Плиты Гацыры ном хъуыстгонд у дыууæ Ирыл дæр. Ирон æвзаг, æгъдау, фарн, намыс кæй туджы сты, уыдонæй иу у Гацыр. Мæнæн мæ бон у æмæ йæ рахонон, канд хъомылгæнæг æмæ зонадон кусæг нæ, фæлæ ма литературон зиууон дæр.

Йæ чингуытæй, йæ зонадон уацтæй, бæлвырдæй зыны иу хъуыддаг — æнувыдæй кусы ирон литературон зиууæтты сфæлдыстадыл, национ литературæйы ахсджиаг фарстытыл, не ‘гъдæуттæ æмæ не ‘взаджы фарныл.

Гацыр царды рацыд гуыргъахъ фæндагыл. Федта æмæ бавзæрста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы æххормагдзинæдтæ, Гуырдзыстоны ног геноцид, Хуссар Ир лæджы фыдхор сыхæгты къухæй цæмæ æрцыд, уыдæттæ.

Абон егъау у Гацыры цин. Федта Хуссар Ирыстон хæдбар, сæрибар паддзахад кæй ссис, уый. Цы адæм, цы хъæутæ, цы районтæ æмæ горæттæ баззадысты, уыдон рæзынц, хуыздæрæрдæм сæ хуыз ивынц, рæсугъд кæнынц. Хъæутæм аразынц фæндæгтæ, уадзынц сæм дон, рухс æмæ нæ сомбонмæ кæсæм ныфсджынæй, уæндонæй. Уæрæсе æмæ æндæр бæстæтимæ  нæ хорз ахастытыл чи цин кæны, уыдонæй иу у Плиты Гацыр. Йæ егъау хъомыладон æмæ зонадон куысты æмрæнхъ бирæ фарстытыл у йæ сагъæс. Бирæ кусы йе ‘взаджы абон æмæ сомбоныл, нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттыл. Ацы ахсджиаг фарстытыл ныхас куы фæцæуы, уæд Гацыры ныхас вæййы гъæдджын, нуарджын, цæсты ахадгæ. Гацыры лæгдзинадыл дзурæг ма у иу хъуыддаг: фыййауы лæдзæгæй райдыдта æмæ схызт профессоры къæлæтджыны уонг.

Гацыры ныхас кæддæриддæр вæййы: Бæгъиаты рагъæй Захъхъайы æфцæгмæ мæ къæхты фæд алы ран дæр ис. Кæд йæ уарзон хъæбул Ацæмæз, Дзæуджыхъæуы парламенты депутат, юстицийы инæлар-майор, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы разамонæджы сæйраг уынаффæгæнæг, Хъобаны хæхты, Хъолайы цъититы амæттаг бацис, уæддæр Гацыр хæхтыл йæ къух нæ исы. Уымæн æмæ Гацыр се ‘хсæн райгуырд 1935 азы августы мæйы Рукъы хъæуы. Уым арвыста йæ сабион бонтæ, уым фæцис каст астæуккаг скъола дæр. Гацыр арæх æрымысы йæ директортæ æмæ ахуыргæнджыты: Плиты Лавер, Валодия, Хаджумар, Дзеранты Федыр,  Джиоты Георги, Коцты Яков, Табуты Раисæ, Багаты Самсон, Хъуылаты Габриел, Къозонты Махарбег, Санахъоты Марго æмæ æндæрты.

Гацыр Рукъы скъолайы фæцахуыр кодта 1942 азæй 1953 азмæ. Йæ ныййарджытæ Плиты Гæбила æмæ Саулохты Гыгы уыдысты колхозонтæ. Сæ цот бирæ уыдысты — фондз чызджы æмæ æртæ лæппуйы. Абон се’ппæт дæр сты æнæниз æмæ сæрæгас, кусынц алы æмæ алыгъуызон бынæтты Хуссары æмæ Цæгат Ирыстоны. Хæдзары уæз фыд Гæбила хаста, йæхиимæ дæс адæймаджы хæххон уавæрты, Рукъы дзыхъхъы, фæдарын зын уыд. Кодта фосдарды куыст, сæрд æфцджытыл уыд, зымæг та — Хъызлары.

