Цæголты Георгийы райгуырдыл сæххæст 150 азы

Поэт, прозаик, публицист æмæ йæ адæмы æнувыд æмæ иузæрдион хъæбул Цæголты Георги райгуырд 1871 азы Цæгат Ирыстоны Чырыстонхъæуы, абоны Дигорайы горæты. Уæды рæстæджы, бирæ æндæр бинонты цардуагон уавæртæм абаргæйæ, Георгийы бинонты цардуагон уавæртæ уыдысты хуыздæр. Бинонтæ нæ уыдысты нæдæр — хойраг æмæ нæдæр — дарæсцух. Æххуыс уыдысты æххуысхъуаг хиуæттæ, сыхæгтæ æмæ сæ хорз зонгæтæн дæр.

Георги цалынмæ Мæздæджы динон ахуыргæнæндонмæ нæ бацыд, уæдмæ дæр кæсын æмæ фыссынмæ рæвдз уыд, уыдон-мæ йын стыр æвзыгъддзинад æмæ тырнындзинæдтæ уыд. Загъдгонд ахуыргæнæндон фæуыны фæстæ Георги ахуыр кæнынмæ бацыд Стъараполы динон семинармæ. Ахуырмæ рæвдз кæй уыд, алкæмæ дæр ын хорз ахаст кæй уыдис, уый тыххæй дзы йæ ахуыргæнджытæ уыдысты райгонд, буц æмæ сæрыстыр. О, фæлæ Георги каст, уæд кæсыны бар цы чин-гуытæн нæ уыд, ахæм чингуытæ дæр. Уый семинары разамынад æмæ ахуыргæнджытæн фехъусын кодтой, æрвылбон дæр Георги кæимæ уыд, æппынæдзух йæ алыварс чи уыд, уыдонæй чидæртæ. Йæ ахуыргæнджытæ нал дæр йæ хæрзæгъдауы миниуджытæм бакастысты, нал дæр, ахуырмæ йе ‘мбæлттæй рæвдздæр кæй уыд, уымæ, æмæ ацух æрцыдис семинарæй. Æрцыд Дзæуджыхъæумæ æмæ хицæн бынæтты æххæст кодта алыгъуызон куыстытæ. Кæд йæхæдæг цух ницæмæй уыд, уæддæр йæ зæрдæ нæ рухс кодта, æрвылбон дæр кæй уыдта, æппынæдзух йæ алыварс чи уыд, уыцы адæмы цардуагон уавæртæй. Георги куыд стыр кодта, афтæ хæрам цæстæй кæсын райдыдта æлдæрттæм, йæ адæмы цардуагон уавæртыл ын фидар чи ныххæцыд, сæ тугвæллойæ йæхи сæрмагонд цард чи арæзта, уыдонмæ. Æвзонг æмæ æвæлтæрд лæппу иуæй сæ ныхмæ сдзурын рæстмæ нæ уæндыд, иннæмæй та тарст, сæ ахаст мæгуыр адæммæ ноджыдæр куы фæкарз кæной, уымæй. Фæлæ уыцы хъуыдытыл ахæцыд иуварс, йæ дыстæ басчъил кодта, райста фыссæн сис æмæ райдыдта йæ мæгуыр æмæ тыхст адæмы сæрыл тох кæнын.

Йе ‘мдзæвгæ «Фæндырдзæгъдæг Хъуыдайнат»-ы йæ адæмы мæгуырау уавæрты тыххæй иу ран афтæ зæгъы:

Кæнынц сæ бæллицтæ æвзалы,

Сæ хъизæмæрттæн нæй быхсæн, —

Нæ федтой рухс амонды стъалы,

Уæларвон стъалыты ‘хсæн.

Ацы рæнхъытæй дæр бæрæг у, Георгийыл йæ адæмы цард тынг кæй æндæвта, уый. Афтæ куы нæ уыдаид, йæ адæмы уавæртæ йæ куы нæ æндæвтаиккой, куы нæ уарзтаид йæ адæмы, уæд дзы ахæм рæнхъытæ кæм рантыстаид? Георги ацы æмдзæвгæ æрмæст йæ адæмы тыхст уавæр равдисыны тыххæй нæ ныффыста, фæлæ ма сын æмбарын кодта уый дæр, зæгъгæ, цæмæй уæззау уаргъæй ссæрибар уæм, уый тыххæй æрмæст быхсын фаг нæу. Сæ ныхмæ хъæуы фидар фæлæууын, тох кæнын æмæ йе ‘мдзæвгæйы дарддæр фыссы.

