Чиныг ахуырады бæрзæндтæм кæй кæны, уый ногдзинад никæмæн у, йæ ахсджиагдзинад та ивы рæстæджы цыдимæ. XXI- æм æнус нымад у интернет æмæ мобилон бастдзинады æнусыл, куыстуæттæ, ахуырадон системæ æмæ æндæр ор-ганизацитæ райдыдтой интернетæй пайда кæнын, алыгъуызон хызæгты руаджы гæнæн ис иу бæстæйæ иннæ бæстæмæ куыд информаци адæттын, афтæ вазыгджын документаци æмæ цардуагон æнæмæнгхъæуæг хъуыддæгтæ дæр саразын. Уæдæ ма, æгæрыстæмæй, диссаг дæр уаид, чиныгуарзджытæн нырыккон технологиты руаджы сæ уарзон чиныг бакæсыны уавæртæ куы нæ уаид, уый.

Ацы хъуыддагыл æппæты фыццаг 1971 азы бакуыста Америкæйаг фыссæг Майкл Стерн Харт. Уый АИШ-ы хæдбардзинады Деклараци ракодта мобилон нымæцон системæмæ.  Ахæм хуызы чингуытимæ кусын фыссæгмæ фæкаст æнцондæр æмæ цыбыр рæстæгмæ интернеты фæлгæттæм æрбаиу кодта ноджы цалдæр мыхуырон æрмæджы. 2005 азмæ уый йæ мобилон библиотекæмæ баппæрста 17 000 чиныгæй фылдæр.

Ныртæккæ ацы технологитæй пайда кæнынц дунейы размæцыд бæстæтæ, мингай æвзæг-тыл мыхуыр цæуынц мобилон чингуытæ, куыд аивадон литературæ, афтæ зонадон куыстытæ дæр. Нæ баззад ацы хъуыддаджы фæстейæ ирон æвзаг дæр æмæ цалдæр азы размæ интернет хызæгтæ PlayMarket æмæ  AppStore-йы фæрстыл фæзындысты мобилон æфтуан «Ирон чиныг» æмæ хъазт «Базон-базон». Æфтуантыл бакуыста æмæ сæ мобилон хызæджы пайда кæнынмæ бацæттæ кодта хуссарирыстойнаг æрыгон лæппу Гæбæраты Æхсар. Æхсаримæ ныхасгæнгæйæ ис банкъарæн, йæ уды арфы кæй ис йæ уарзон ирон æвзагмæ æнæкæрон уарзондзинад, архайы мадæлон æвзаджы райрæзтыл, æндæр æвзæгты æмрæнхъ дугты æмдзу куыд кæна, уыдæттыл. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй тынг уарзта аудиочингуытæм хъусын. «Хъуыстон-иу æндæр æвзæгтыл аргъæуттæ æмæ алыгъуызон цы-мыдисон æрмæджытæм æмæ-иу сæ арф айста мæ зæрдæ, уыдысты æнцонæмбарæн æмæ æнцон хъуыдыгæнæн. Уæд мæм фæзынд ахæм ногдзинад ирон æвзагыл саразыны фæнд æмæ мæ разы æрæвæрдтон, кæронмæ йыл бакусыны хæс». Æхсар кæстæр кълæсты ахуыргæнинаг куы уыд, уæд рабæрæг ис компьютерон технологитæм йæ арæхстдзинад. Тынг хорз ахуыр кодта математикæ дæр æмæ ныр йæ разы цы хæс æрæвæрдта, уый сæххæст кæнынæн дæр ын æрдзы ацы лæвæрттæ фесты стыр ахъаз. Æрбаиу кодта йæ зонындзинæдтæ æмæ сæ спайда кодта йæ мадæлон æв-заджы размæцыды хъуыддаджы. «Фыццаджыдæр уал мæ фыдимæ бацæттæ кодтам 200-йы бæрц фарстайы æмæ 2016 азы рауагътам мобилон æфтуан «Базон-базон» хъазты хуызы.

Хъазт у «Кто хочет стать миллионером»-ы æнгæс домæнтыл, йæ фарстатæ се ‘ппæт дæр сты Ирыстоны цæгат æмæ хуссар хайы географион зонæнтимæ, царды уавæртæ, аивад, культурæ æмæ æндæр ахæмтимæ баст. Йæ нысан та у Ирыстоны тыххæй фылдæр зонæнтæ исын хъазты хуызы, уымæн æмæ сабитæ хъазгæйæ сæхи куыд ифхæрсынц, афтæ исынц ног зонæнтæ дæр. Хъазтмæ цы фарстатæ бацæттæ кодтам, уыдон раст сæвæрынæн нын стыр æххуыс бакодта ирон филологийы специалист Цоколаты Экатеринæ. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй ацы хъазтмæ æцæгæйдæр тынг бацымыдис кодтой сабитæ æмæ махæн дæр уый, кæй зæгъын æй хъæуы, уыд тынг æхсызгон. Бацархайдтам, цæмæй фæфылдæр кæнæм фарстатæ æмæ уа ноджы цымыдисондæр. Ныртæккæ йæ фарстатæ æдæппæт сты 500 мæ æввахс.  Хъазт «Базон-базон»-æн ссарæн ис Plai Market-ы, планшеттæ, копьютертæ, мобилон телефонтæ iPhone  æмæ йæ Android сæвæрæн æмæ дзы æнæ интернет бастдзинадæй пайдагæн»,- радзырдта Æхсар.

