Адæймаг цы наци, цы туг æмæ стæгæй у, уый сæйраг бæлвырдгæнджытæ, дам, æвзаг, æгъдау, культурæ æмæ традицитæ сты… Æмæ раст сты, афтæ чи нымайы, уыдон. Фæлæ иууыл растдæр уаид, алцæмæн дзы йæхи бынат ныууадзын… Хистæр-кæстæр бирæ рæтты махæй хуыздæр зонынц, чындзæхсæв кæнын кæнæ мард бавæрыны æгъдæуттæ дæр мах не ‘рымысыдыстæм, уæдæ кафыны охыл нырыккон цивилизацийæ иппæрд папуастæ дæр счъыллиппытæ æмæ схъылдымтæ кæнынц…

Æвзаг. Æрмæстдæр æвзаг у, чи цы наци, адæмы хаттæй у, уый  бæлвырдгæнæг. Кæцыфæнды  знæмæн, адæмæн дæр сæ национ бæрджытæ æмæ гакк се ‘взаджы арф æвæрæнты агургæ вæййынц, сæ истори дæр сын фылдæр се ‘взагмæ гæсгæ фæиртасынц ахуыргæндтæ.

Диссаг уый у, æмæ кæмдæрты кæйдæрты ахуыргæндтæ сæхи адæмы истори дæр ирон æвзаджы сусæг æвæрæнты агурынц, махæн та нæхи дæр нæ хъæуы… Ма та смæсты ут, хорз адæм, фæлæ афтæ у, цæмæннæ йыл хъуамæ басæттæм?.. Бирæтæм хъыг кæсы, афтæ дзурын. Не взаг, дам, йæ рæзты къахыл ныртæккæ ныллæууыд, цæрдхъомæй-цæрдхъомдæр, дам, кæны. Чизоны йæ арæхдæр кæй райдыдтам хъусын, уый тыххæй афтæ хъуыды кæнынц чидæртæ? Чизоны, фæлæ йæ куыд, цы хуызы хъусæм, ууыл нæ цæмæннæ исчи ахъуыды кæны? Уымæн æмæ,  цахæмæй йæ хъуамæ хъусæм, уый чи зоны æмæ æмбары, ахæмтæ сыстæм сты… Æппæлын хорз у, фæлæ цæстмæхъус ныхас фыдбылыз кæй хæссы, уый не ‘взаджы стырдæр бардуаг йæхæдæг куы загъта…

Абон стыр Уæрæсейы сконды Ирыстоны дыууæ хайы баиу уой, уый фырпатриотизмæй цы ирæтты нæ фæнды, уыдон сæ æвæндондзинад бамбарын кæнынæн ахæм аргумент æрхæссынц: уæд бынтондæр не ‘взаг фесафдзыстæм…  Фæлæ ма бафæл-варæм ацы фарст рæстаг, реалон хуызы равзарыныл: Уæрæсейы сконды ис цалдæр цæгаткавказаг республикæйы. Уыцы республикæты иунæг ахæм адæймаг дæр нал ссардзыстæм, кæцы райгуырд, цалынмæ Уæрæсейы скондмæ бацыдысты, уæдмæ. Алчи дæр сæ райгуырд æмæ схъомыл Уæрæсейы сконды. Уый тыххæй цы, исчи сæ йе ‘взаг фесæфта?.. Абон уыцы республикæтæй алкæмæн дæр ис йæхи парламент. Ссарут мын се ‘хсæн иунæг ахæм республикæ, иунæг ахæм парламент, цыран кæцыфæнды депутатæн дæр йæ бон нæу сæхи, йæ мадæлон æвзагыл цыфæнды фарст дæр уынаффæмæ рахæссын! Махмæ та?.. Уæ къухтæ уæ зæр-дæтыл сæвæрут, афтæмæй дзуапп раттут: махмæ дæр афтæ у?..

Абон мах хæдбар паддзахад стæм, уымæй дæр дыууæ номимæ — Республикæ Хуссар Ирыстон нын нал фаг кодта æмæ ма йæм Паддзахад Алани дæр бафтыдтам! Абон дæр нæ исчи хъыгдары, цæмæй нæ фыдæлты-аланты æвзагыл дзурæм, пайда дзы кæнæм, исчи нын нæ дзыхтыл хæцы? Ничи! Исчи нын нæ къухтыл хæцы, иронау фыссын нæ нæ уадзы? Ничи! Уæдæ уый цыхуызæн Паддзахад Алани у, иунæг хъуыддаджы гæххæтт дæр аланты æвзагыл кæм нæ фыссынц?..

