæ кæны иу мæгуыр хæдзаримæ. Бабын сæ дарæг Карум, бинонтæ бахаудтой уæззау уавæрты, уæлдай зындæр раны та Саучызг, Карумы бинойнаг, кæцымæ хæрзæвзонгæй æрхауд хæдзары уæз, мæт, сидзæргæсы ном. Нæ фæцудыдта Саучызг, æппæт тыхтæ дæр радта йæ фырт схъомыл кæнынмæ. Романы архайд сæрæй кæронмæ дзурæг у, кæй æввахс кæны ног дуг, дзыллæ цæргæ-цæрæнбонты кæмæ бæллыдысты, ахæм рæстæг.

Роман «Арф фæд» Уасойæн йæхи зæрдæйы дæр ныууагъта арф фæд, уымæн æмæ æрцæуæг хабæртты йæхи цæстæй федта, æрцæуæг хабæртты йæхи бæрзæйыл бавзæрста, йæхæдæг уыд æппæт хъуыддæгтæн дæр æвдисæн. Уымæн фæдзурæм, Уасойы царды хæбæрттæ лыстæггæй базонын кæй фæнда, уый йын бакæсæд йæ роман «Арф фæд».

Уасо йæ царды бонты йæ къухы хаста хæлардзинады тырыса, царды вазыгджын фæндæгтыл цæугæйæ, уый тыдта хæлардзинад, æфсæрмдзинад, уарзондзинад.

Уыцы фарст егъау бынат ахсы нæ фыссæджы сфæлдыстады. Лæг хъуамæ уа хъæбатыр, патриот йæ бæстæ æмæ йæ адæмæн. Ахæм у Уасойы радзырдтæй иу цалдæры сæйраг мидис. Ахæмтæ ма сты йæ радзырдтæ «Сæрибарыл тох», «Фыййæуттæ», «Зæрдæйы хъæдгом», «Тох» æмæ историон пьесæ «Тъатъе».

Лæг хъуамæ уа лæг. Ахæм уыд Уасойы хъуыды царды астæуккаг цæджындз – лæг, нæлгоймаджы фæлгондз æвдисгæйæ. Царды йæхи фæллойæ чи цæры, раст æмæ зæр-дæхæлар чи у, адæм, æхсæнад йæ сæйраг сагъæс кæмæн сты, куыстуарзаг æмæ адæмы хъуыддагыл æнувыд чи у, уый Уасо хуыдта лæг æмæ нын ахæм адæймаджы сныв кодта йæ уацауы – «Дыууæ æфсымæры», кæцыйæн йæ ном хуыйны Инал. Уасойæн æнæуынон уыдыс-ты Иналы æфсымæр Мысосты хуызæттæ – саузæрдæ адæймæгтæ, искæй фæллойæ схъæзныг кæнынмæ чи тырны, йæхи уды мæт чи кæны, фæллой, мулчы сæраппонд йе ꞌфсымæрыл йæхи чи тигъ кæны, ахæм адæй-мæгтæ.

Санахъоты Уасойы чингуытæ «Уацмыстæ», «Уардо», «Арф фæд», «Царды уылæнтæ», «Цардвæндæгтæ», «Диссаг у цард» æмæ æндæрты канд ирон чиныгкæсджытæ нæ зонынц, сæ фылдæр хай сын кæсынц гуырдзиæгтæ æмæ уырыссæгтæ сæхи æвзæгтыл. Уасо гуыргъахъ фæндæгтыл рацыд. Йе ꞌвзонджы бонты бирæ зындзинæдтæ бавзæрста, фæлæ сыл хъæцыд, уымæн æмæ къæвдайы фæстæ хурбонтæ фылдæр куы вæййынц, уæд зæрдæйы хъæдгæмттæ тагъд дзæбæх кæ-нынц. Советон дуджы хæрзиуджытæй буц æмæ сæрыстыр уыд Уасо. Къостайы загъдау, нæдæр йæ къах фæллад, нæдæр йæ къух, куыста, фыста æмæ æвдыста йæ дзыллæйы хорздзинæдтæ, ног дуджы рæзт æмæ комулæфт. Хистæртимæ уыд хиуылхæцгæ, æмбаргæ æмæ хъуыдыджын лæг, æмгæрттимæ — хъæлдзæг, дзырдфæразон, царды хæрзиуджытыл æвæллайгæйæ ныхас æмæ уынаффæгæнæг, кæс-тæртимæ — рæвдауæг, узæлаг, фæндагамонæг.

120 азы сæххæст Уасойы райгуырдыл. Уасо йæ дзыллæйы раз сарæзта уыйбæрц, цæмæй йын йæ рухс ном мысæм кæддæриддæр.

ПЛИТЫ Гацыр

Наверх