Ацы уникалон цыртдзæвæн ис Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Къобеты хъæуы сæрмæ. Ацы алæмæты бынат кæдæйнырмæ фидауын кæны, уый бæрæг-бæлвырд нæу, бæлвырд у æрмæстдæр уый, ацы дзуар йæ арæзтмæ гæсгæ кæй хауы византиаг дзуæртты къордмæ

Уацамонгæ

Ацы бынаты кæд æвæрд æрцыд, уый тыххæй та ис алыгъуызон хъуыдытæ. Иутæ зæгъынц, зæгъгæ, æвæрд æрцыд 11 æнусы, иннæтæ та — 15-16 æнусты. Ис, афтæ чи нымайы, дзуар иуæндæсæм æнусæй бирæ раздæр æвæрд æрцыд, зæгъгæ, ахæм ахуыргæндтæ дæр. Рагон легендæмæ гæсгæ кæддæр ацы бынаты уыд моладзандон. Чи дзы службæ кодта, уыдоны æддагон знæгты ныббырстæй хи бахъахъхъæныны охыл бахъуыд лидзыны сæр. Цыдæриддæр сæм уыд, уыдон иууылдæр быныгæдтой зæххы бын æмæ цæмæй моладзандоны бынат рохуаты ма баззадаид, уый тыххæй дзы сæвæрдтой ацы дурын цырт.

Уацамонгæ

Чи йæ зоны, æцæгæй афтæ уыдаид, уый, фæлæ йæм фæцахуыр сты хæзна-агурджытæ. Йæ бын ын скъахтой цалдæр хатты. Уый дæр ничи зоны, исты хæзнатæ дзы ссардтой æви нæ, фæлæ дурцыртæн йæ бын цалдæр хатты къахт кæй баййæфта, уый фæстиуæгæн иуварс акъул, тас ын уыд бынтон афæлдæ­хынæй. Цалдæр азы размæ йæ бынæттон цæрджытæ сæй-йæфтой бынтон кæуинаг уавæры. Дзуар цавæрдæр фыд-гæнджытæ скъахтой, æв-æццæгæн сын къахгæ-къахын асаст æмæ йæ ныууагътой, нал æй аластой. Уый дæр бæрæг нæу, кæй сын асаст, уый тыххæй йæ нал аластой æви искæмæй фæ­тарс-тысты… Ис, афтæ чи зæгъы, ахæмтæ дæр, цыма йæ давынмæ нæ хъавыдысты фæлæ — сраст кæнынмæ æмæ йыл уæзласæн машинæ бабастой, фæлæ йыл машинæ куы ранцад, уæд рæбыныл асаст. Æцæгæй куыд уыд, уый Хуыцауы йедтæмæ ничи зоны. Цырты бынæттон цæр­джы­тæ фæстæмæ сæвæр­дтой йæ бынаты, фæлæ йæ раздæры уагыл нал у, бæрæг фæцыбырдæр æмæ фесæфт куыд йæ нысаниуæг, афтæ йæ фидыц дæр.

Мыкалгабыртæ

Хуыцау Батрадзыл кæй æрæппæрста, уыцы æртæ цæссыгæй сæ иуы бынаты равзæрд Мыкалгабырты кувæндон. Уæларвон тыхты фæндонæй ацы кувæндонæн нысан æрцыд дзуары лæг, кæцы йæ бинонтимæ цард кувæндонмæ хæстæг хæхты æмæ-иу дзуармæ куывды чи æрбацыд, уыдоны бафæдзæхста Мыкалгабыртыл. Кувæндоны уыд уæлейæ исгæ, бынæй ахадгæ бæгæныфыцæн æрхуы аг, кæцы алы хатт дæр йедзаг уыд бæгæныйæ æмæ  уыцы бæгæныйæ куывтой Мыкалгабыртæн. Иу хатт куы уыд, уæд дзуары лæг йæ усы рарвыста бæгæнымæ. Ус кувæндонмæ æрцыд æмæ хорзау нал фæцис — аг разынд афтид. Сылгоймаг фæфæдис хæдзармæ æмæ йæ мойæн радзырдта хабар. Дзуары лæг бамбæрста, йæ бинонтæ цыдæр рæдыд кæй æруагътой æмæ сын Хуыцау кæй раафтид кодта йæ лæвар бæгæныйы аг. Фæсидт йæ фырттæм æмæ сæ карзæй æрдомдта, цæмæй басæттой, цы æнæмбæлон хъуыддаг сарæзтой, ууыл. Дзуары лæджы фырттæ басастысты, сыхаг хъæуæй гал кæй радавтой, ууыл. Дзуары лæг смæсты æмæ йæ фыртты хæдзарæй фæсырдта, фæлæ йæхицæн дæр нал радта, дзуары лæг ма уа, уый бар, Уæларвон тыхты æууæнк кæй фесæфта, уый тыххæй. Сыстад æд бинонтæ æмæ йæ сæр фесæфта уыцы бынатæй. Фæлæ уæдæй фæстæмæ Мыкалгабыр баззад, фæуæн кæмæн нæй, ахæм амонд æмæ бæркады символæй — уæлейæ исгæ, бынæй ахадгæ.