Бирæтæ сæрбæрзондæй цин кæнынц, нæ бæрæгбонты ‘хсæн (15-æм май) ирон æвзаджы бон дæр кæй фæзынд, уый тыххæй. Иугæр официалон, паддзахадон æмвæзадыл бæ-рæгбон у, уæд æй нысан кæнын хъæуы, уæдæ цы! Фæлæ дзы цы ис цинагæй? Куыд ис гæнæн æмæ мадæлон æвзагæн кæцыдæр бон уа — мадæлон æвзагæн хъуамæ уа алы бон дæр! Уымæн æмæ æвзаг куынæ уа, уæд нæ уыдзæн наци дæр! Ис ахæм паддзахадтæ, кæцытæм паддзахадон æвзæгтыл нымад цæуынц æндæр адæмты æвзæгтæ. Фæлæ уыдонæн сæ хъысмæт æндæр у, æндæр бон сыл нæй. Мах та цы ‘рсырдтам, цæмæн æрæвæрдтам не ‘взаг фæсдуар? Цæмæн æм кæсæм ахæм уæлæнгай æмæ куыдфæндыйы цæстæй? Ирон æвзаг, ирон æвзаг кæнæм, «не ‘взаг — нæ хæзна» рубрикæйы бын гонорар къæрцц кæнæм, фæлæ уыцы æвзаг цыхуызæн хæзна у, ууыл нæ хъуыды кæнæм. Æрвылбон дæр ирон зар-джытæм хъусæм, нæ зарæггæнджытæн æмдзæгъд кæнæм, фæлæ сæ дзуапп никæмæй домæм, ирон æвзагæй кæй хынджылæг кæнынц, уый тыххæй. Йæ астæу куыстмæ кæмæн нæ тасы, уыдоны иууылдæр æввонг æмæ æнцой цард кæнын фæнды. Дунейы зарæггæнджытæ æмæ зарæгфысджытæ нæм фæзынд, фæлæ цахæм ирон æвзагыл фыссынц æмæ зарынц, уымæй сæ фæрсæг нæй.

Геноциды кой куы скæнæм, уæд æм бафтауæм культурон геноцид дæр. Æмæ раст кæнæм. Гуырдзыйы азарæй ссæдзæм азы Хуссар Ирыстоны цы ирон адæм бабын, уыдон удæгас куы баззадаиккой, уæд нал уыдаиккой, ивгъыд æнусы кæрон æмæ ног æнусы райдианы геноцидтæ. Уымæн æмæ уый бæрц адæм куынæ ныццагъды уыдаиккой, кæнæ сæ фыдæлты уæзгуытæй куынæ фæхауæггаг уыдаиккой, уæд бирæ фылдæр уыдаиккам æмæ нæм сæ ныфс нал бахастаиккой. Уымæй къаддæр зиан нын нæ ракодта сæ культурон геноцид дæр — нæ фыссынад нын кæй фæраив-баив кодтой, уый аххосæй ирон æвзаг фæстæмæ алæууыд æнæхъæн æнусы бæрц. Дзурын хъæуы уыдæттыл? Хъæуы сыл. Фæлæ нæхи кой цæмæннæ кæнæм? Нæхицæй цъус ис, йæ уд уырыссаг дамгъуат латинаг дамгъуатæй баивыныл чи хъары, ахæмтæ? Цъус нæм ис, ныридæгæн латинаг дамгъуатæй æдзæсгом æмæ æнæзакъонæй чи пайда кæны, ахæмтæ? Бирæ, фæлæ сын, цæмæдæр гæсгæ, сæ ных нæ къуырæм.

Ирон æвзаг цæмæй цæрдхъомæй-цæрдхъомдæр кæна, уый тыххæй нын хъуамæ табуйаг бынаты уаиккой, чи ма йыл тыхсы, йæ рæзтыл ма чи архайы, уыдон. Махмæ та куыд у? Ирон æвзагыл хуы-мæтæджы хъуыдыйад (арф мидис, æмбæлон æмвæзады кой ма чи кæны) æнæрæдыдæй чи нæ ныффысдзæн, ахæмтæ дæр нæм Республикæ Хуссар Ирыстоны Сгуыхт журналисттæй агæпп ластой! Нæ лæугæ хох, нæ цæугæ мæсыг Къостайы преми дæр афтæ —  ахæмты дзы «сбуц» кодтам, «барæвдыдтам» æмæ Нафи, Шамилы хуызæттæ дæр Къостайы премийы лауреаттæ кæй сты, уый зæгъын нæ цæсгом нал фæхъæцы… Æмæ, аслам цы уа, уымæн та аслам аргъ и. Æмæ  алчи дæр уæлæнгай цæстæй кæсын райдыдта ирон æвзагмæ, алчи дæр райдыдта йæ ныфс хæссын поэт, журналист уæвынмæ.

Аслам фыды та бас нæй, æнæтыд хуымы хоры нæмыг куыд нæ зайы, афтæ…

У иу æвзаг дæр а -дунейæн фаг,

Фæлæ нæ ивынц мады риу æндæрыл!..

Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг,

Кæд ма æрбайсæфт хоры нæмыг мæры?!

Хаджеты Таймуразы рæнхъытæ сты. Раст зæгъы поэт, фæлæ æнæтыд хуымы ницы зайы. Хоры нæмыг мæры нæ сæфы, фæлæ цæмæй ма фесæфа, уый тыххæй йæ нырма байтауын хъæуы.

Исты гæнæн ма ис, цæмæй не ‘взаг ма фесæфа?

Ис. Кæд алы иронæн дæр ирон æвзаг «ме ‘взаг» суа, уæд!..

ГÆБÆРАТЫ Юри

Наверх