Гал кæмæн нæ вæййы, уый уæныджы дæр афтиндзы, зæгъы ирон æмбисонд. Къаннæг лæппуйæ бавнæлдта Гацыр хохаг хæдзарон куыстытæм. Цард хæхбæсты кæд уыд уæззау, уæддæр Гæбила æмæ Саулохон сæ зæнæгæн лæвæдтой фæндаг ахуырмæ. Зæнæджы хистæртæ Ирæ æмæ Гацыр каст фесты Ручъы астæуккаг скъола, иннæтæ та — Цæгат Ирыстоны горæтгæрон районы Дæллаг Комгæроны астæуккаг скъола.

Хъуыддаг уый мидæг уыд, æмæ бинонтæ цардхъуаг кæнын куы байдыдтой, уæд Гæбила 1952 азы алыгъд Комгæронмæ. Колхоз уæд нымад цыд миллионер колхозыл. Гæбила æмæ Саулохон уæхскуæзæй бавнæлдтой куыстмæ. Куысты фæллад нæ зыдтой æмæ бинонты цард цыбыр æм-гъуыдмæ сфидар. Сæ зæнæг иууылдæр райстой уæлдæр æмæ астæуккаг техникон ахуырдзинад.

Гæбила æмæ Саулохон сæ зæнæг æмæ зæнæджы зæнæджы ныууагътой нæргæ хæдзæртты. Сæ иунæг хæдзар бацис фараст хæдзары. Æнæмаст хæдзарвæндаг, фæлæ цард мæнгард у, æрцыд сыл зиæнттæ дæр. Чи цæры уыдон, Табу хуыцауæн сæ царды кой кæнынц.

Ныхас сæйраджы дæр Гацырыл кæй цæуы, уый тыххæй нæ ныхас дарддæр кæндзыстæм ууыл. Ноджы ма йæ зæгъон, Гацыр фыййауы лæдзæгæй схызт профессормæ æмæ абоны бон дæр кусы Тыбылты А. номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты ирон литературæйы историйы кафедрæйы сæргълæууæгæй. 1955 азы Гацыр ссис уæлдæр загъдгонд ахуыргæнæндоны студент. Уæд студенттæ ахуыргæнæггаг фыстой æхца. Уыцы уавæр ивд æрцыдис 1956 азы. Æвæрæз Гацыр дæр бацин кодта æмæ бузныджы нысанæн ныффыста уац кæцы мыхуырæй рацыдис нæ газеты.

Гацыр студентон азты цард йæ фыды æфсымæрмæ, йæ уавæртæй нæ хъаст кодта, фæлæ æппынæдзух архайдта йæхи тыхтæ æмæ фæрæзтæй цæрыныл. Кæд лекциты фæстæ кодта алыгъуызон куыстытæ, уæддæр фылдæр æмæ стырдæр хъусдард здæхта йæ ахуырмæ. Фыццæгæм къурсæй фæстæмæ Гацыр аныгъуылд ахуыр æмæ сфæлдыстадон куысты. Уайтагъд ссис ирон æвзаг æмæ литературæйы зонадон кружокы уæнг. Фыццæгæм къурсæй фæндзæмы онг цал æмæ цал зонадон доклад сарæзта факультеты студентты раз. Кафедрæйæн уæд арæхстджынæй разамынд кодтой дзæнæтыбадинаг Бекъойты Димитр. Гацыр кæддæриддæр æрымысы Димитры, Мамиты Гигайы, Медойты Боболкъайы.

Студентæй Гацыр активон хайад иста куыд нæхи институты конференциты, афтæ Цæгат Ирыстоны Къостайы номыл æмæ Налцыччы паддзахадон университеты студентты зонадон конференциты. Уыцы азты нæ колхозты æмæ совхозты куыст фыцæгау кодта. Не студенттæ колхозонтæн цæстуарзон æххуыс кодтой рувæнты æмæ фæззæг тыллæг æфснайыны рæстæджыты. Цыран Гацыр æрвыл хатт дæр йæхи æвдыста активондæрæй.

Уæдмæ ныхъæр нæузæххонтæн сæ кой. Гацыр дыууæазы бархийæ ацыд Казахстанмæ тыллæг æфснайынмæ. Уыд ын бригадæ æмæ куыстмæ сæ хорз ахасты фæрцы сыл æндæртæ æмæ разамынд рывæрдтой сæ цæст. Гацыр уæд хорзæхджын æрцыд Казахстаны æмæ Хуссар Ирыстоны фæскомцæдисы комитеты кады грамотæтæй.

Кафедрæ, доценттæ Бекъойты Димитр æмæ Мамиты Гига фидарæй аскъуыддзаг кодтой, цæмæй Гацыр баззайа кафедрæйы æмæ райдайа лекцитæ кæсын ирон литературæйы историйæ. Фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауад.