Къостайы хабæрттæй

Лабæйы хъæуы цардис паддзахы индзылер. Уый бавдæлд æмæ сæхгæдта Лабæмæ бацæуæн хид, нал ыл уагъта цæуын æнæ бафидгæйæ. Мæгуыр адæмы дæр ма цы бон уыд æмæ дæрдтыл зилын райдыдтой, куыд фистæгæй цæугæйæ, афтæ уæрдæттыл дæр. Ацы хабарæн Къоста ницыма зыдта. Иу бон куы уыд, уæд ын æй ныхасы бадгæйæ рахъаст кодтой. Уыцы рæстæджы паддзахы индзылер уынджы рацæйцыд. Къоста сыстад, йæ размæ бацыд æмæ йын афтæ зæгъы:

— Ды дæ æрмæстдæр паддзахы счъилхафæг! Ды ницы зоныс мæгуыр адæмы царды уавæртæн. Изæрмæ хид куы-нæ суæгъд кæнай, уæд дын мæнæ мæ лæдзæгæй дæ бæрзæй фæнæмдзынæн!

Уыцы ныхæстæ фехъус­гæйæ индзылер йæ бæх фæзылдта хиды ‘рдæм æмæ хъахъхъæнджытæн бардзырд радта, цæмæй йæ ссæрибар кæной.

Къоста йæ иу фыстæджы Хоранты Созырыхъомæ фыста: «Бауадз уал мæ, нырма фырытимæ хæцын, стæй далыстæм куы ацæуон, уæд та фендзыстæм!»

Къоста алкæй дæр ра-зæнгард кодта ахуыры хъуыддагмæ. Алкæмæн дæр-иу йæ ныхас уыд:

— Хъæздыгмæ макуы ба­бæл, фæлæ — ахуырмæ, зонд райсынмæ! Сæдæ æмæ мин хъæздыгæй иу ахуыргонд хуыз­дæр у!

Ирон арфæтæ

*Дæ цоты хурæй бафсæд

*Донычызджыты хорзæх дæ уæд

*Кæй райсом у, уый дын райсомы арфæ ракæнæд

*Дæ къухтæ фæрнæй фæдар

*Зæдтæ æмæ дæ дауджыты хорзæх уæд

*Уастырджи дæ йæ рахис къабазы бын бакæнæд

*Сыгъдæг Мады Майрæм дæ хъахъхъæнæг фæуæд

*Фæрнджын, амондджынæй — дæ цард

*Быдыры, хохы дзуæрттæ дын ахъаз кæнæнт

*Дзæбæхæй-иу æгас хæдзар ссар

*Дзагармæй-иу раздæх

*Дæ минас — мин азы

*Дæ раттæг зæдты сæр фæбадæд

*Уæ ус тыр ныййарæд

*Саг амар

*Уæ хъуыддæгтæ хайыр уæнт

*Хистæр-зондджын, кæстæр — амондджынæй фæцæрут

*Амондджын бон базонгæ ут

Хъæлдзæг хабæрттæ

ФÆНДАГАМОНÆГ ДЗЫБЫРТÆ

Кæддæр Медзыдагомы иу хъæуы цæрджытæ сфæнд кодтой сæ уæййæгтæ Калакмæ ахæссын. Иу райсом раджы сæ хурдзинтæ байдзаг кодтой алыгъуызон базайрæгтæй æмæ араст сты сæ дард балцы. Калак кæм уыд, уый сæ бæстон-бæлвырд ничи зыдта æмæ цыдысты фæрсгæ-фæрсгæ.

Иу быдыры сыл æризæр, æхсæвæр бакодтой æмæ загътой, зæгъгæ, цæй, ардыгæй райсоммæ фынæй дæр акæнæм.

— Фынæй хорз у, фæлæ ма райсом куыд базондзыстæм, чердæм цæугæ нын у, уый?..- бæлцæттæй бакатай кодта сæ иу.

— Цæй, нæ дзабыртæ раласæм æмæ сæ фындзтæ дæлæмæ, Калачы ‘рдæм куыд уой, афтæ сæ сæвæрæм, — загъта æндæр бæлццон.

Афтæ дæр бакодтой. Семæ иу æвзонг лæппу уыд, кæцы тынг бафæллад æмæ йæ нал фæндыд Калакмæ цæуын. Æхсæвы иууылдæр куы бафынæй сты, уæд лæппу сыстад æмæ дзабырты иннæрдæм зылдæй сæвæрдта. Райсом куы райхъал сты, уæд скодтой сæ дзабыртæ æмæ адарддæр кодтой сæ фæндаг, фæлæ изæрмæ фæстæмæ сæ хъæумæ æрбахæццæ сты…

Газет «Хурзæрин»

Наверх