Хъазт «Базон-базон»-ы æнтыст фаг нæ фæкаст Æхсармæ æмæ дарддæр бакуыста ирон литературæ интернеты фæрстыл апарахат кæнынæн æнцондæр нырыккон фадæттæ саразыныл. Къаддæр æнтыст нæ уыд йæ æфтуан «Ирон чиныг»-æн дæр. Ныр  цалдæр азы дæргъы ацы æфтуанæй пайда кæнынц ирон литературæуарзджытæ, хъусынц æм алы кары адæм дæр. Æфтуанæй байхъусæн ис аргъæуттæм, æмдзæвгæтæм, радзырдтæ æмæ ирон фысджыты æндæр уацмыстæм. Æхсар куыд радзырдта, афтæмæй æфтуантыл куыст цæуы æппынæдзухæй, хаст сæм цæуынц ногдзинæдтæ, ивынц куыд сæ функцитæ, афтæ æрмæ-джытæ дæр. «Ныртæккæ мах кусæм хистæркъласонтæ æмæ студенттæн хъæуæг æрæмæджытæ æфтуантæм бахæссыныл. Сарæзтам ног æрмæджыты аудиофыстыты æмбырдгæндтæ, бахастам æрмæджыты тексттимæ æнцондæр кусыны уавæртæ дæр. Ныртæккæ, Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл федералон агентады æххуысæй куыст цæуы проект «Чиныгкæ-сынмæ мобилон фæндаг»-ыл. Проекты нысан у Ирыстоны фæсивæды цымыдис ирон чингуытæм раздахын. Æфтуан «Ирон чиныг»-ы аудиоæрмæджытæ ахъаз сты рæзгæ фæлтæры национ æргъадтимæ зонгæ кæнынæн, патриотикон хъомылад сын дæттын, æмæ сын мадæлон æвзагмæ уарзон ахаст сæ миддунейы райтынг кæнынæн». Æхсар ма куыд загъта, афтæмæй æфтуантæм стыр цымыдис æвдисынц фæсивæд. «Кæд нырма фæсивæдæй бирæтæ зонгæ не сты æфтуантимæ, уæддæр бирæтæ æххæстбæрцæй пайда кæнынц ау-диоæрмæджытæй. Æфтуанты руаджы ис куыд æрмæджытимæ зонгæ кæнынæн, афтæ ма дзырдуатæй пайдагæнæн дæр, ирон æвзаджы æнæзонгæ дзырдтæн сæ нысаниуæг бамбарынæн».

Ныртæккæ æфтуанæй пайдагæнджыты нымæц у  27 000 мæ æввахс, уыцы нымæц фылдæрæй фылдæр кæны æмæ йын ис бирæ æвæрццаг аргъгæнджытæ. Æф-туаны æрмæджытæ фыст цæуынц куыд ирон æвзагыл, афтæ дыгуронау дæр. Аудиочингуытæ фыст цæуынц Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театр æмæ Дыгуры драмон театры артистты зæлынадæй. Проект реализаци кæнынæн сын æххуыс кæны Цæгат Ирыстоны ахуырады фадыджы квалификаци бæрзонддæргæнæн институт. Инс-титуты специалитсттимæ иумæ Yutub- каналыл регуляронæй уагъд цæуынц, студенттæ æмæ æндæр цымыдисгæнджытæн сæ зонындзинæдтæ проект «Ирон чиныг»-ы фæлгæтты бæрзонддæргæнæн вебинартæ. «Ахæм амонæн вебинартæ уал ныридæгæн уагъд æрцыд æртæ, дарддæр дæр фæнд кæнæм ацы фæдыздæхты бакусын. Уымæн æмæ уыдон стыр ахъаз сты проекты аудитори райтынг кæнынæн. Афтæ ма дарддæр кусæм аудиочингуыты нымæц фылдæр кæныныл æмæ, цæмæй проект уа æнцондæр æмæ ахадгæдæр, уыдæттыл», – загъта Гæбæрайы фырт.

Ныртæккæ проект «Ирон чиныг»- ы фæлгæтты хаст сты  Нарты кадджытæ, Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр»-æй ист æмдзæв-гæтæ, Илас Æрнигоны, Мамсыраты Дæбейы, Коцойты Арсены, Гæдиаты Секъайы æмæ æндæр фысджыты уацмыстæ. Интернеты фæлгæтты аудиоæрмæджытæ фæсивæды размæ мобилон хуызы рахæссынæй дарддæр ма проекты фæлгæтты уагъд цæуынц куыд рæвдауæндæтты сабитимæ, афтæ студенттимæ æмæ проекты куыст-мæ цымыдисгæнджытимæ алыгъуызон реалон фембæлдтытæ. Æп-пæт уыдæтты тыххæй лæмбы-нæгдæр базонæн ис Instagram-ы  iron_chinyg- ы сайтыл.

Æхсар райгуырд æмæ схъомыл ис Цæгат Ирыстоны, уым райста уæлдæр ахуырад дæр, фæлæ йæ зæрдæйы арфы стыр уарзондзинад æвæрд ис Хуссар Ирыстоны йæ фыдæлты райгуырæн хъæу Куатетримæ. «Мæ фыд Гæбæраты Ясоны фырт Феликс йæ хистæр æфсымæр Никъалаимæ схъомыл сты Куатетрийы хъæуы. Ам арвыстой сæ царды рæсугъддæр бонтæ æмæ йыл никуы сивтой сæ зæрдæтæ. Æз-иу мæ сабибонты улæф-тыты æрцыдтæн ардæм æмæ мын уымæ гæсгæ баззад æхцон æнкъарæнтæ, райгуырæн къуыммæ уарзон ахаст. Мæ куыстыты дæр бахастон, куыд цæгаты, афтæ хуссар Ирыстоны тыххæй æрмæджытæ дæр. Уымæн æмæ мæнмæ раст никуы каст Ирыстон дыууæ хайыл дих кæнын».

Хуыгаты Миленæ, газет «Хурзӕрин»

Наверх