«-Уыцы рæстæджы æхгæд æрцыд Цхинвалы педагогон техникум. Йæ кусджытæй сæ иу Нига (Галуанты Нинæ) зад æгуыст æмæ уал уый айстой кусынмæ. Мæнæн та фидарæй радтой дзырд иу азы фæстæ мæ кæй райсдзысты кафедрæмæ».

Гацыр уæд бархийæ ацыд Карелы районмæ æмæ ахуыргæнæгæй кусын райдыдта ирон хъæу Имерхеуы скъолайы. Хъæуы цæрджытæ райгондæй сæмбæлдысты Гацырыл. Цардис дзы Плитæй, Цыбыртæй, Чилæхсатæй, Абайтæй. Гацыр уæд æнгом бастдзинæдтæ сарæзта иннæ ирон хъæутæ Летет, Æхсынцъыджын, Згъудер, Гуердзнеты скъолатимæ. Гацыр арæх æмбæлд адæмимæ, дзырдта сын мадæлон æвзаджы, не гъдæутты, Мамсыраты Темырболат, Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа æмæ æндæр фысджыты тыххæй. Гацыр уæд дис кодта хъæуты цæрджытæ бадтыты рæстæджы Темырболаты æмдзæвгæтæ кæй зарыдысты, ууыл.

Институты разамынд æмæ кафедрæйы сæргълæуджытæ сæххæст кодтой сæ дзырд. Гацыры кусынмæ райстой 1961 азы фыццæгæм июлæй. Уæдæй абонмæ кусы уым. Лекцитæ кæсы ирон литературæйы истори, ирон адæмы дзыхæй-дзургæ сфæлдыстад, аив кæсын æмæ аив дзурынæй, литературæйы теорийæ, сывæллæтты литературæйы историйæ, литературæйы зонадмæ бацæуыны тыххæй.

Фыццаг бонæй фæстæмæ бавнæлдта дарддæр йæ ахуыры хъуыддаг, зонад-иртасæн куыстмæ. Фæсаууонмæ æнтыстджынæй каст фæцис Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæн институты, анспирантурæ ирон литературæйы истори иртасджытæ Ардасенты Хадзыбатыр æмæ Хæдæрцаты Азайы разамындæй.

Уæдмæ Гацыры ном рарттывта журнал «Фидиуæг» æмæ «Мах дуг»-ы, газеттæ «Советон Ирыстон» (абоны «Хурзæрин») «Рæстдзинад»-ы фæрстæй.

1973 азы æнтысджынæй йæ диссертацион куыст бахъахъхъæдта Тбилисы Руставелийы номыл институты ахæм темæйыл: «Туаты Дауыты драматурги». Егъау аргъ скодтой Гацыры куыстæн æмæ йын лæвæрд æрцыдис филологон зонæдты кандидаты ном. Фæстæдæр Гацыр райста нырма доценты, стæй та профессоры ном.

Университеты Гацыр фæкуыста бирæ бæрнон бынæтты. Разамынд кодта ирон æвзаг æмæ ирон литературæйы кафедрæйæн, уыдис ирон филологи æмæ райдиан ахуыры педагогикæ æмæ методикæйы факультеты декан, зонадон куысты проректорæй. Ныртæккæ та у ирон литературæйы историйы кафедрæйы сæргълæууæг.

Плиты Гацыр 59 азы кæны куыд ахуыр-хъомыладон куыст, афтæ сфæлдыстадон куыст дæр. Ирон фысджытæй кæй кой нæ ракодта, йæ хъуыдытæ сæ кæй тыххæй нæ загъта, ахæмтæ дзы стæм разындзæнис. Йæ зонадон куыстыты нымæц хæццæ кæны 300 онг.

Плийы фырт студенттæн бацæттæ кодта æмæ мыхуырæй рауагъта ахæм ахуыргæнæн чингуытæ: «Ирон сывæллæтты литературæ» æмæ «20 æнусы ирон литературæйы истори»

Гацырæн хорз бастдзинæдтæ ис нæ театры истори æмæ артисттимæ. Дзæвгар сты йæ куыстытæ актерты цард, удыхъæд, сæ дæсныйад æмæ сæ егъау хайбавæрдыл ныхас кæм цæуы, уыцы статьяты. Цымыдисон уацтæ ныффыста артисттæ Дзаттиаты Сонна, Таугазты Гаврил, Цоциты Къæдзæх, Хетæгкаты Владимир, Гæбæраты Дауыт, Цæбиты Нинæ, Гаглойты Зинæ æмæ æндæртыл. Фыст сыл æрцыдис чиныг дæр. Автор æй рахуыдта «Ирвæдæны зиууæттæ». Гацыр йæхæдæг дæр у театры литературон хайады хистæр.