Мæ риуы маст ныццæнд, ныффидар,

Цæттæ æз маст исынмæ дæн,-

Нæ тохæй балхæнæм сæрибар,

Æмæ нæм аргъ цæуа лæгæн.

Цас фылдæр рæстæг цыд, уыйбæрц Георгийæн фылдæр кодтой йæ тыхст адæмæн баххуыс кæныны хъуыдытæ. Рох дзы нæ уыдысты, йæ адæмы сæрыл сдзурынмæ зивæг чи кодта, уыдон дæр. Æппынæдзух сæм сидт, цæмæй ныфсджындæрæй дзурой дзуринаг фарстатыл.

Зæгъ, Гуго, дæ сæр цы ‘руагътай,

Гасæй сагъæссаг, æнкъард?

Иу дзырд дæр нæма нæ загътай

Æмæ не хъуысы дæ зард.

Георги кæд æлдæртты ныхмæ райдыдта уæндонæй фыссын, бирæ кæмæндæрты бамбарын кодта, уыдон æрмæст сæхи цардыл кæй хъуыды кæнынц, бирæ кæйдæрты сын скодта сæ ныхмæ, уæддæр цагъайрæгтæн сæ дуг фæуыдзæнис, уый сæ нæ уырныдта. Цæмæй адæм ноджыдæр суой сæ ныхмæ, уый тыххæй сын Георги арæх æвдыста сæ «бухъхъ» цардæй ист хъуыдытæ.

Ис мын стыр æмбæхст чырынтæ,

Ис дзы ссæдз минæй фылдæр.

Иууылдæр – зæрин, сыгъзæрин,

Калынц тары дæр цæхæр.

Цæмæй адæм хуыздæр банкъарой, æлдарад сын сæ цард кæй нымæг кæны, размæ цæуын сæ кæй нæ уадзы, сæхæдæг та сæхи уæларвон тыхтимæ барын кæй райдыдтой, уый тыххæй Георги арæх пайда кодта алыгъуызон хъуыдытæй.

Мæн куы бафæнда – æвиппайд

Сниудзæн, схъæрздзæнис нæ хъæу.

Георгийы цард æмæ сфæлдыстадимæ зонгæ чи у, уыдонæй алчи дæр æнцонæй рахатдзæнис, Къостаимæ зонгæ кæй уыдысты, æмæ йæ йæ адæмы сæрыл сдзурынмæ Къостайы ахастытæ кæй сразæнгард кодтой, уый. Георги Къостайæ стыр ныфс æвæрдта, уый йе сфæлдыстады зыны бирæ бынæтты. Ноджы тынгдæр та, Къоста куы фæхъуыд, уæд разынд. Уæлдайдæр та, йæ ингæны уæлхъус цы æмдзæвгæ бакаст, уым:

Куыд тынг фæндыдис дæу, цæмæй зынг хур ыскæса

Дæ райгуырæн бæстыл, цæмæй фæлидза тар;

Цæмæй цагъайраджы уæззау æфсондз ныссæтта.

Цæмæй фæхæсса уад нæ фыдмæстытæ дард.

Уыцы æмдзæвгæйы ма ирдæй разындысты Георгийы æнкъарæнтæ Къостамæ:

Хæрзбон, нæхи Къоста…

Мах ард хæрæм дæ номæй:

Нæ бæстæ уарздзыстæм.

Уыдзыстæм ын хæстхъом.

Георги йе ‘мдзæвгæ «Ирыстон»-ы ныффыста йæ мæлæт-мæ æввахс. Æмдзæвгæ дзурæг у ууыл, æмæ Георги цалынмæ цард, уæдмæ дзы иу уысм дæр йæ адæм æмæ сæ уавæртæ рох кæй нæ уыдысты:

Æзнон дæр ма арв йæ хæрам калдта,

Æнцадысты ныл сау мигътæ уæззау,

Æмæ нæ цард ингæнау талынг дардта,

Нæ зæрдæ дзы ныггæлиртæ, ныссау.

Георгийæн æлдæртты ныхмæ йæхи æмæ йæ адæмы тох æнæхъуаджы кæй нæ фæцис, алцæмæй дæр сæрыстырæй кæй баззад, уый та ацы æмдзæвгæйы равдыста:

Фæлæ æваст тых уад фæзынди,

Йæ цæфæй гас дуне ныррызт,

Æмæ ныппырх ысты нæ зынтæ,

Фыдфынау айсæфти нæ рыст.

Гæззаты Иван, газет «Хурзæрин»

Наверх