Гацырæй рох не сты скъолайы кары агъоммæйы сывæллæттæ дæр. Сарæзта уыдонæн дæр чиныг: «Ирон литературæйы хрестомати скъолайы кары агъоммæйы сывæллæттæн». Ахуыргонд Плиты Муссæимæ ма Гацыр бацæдтæ кодтой æмæ рауагътой ахуыргæнæн чиныг æстæм къласæн.

Университеты кусгæйæ Гацыр æххæст кæны æхсæнадон куыстытæ дæр. Къорд азты у журнал «Фидиуæг»-ы редколлегийы уæнг.

Гацыр арæх хуынд æрцæуы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты зонадон конференцитæм, юбилеон бонтæм, аспирантурæйы диссертацитæ хъахъхъæдгонд куы фæцæуынц, уæд феххæст кæны оппоненты хæстæ дæр.

Гацыры лæггæдтæ рох никуы уыдысты нæ республикæйы разамонджытæй. 1998 азы Гацырæн лæвæрд æрцыдис «Республикæ Хуссар Ирыстоны Зонадон сгуыхт  архайæджы» кадджын ном. 2004 азы та Гацыр хорзæхджын æрцыдис «Хæлардзинады орден»-æй. 2013 азы Гацыр хорзæхджын æрцыдис майдан «Ирыстоны намыс»-æй. 216 азы та ссис Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат. 2017 азы та  йын лæвæрд æрцыдис «Кады нысан»-ы орден.

Гацыр сæрыстыр у йæ 85 азы 60 азы кæй схæлар кодта ахуыр-хъомыладон æмæ зонадон куыстæн. Йæ къухæй чи рацыд, уыдон нымæц кæуылты у Цæгат æмæ Хуссар Иры скъолаты, радио, телеуынынад, газеттæ æмæ журнæлтты, Зонад-иртасæн институты, нæ театры.

Гацыр у йæ адæм æмæ Ирыстоны патриот, ирон æвзаг, ирон æгъдæуттæ чи хъахъхъæны, рыг абадын сыл чи нæ уадзы, ахæм адæймаг.

Гацыр кæд горæты цæры, уæддæр буц æмæ сæрыстыр у хохаг кæй у, хæхты хъæбысы кæй райгуырд, уымæй. Арæх фæзæгъы: «Æз райгуырдтæн хохы». Фырбуцæн ма зæгъы, зæгъгæ, Рукъ, Дзомагъ, Згъуыбир, Сыба, Хъел, æмæ Захъхъайы æфцджытыл мæ къахы фæд кæм нæй, нæй иунæг ахæм бынат.

Гацыр ис йе сфæлдыстадон кары, у уæнгрог æмæ цардхъом, куысты фæразон. Нæ цæст ын уарзы бирæ азты цæрæнбон. Гацыр дæ кæстæртæ Светланæ æмæ Аланимæ, уыдон æмæ дæ æдзард хъæбул Ацæмæзы кæстæртимæ амондджынæй цæр бирæ азты. Уыцы хорз миниуæг дын сæ цæст уарзы бирæ кæй уарзыс уыцы хиуæттæ æмæ дæ радтæг адæм.

Ир æмæ Ирыстоны хъæбул у Гацыр. Дæ фæндиаг уæт, Гацыр, Ирыстон, ды та Ирыстоны фæндиаг. Дæ ирон æгъдау, фарн, кад æмæ намыс кæронмæ Ирыстоны къуымты байтауын цы фæразай, уыйбæрц амонд дæ уæт. Дæ азтæй ма фæтæрс, сæдæмæ сæ сыскъæр. Къорд азы уырдыг лæууыс Ирыстоны раз, Иры рæзгæ фæлтæры раз, рухс фæндагыл сæ æфтауыс æмæ кус ноджыдæр семæ, макуы сæ бафæллай. Дæ Рукъ стæнæг, тагъд æй ногæй цæрдгъуызæй цы фенай, уыйбæрц амонд дæ уæт.

Ирон лæг æмæ Уастырджи дæ рахиз фарс цæуæт кæддæриддæр.

Гæззаты Иван, газет «Хурзæрин»

Наверх